Дзауы районы цæрджыты цардуагон уавæртæм йæ хъус чи дары æмæ сын сæ чи рогдæр кæны, уыдон нымæцмæ хауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Æрæджы ацы куыстуаты руаджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис Синагур æмæ Теделеты хъæуты æхсæн цы капиталон хид сарæзтой, уый. Уый тыххæй нын радзырдта Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерлан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджытæ рагæй тыхстысты æмæ сын ныр ахъаз фæуыдзæнис ног хиды арæзтад. «Фарон ма Синагуры сарæзтам иу хид, уый уыдис къаннæг æмæ нарæг, æрмæст дзы гæнæн уыдис фистæгæй цæуæн.  Хидыл нæ ахызтаиккой рог машинæтæ  дæр æмæ уымæ гæсгæ цыдысты цæугæдоныл. Уый уыдис зынвадат, кæй зæгъын æй хъæуы, цæрджытæ тыхстысты фæндагыл. Ацы фарсты фæдыл ацы хъæуты цæрджытæ бахатыдысты районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андреймæ æмæ сын сæ фарстмæ æвæстиатæй æркастис, сарæзтам сын, бирæ азты дæргъы цæмæй тыхстысты, уыцы хъуыддаг.

Ахæм проблемæ ма уыдис Теделетмæ бацæуæны дæр. Мах хид саразынмæ æрæвнæлдтам иу мæй æмæ æрдæгы размæ æмæ йæ ацы бонты фестæм. Хид арæзт æрцыдис капиталон æгъдауæй, йæ фæтæн у фондз метры æмæ йæ дæргъ та – æхсæз æмæ æрдæг метры бæрц. Хиды арæзтад чысыл фæкъуылымпы митæруарды рæстæджы, æндæра раздæр дæр фæуыдаит арæзт», – банысан кодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæ-дзарады хистæр.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей нын куыд радзырдта, афтæмæй Къуыдаргомы ацы хъæутæм фæндæгтæ дæр уыдысты тынг æвзæр æмæ дзы хидтæ саразын дæр хъуыдис. «Теделетмæ фæндагæй тынг хъазт кодтой, нæхæдæг дæр æй зыдтам æнæмæнгæй дзы хид саразын кæй хъæуы, уый. Адæм арæх хъазт кодтой уый тыххæй. Хидмæ æввахс хъæуы ис æртæ хæдзары æмæ сæм машинæ бынтондæр нæ цыдис, ссад, хæлцадон продукттæ иууылдæр хастой æккойæ æмæ æцæгæйдæр тынг фыдæбон кодтой. Канд хид нæ, фæлæ ма хъæумæ схизæн дæр уыдис тынг æвзæр, ис дзы бур сыджыт æмæ-иу гыццылдæр къæвда рауарыд, уæд-иу дзы машинæтæ нæ хызтысты. Ацы проблемæйыл цæрджытæ дзырдтой, хъазт кодтой арæх, уымæн æмæ Теделетæй Синагурмæ сæ сывæллæтты ласынц ахуырмæ æмæ сын фæндаг уыдис кæддæриддæр проблемон. Теделетæй Синагурмæ та у æртæ километры бæрц æмæ фарст æвæстиатæй хъуыдис скъуыддзаг кæнын. Фарон нын нал фæцис гæнæн уыцы фæндаг саразынæн, уымæн æмæ нæм æхцайы фæрæзтæ дæр нал уыд æмæ йæ ацы азы куыстыты пъланмæ бахастам. Нæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты æххуысæй арæзт æрцыдысты хид дæр æмæ фæндаг дæр. Фæндаг арæзт æрцыдис Теделетæй Синагурмæ æмæ уырдыгæй та Дзалабетмæ. Хорз ыл бакуыстой, бирæ рæтты йæ фæтæн-дæр фæкодтой», – загъта Джиоты Андрей.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.