«Æнæ фæндæгтæй дзурæн нæй нæ республикæйы размæцыдыл, нæ экономикæйы рæзтыл. Уыцы хъуыддаг хынцынц нæ республикæйы разамынад, æмæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы фæрæзтæ рахицæн кæнынц, уыдоны руаджы арæзт æмæ цалцæг цæуынц куыд нæ горæты, афтæ районты дæр республикон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы фæндæгтæ», – дзырдта йæ хыгъдон доклады РХИ-йы Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард. Йæ раныхасы  уый  банысан  кодта  «Дорэкспострой»-ы кусджытæ 2018 азы намысджынæй кæй сæххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ кусгæ та бакодтой бирæ. Сæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдон иууылдæр æххæст æрцыдысты. Сæ дæлведомствæйон куыстуаты кондадон базæты уагъд цыдысты контролон куыстытæ. Контроль цыдис рауадзгæ продукцийы гъæдыл. Куыст цыдис фæндæгты дарын æмæ цалцæг кæныны фæдыл кондадон технологитæ хъахъхъæныныл, афтæ уагъд цыдис бакæнгæ куыстыты экспертизæ дæр, контроль ма цыдис, цы æрмæджытæ æмæ конструкцитæ истой, уыдоны гъæдыл дæр.

Раныхасгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй «Дорэкспострой»-ы æдæппæт кусы 298 адæймаджы. Коллектив у куыстхъом, ис ын æмбæлон материалон-техникон базæ æмæ сæ бон у, цахæмфæнды вазыгджын фæндагарæзтадон куыстытæ дæр бакæнын.

Республикон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» 2018 азы республикæйы среконструкци кодта, сарæзта æмæ схæрзарæзт кодта, 318 километры сæ иумæйаг дæргъ кæмæн у, уыйбæрц фæндæгтæ.

Инвестпрограммæмæ гæсгæ аивгъуыйгæ азы уыцы куыстытæн рахицæн  æрцыд 591,48 милуан сомы.

Докладгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй Гуфта-Къуайсайы фæндагæй арæзт æрцыдис 10 километры. Цхинвалы арæзтадон куыстытæ æххæст æрцыдысты Джыгкайы фырты, Коцты Грийы, Дмитровы, Нарты, Къуайсайы, Коцойы фырты, Таболы фырты, Руставелийы, Аланты æмæ Чиайы фырты уынгты. Банысангонд уынгты хæрзарæзтадæн ивгъуыд аз рахицæн æрцыд 199, 57 милуан сомы, афтæ ма арæзтадон куыстытæ æххæст цыдысты горæты æмæ районты æндæр уынгты хæрзарæзтады фæдыл: капиталон цалцæг æрцыд медико-социалон центрмæ бацæуæн фæндаг æмæ йæ алыварс территори, капиталон цалцæг æрцыд Дзауы РХИ-йы Президенты резиденцийы бæстыхæйтты комплекс, асфальт æрцыдысты Гуыбаты æфсымæрты уынджы цæрæн корпусты, РХИ-йы Мидхъуыддæгты координацион центры, Остъайы фырты, Сталины уынджы хицæн корпусты алыварс территоритæ. Афтæ æххæст æрцыдысты æндæр ахæм куыстытæ дæр æмæ сыл æдæппæт бахардз 34, 88 милуан сомы.

Бæрæг куыстытæ æххæст æрцыдысты организацийы фæрæзтæй дæр. Цæвиттон, хæрзарæзт æрцыд Аргъуаны фæзуат, Сомихы, Герцены, Калинины, Колыйы фырты æмæ æндæр уынгтæ. Рог цалцæг цыдысты горæты хицæн уынгтæ дæр æмæ сыл æдæппæт бахардз 3,1 милуан сомы.

Хыгъдон рæстæджы «Дорэкспострой»-ы æфтиæгтæ сæйраджыдæр уыдысты республикæйы автомобилон фæндæгты æмæ сæ дарыны фæдыл бакæнгæ куыстытæй æфтиæгтæ, хи объектты продукци реализаци æмæ дзы пайда кæнынæй æфтиæгтæ.

Гуыззыдтаты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз «Дорэкспострой» паддзахадон бюджетмæ фиддонтæ бафыста 26,97 милуан сомы, пенсион фондмæ та – 17, 59 милуан сомы.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй хомыс æмæ æрмæджытæ амал кæныныл бахардз 604 милуан сомы.

Коллективы хицæн кусджытæ хорзæхджын цыдысты æндæр æмæ æндæр хорзæхтæй: «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт аразæджы» кадджын ном лæвæрд æрцыд дыууæ кусæгæн. Хицæн кусджытæ та хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

Гуыззыдтаты Эдуард ма ракодта, сæ разы цы ахсджиаг хæстæ лæууы, уыдоны кой дæр. Уыдон та сты Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндæгты арæзтад (дыккаг этап), Гром-Цъинагары фæндаджы арæзтад, автомобилон фæндæгты дарыны фæдыл куыстытæ æмæ Цхинвалы уынгты хæрзарæзтад.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.