Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ивгъуыд къуыри æрæвнæлдтой Дампъалет-Монастъеры хъæумæ фæндаг аразынмæ. Бирæ азты дæргъы ацы хъæуты цæрджытæ æвзæрстой зындзинæдтæ сæ хъæутæм бацæуæн фæндæгтæ æдзæллаг уавæрмæ кæй æрхаудысты, уый аххосæй. Къæвдабонты фæндæгтыл ацæуæнтæ нæ уыд, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ уыйбæрц систы, æмæ-иу дзы хатт сурбон дæр ныххаудысты автомашинæтæ.

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ хъæуы цæрджытæ рагæй тыхстысты канд горæтмæ фæндаджы уавæрæй нæ, фæлæ ма фæрстæй фæрстæм цы хъæутæ ис, уырдæм дæр сын æдæрсгæ ацæуæнтæ кæй нæй, уымæй. «Ацы фæндаджы арæзтадмæ æрæвнæлдтам августы мæй, фæлæ Джеры кувæндонмæ бирæ адæм кæй цыд, æмæ уырдæм дæр фæндаг æдзæллаг уавæры кæй уыд, уый тыххæй уал техникæ раконд æрцыд уырдæм. Уым дæр сцалцæг кодтам 3 км бæрц фæндаг».

Ныр та цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой Дампъалет æмæ Монастъеры хъæутæм фæндæгтæ аразынмæ. Фæндагаразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндагæн йæ уæлцъар æрцыд хафт, уый фæстæ уым æркалдæуыд хуырдур, арæзт дзы æрцыд донласæн канаутæ дæр, цæмæй фæндаг зымæгон бонты æфхæрд ма цæуа.

Дампъалеты хъæуы цæрджытæ тынг райгонд сты ацы куыстытæй, «Мах-иу æй рæстæгæй-рæстæгмæ араст кæнын кодтам грейдерæн дæр. Фæлæ уый ницы къух лæвæрдта, къæвда-иу куы æруарыд, уæд. Ныр фæндаг арæзт цæуы, куыд æмбæлы, афтæ æмæ нæ ныфс ис, ацы зымæджы тухитæй кæй фервæздзыстæм», – зæгъы хъæуы цæрджытæй сæ иу.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.