Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ æрæджы тынг къæвдауарды фæстиуæгæн донивылдтытæ зиан æрхастой республикæйы районты цалдæр фæндагæн. Æппæты тынгдæр бахъыгдард сты Дзауы æмæ Ленингоры районты фæндæгтæ. Ларгвисы хъæумæ фæндагæй къæвдайы дон ныххафта цалдæр метры. Бахъыгдард æрцыдысты Карчох, Фæсхъæу æмæ Баланы хъæуты фæндæгтæ дæр. Тыхджын къæвдаты аххосæй хъыгдард баййæфта Гром-Цъинагары фæндаг дæр. Уый фæстиуæгæн арæзтадон куыстытæм æрæв-нæлдтой æмæ сæ цалцæг кæнынц паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы специалисттæ. Ведомствойы куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ куыстытæ уагъд цыдысты фæндаджы фæндзæм километры. Ацы фадыг у уæлдай проблемондæр. Цъыфдзаст бынат кæй у, уымæ гæсгæ фæндаджы донуадзæн хæтæлтæ не сфæрæзтой доны æлхъывд æмæ къуылдымтæ ралæбырдысты.

Республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»- ы кусджытæ ныридæгæн æрæвнæлдтой фæндаджы арæзтадмæ æмæ йыл калынц хуыр. Йæ директор Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, фæндаджы арæзтад кæронмæ фæуыдзæн ацы мæйы кæронмæ.

Ныртæккæ ацы куыстуаты кусджытæ æмæ техникæ кусынц инвестпрограммæ реализаци кæныны фæлгæтты. Зæгъæм, нæ горæты дæс уынджы хæрзарæзт æрцæудзысты азы кæронмæ. Афтæ ма арæзт æрцæудзæн Ерцъо-Синагуры фæндаг дæр. Директоры ныхæстæм гæсгæ ацы фæндæгты арæзтад кусджытæн фадат ратдзæн рæстæгыл сæ куыстмызд райсынæн.

 

СÆ КУЫСТМЫЗДЫ ПРОБЛЕМÆ СКЪУЫДДЗАГ ÆРЦЫД

Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта ведомствойы ахсджиагдæр проблемæтæй сæ иу – кусджытæн сæ куыстмызд бафидын. Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, æрдæг азæй фылдæр æртæсæдæ кусæджы нæ райстой сæ куыстмызд. Фæлæ республикæйы къухдариуæгады æххуысæй уыцы проблемæ скъуыддзаг æрцыд. Куыстмызды фæдыл хæс уыд 30 милуан сомæй фылдæр. Ивгъуыд къуырийы кæрон ацы ведомствойы кусджытæ сæ куыстмызд  райстой цыппар мæйæн. «Тынг зын уыдис фадæттæ ссарын, цæмæй кусджытæн сæ куыстмызд радтаиккам. Стыр бузныг мæ фæнды нæ республикæйы президентæн, йе ‘ххуысы къух нæм кæй фæдаргъ кодта, уый тыххæй. 31 милуан сом дардтам хæс кусджытæй æмæ ныридæгæн ацы проблемæ дæр скъуыддзаг æрцыд. Цыппар мæйы мызд уал байуæрстам. Ныртæккæ дыууæ мæйæн цæттæ цæуынц документтæ æмæ æввахс рæстæджы уыдон дæр ратдзыстæм»,- банысан кодта директор.

Кусджытæ стыр бузныг зæгъынц «Дорэкспострой»-ы директор Гæбæраты Аланæн, сæ проблемæ сын кæй аскъуыддзаг кодта, уый тыххæй.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.