Цхинвалы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Уазæгты Мевлуд радзырдта, ацы аз район донифтонгад æмæ фæндаджы арæзтады фадыджы цы куыстытæ бакодта, уыдоны тыххæй: «Куыд зонæм, афтæмæй доныхъуагдзинад сæрды бонты æрмæст горæты нæ вæййы. Кæронмæ æмæ бæстонæй арæзт кæй нæ цæуынц донифтонгадтæ, уымæ гæсгæ рæстæгæй-рæстæгмæ уыдон бахъæуы цалцæг кæнын. Науæд та агурын бахъæуы ног суадæттæ. Ныртæккæ дæр æнгæс куыстытæ кæнæм Дампъалет æмæ Дменисы хъæуты. Дампъалеты хъæумæ раивын хъуыд 2 километры бæрц доныхахх. Уыцы-иу рæстæг коммуналон кусджытæ архайдтой Дменисы хъæумæ ног хахх рауадзыныл дæр. Ацы хъæуы дæллаг сыхмæ дон уагъд æрцыд ивгъуыд аз, фæлæ ам чи цæры, уыдоныл дон не ‘ххæссыд. Ныр та уыдонмæ арæзт æрцыд ног доны хæтæл. Амæй размæ ма донæй сифтонг кодтам ахæм хъæуты, куыд Арцеу, Зар æмæ Ортъеу. Иу уæлæмхас доны хæтæл ауадзын нын бантыст Цъунары хъæумæ дæр».

Уазæгты Мевлуд ма нын радзырдта, цалынмæ боныгъæдтæ къух аразынц, уæдмæ районы коммуналон кусджытæ кæй хъавынц Андисы æмæ Стыркомы хъæуы дæр дониф-тонггæнæн куыстытæ бакæнын.

Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ацы бонты куыстой Залдайы хъæумæ хид аразыныл дæр. «Хид уыд аварион уавæры. Махмæ цыд хъæстытæ цæрджытæй, районы къухдариуæгад уый тыххæй ссардта уæлæмхас фæрæзтæ æмæ ныр зæронд хиды бынаты рæзы бетонон хид. Йæ дæргъ уыдзæн æхсæз метр, йæ фæтæн та – цыппар», – загъта нын Уазæгты лæппу. Уый ма зæгъы, зæгъгæ, хидæй дарддæр ма бацал-цæг кодтой, хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый дæр.

Фæндагон куыстытæ конд æрцыдысты, ацы аз Уанат-Ортъеу, Уанат-Сацхенет, Хъларс-Хъуыриа æмæ Джеры дзуармæ цы фæндæгтæ цæуы, уыдон. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй алы хъæумæ дæр фæндагарæзтад æмæ дон уадзынæй дарддæр сæ цæрджытæн вæййы æндæр проблемæтæ дæр. Зæгъæм, Дменисы хъæуы ныртæккæ куыст цæуы административон бæстыхайы арæзтад кæронмæ фæуыныл. Йæ рæстæджы агъуысты дыккаг уæладзыджы мидæггагон куыстытæ баззадысты æрдæгарæзтæй. Ам ма уыдзысты библиотекæ, фадыгон инспектортæ æмæ культурæйы хæдзары кусджытæ, куыстытæн сæ фылдæр хай фæуд у æмæ Ног азмæ хъуамæ сцæттæ уа. Хелцуайы хъæуы цы медпункт уыд, уый уыд хъæуы клубы дыккаг уæладзыджы. Ацæргæ адæмæн дыккаг уæладзыгмæ схизын зын кæй уыд, уый тыххæй-иу хъаст кодтой. Ныр фыццаг уæладзыджы рахицæн æрцыд иу хатæн, кæцы цалцæг æрцыд æмбæлон уагæй æмæ цæрджытæ дæр сты райгонд.

Уазæгты Мевлуд куыд зæгъы, афтæмæй æрвылаз дæр районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад саразы бакæнинаг куыстыты план æмæ уымæ гæсгæ фæкусы. «Кæд нын кæцыдæр куыстытæ бакæнын нæ бантысы, уæд хаст æрцæуынц иннæ азмæ. Техникæ зæронд кæй у, уый тыххæй арæх хæлынц, æмæ куыстытæ дæр фæкъуылымпы вæййынц. Пандемийы аххосæй фæндаг æхгæд кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу нæм техникæйы ивæн хæйттæ рæстæгыл нæ бафтыдысты. Ныр арæн гом у æмæ нæ куыст фæрæвдздæр».

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.