ДОНЫ ХЪУАГДЗИНАД  НАЛ  ÆЙЙАФДЗЫСТЫ

Рагæй фæстæмæ æййæфтой Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрджытæ доны хъуагдзинад æмæ тыхстысты. Уыдон дон хастой дардæй æмæ кæд уый тыххæй сæ хъаст хастой æмбæлон инстанцитæм, уæддæр хъуыддагæй ницы уад. Ныр районы администрацийы хъæппæрисæй, сæ проблемæ скъуыддзаг æрцыд æмæ цæрджыты цинæн кæрон дæр нæй. Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад нуазыны дон бауагъта Уæллаг Тъбеты хъæуы цæрджытæй алкæмæ дæр. Уыдон та сты 20 цæрæг хæдзары бæрц. Цæрæнуатон – коммуналон хæдзарады хистæр Хъотайты Барис куыд зæгъы, афтæмæй цы донæмбырдгæнæн арæзт æрцыд, уым цы дон æмбырд кæна, уый фаг кæндзæнис Дæллаг Тъбеты хъæуы цæрджытæн дæр.  Уыдон дæр сты 20 цæрæг хæдзары бæрц.

Хъотайты Барис ма куыд зæгъы,  афтæмæй Уæллаг Тъбеты донуадзæн куыстытæм уыдон æрæвнæлдтой дыууæ къуырийы размæ æмæ сын уæдмæ бантыстис 3 километры дæрддзæг доны хæтæлты зæххы бын ныккалынмæ. Хъæуы сæрмæ та сарæзтой донæмбырдгæнæн. Уый у, 50 тоннæйы бæрц кæм цæуа, ахæм резервуар. Ныртæккæ дон уагъд цæуы Тъбеты хъæуы скъоламæ. Уый фæстæ та донуадзæн куыстытæ райдайдзысты Дæллаг Тъбетмæ.

Уæллаг Тъбеты хъæуы цæрæг Чысиаты Асиаты уырнгæ дæр нæма кæны, сæ кранæй дон рацыдис æмæ ахæм хъизæмайраджы цардæй фервæзтысты, уый.

«Тынг зын нын уыдис дардæй дон хæссын. Æнæ донæй, зæгъæн ис, æмæ адæймаг ницы сараздзæн. Уый нæ хъæуы алы уысм дæр æмæ дзы ныр хайджын стæм. Стыр бузныг зæгъын, ацы хъуыддаджы тыххæй чидæриддæр ба-фыдæбон кодта, уыдонæн. Донау рæсугъд æмæ адджын уæд сæ цард се ‘ппæтæн дæр», – загъта Чысиаты Асиат.

СÆХХÆСТ УЫДЗÆНИС РУСТАУÆГТЫ

БÆЛЛИЦ ДÆР

Цхинвалы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ донуадзæн куыстытæ æххæст кæнынц Цхинвалы районы Рустауы хъæумæ дæр. Рагæй фæстæмæ хъизæмар кодтой рустауæгтæ дæр нуазыны доны тыххæй. Уыдонæн се стырдæр бæллиц уыд, дон сæ хæдзæртты фенын. Сæ тыхстдзинад уыдон дæр бирæ хæттыты хастой æмбæлон инстанцитæм, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не ‘ггуырст. Ныр сæххæст сæ бæллиц. Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Хъотайты Барис куыд загъта, афтæмæй ам дæр æрæвнæлдтой донуадзæн куыстытæм. Рустауы хъæумæ дон рауадздзысты цыппар километры дæрддзæфæй. Ныр та уал куыст цæуы зæххы бын доны хæтæлтæ æвæрыныл. Æмæ куыддæр уыцы куыстытæ кæронмæ бакæной, афтæ рустауæгты хæдзæрттæм дæр рацæудзæнис нуазыны дон.

АРÆЗТ ЦÆУЫ ФУТБОЛОН ФÆЗУАТ

Къостайыхъæуы фæсивæдæн арæзт цыдис футболон фæзуат. Фæлæ ам куыстытæ æрлæууыдысты цалдæр азы размæ, æмæ сæм уæдæй абонмæ, йæ къух дæр ничиуал фæкодта. Ныр æрæвнæлдтой йæ арæзтадмæ. Стадион арæзт цæуы Къостайы парчы территоримæ хæстæг. Ныртæккæ ам цæуынц зæхх растгæнæн куыстытæ. Уый фæстæ æрæвналдзысты, æмбæлон уагмæ йæ æркæнынмæ. Æппæт куыстытæ дæр баконд æрцæудзысты азы кæронмæ.

ХАЙАД РАЙСДЗЫСТЫ КОНКУРСЫ

Цхинвалы районы администрацийы адæмон ахуырады управлени æмæ фæсивæдон комитет сæхи цæттæ кæнынц радон фестиваль-конкурс «Ирон рагон хæринæгтæ æмæ нозтытæ»-мæ. Конкурс уагъд æрцæудзæнис 28 ноябры æмæ дзы хайад райсдзысты Цхинвалы районы иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ.

Районы фæсивæды хайады хистæр Козаты Олег куыд зæгъы, афтæмæй, фестивалы нысан у, чи байрох сты, нæ фыдæлты уыцы хæринæгтæ æрымысын æмæ куыд арæзт цыдысты, уыдæттæ æвзонг фæсивæды ‘хсæн ныббиноныг кæнын. Козайы фырты хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнинæгтæ хъуамæ зоной канд хæринаджы ном æмæ арæзт нæ, фæлæ цахæм продукттæ хъæуы йе ‘рцæттæ кæнынæн.

Конкурсы хайадисджытæ хæринæгтæ куыд цæттæ кæндзысты, куыд арæхсдзысты, уыдæттæн аргъ кæндзæнис сæрмагонд снысангонд жюри. Жюрийы куысты хатдзæгтæм гæсгæ фæбæрæг уыдзысты хуыздæртæ æмæ хорзæхджын æрцæудзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ Кады грамотæтæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.