Хуссарирыстойнаг фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы активисттæ æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минæвæртты делегаци хайад райста дунеон ахуырадон форум «Территория Действия»-йы куысты.

Фæсивæдон организацийы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ форумы программæ уыд хъæздыг æмæ цымыдисон. «Форум уагъд цыд 18-21 октябры æмæ йæ нысан уыд æмбæстагон-патриотон архайдыл чи кусы, уыцы фæсивæды æмæ фæсивæдон организациты æрбаиу кæнын», – банысан кодтой организацийы.

Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ активон хайад райстой тренингты, тематикон квестты, мастер-къласты, командон хъæзтыты æмæ панелон дискусситы. Ахуырадон форумы фæлгæтты «Иугонд Алани»-йы раздзог Коцты Михаилæн уыд цалдæр фембæлды, кæцыты рæстæджы къухы бафтыдысты Ирыстоны фæсивæдон поли-тикæйы рæзтмæ здæхт цалдæр иумиаг проекты среализаци кæныны тыххæй бадзырдтæ.

«Фембæлдтытæ уагъд æрцыдысты «Молодая Гвардия Единой России»-йы координацион советы сæрдар Денис Давыдовимæ, «Антимайдан»-ы æмсæрдар Антон Демидовимæ, афтæ ма Сириаг Арабаг Республикæйы минæвæрттимæ дæр», – радзырдтой пресс-службæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.