Дзауы районы Уыгæрдæнты хъæуы цæрджытæ рагæй тыхстысты, сæ уæлмæрдмæ фæндаг æдзæллаг уавæрмæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Уырдæм зымæгон æмæ къæвдабонты нæ цыд транспорт.

Хъæуы цæрджытæ бахатыдысты районы администрацимæ, цæмæй йæ сцалцæг кæной. Æмæ сын Дзауы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сæххæст кодтой сæ домæн – цыбыр æмгъуыдмæ сцалцæг кодтой 500 метры дæргъæн фæндаг.

Уыгæрдæнты хъæуы цæрджытæ стыр райгондæй баззадысты куыд Дзауы районы администрацийы сæргълæууæгæй, афтæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæй дæр æмæ сын зæгъынц бузныг.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.