Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæгыл фæнымайынц ахæм адæймаджы, кæцы йæ цард дæр рауæлдай кæндзæнис йæ райгуырæн уæзæгы тыххæй, удуæлдай лæггад бакæндзæнис йæ адæмæн. Нæ æрыгон Республикæйы ахæм æнувыд хъæбултæ æнæгуырысхойæ схонæн ис Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды дæр, кæцытæ нæ адæмы зæрдæты баззадысты, куыд хъайтардзинады цæвиттонтæ.

ОМОН-ы кой куы скæнæм, уæд бар-æнæбары нæ хъуыдыйы æрбалæууы Гæззаты Вадим, кæцыйы хъæппæрисæй 1992 азы арæзт æрцыд ацы Къорд. Кæд   уæды рæстæджы уæззау дуг уыдис, алкæмæн дæр йæ сæр йæ кой уыдис, уæддæр Вадимæн йæ бон бацис сразæнгард кæнын дæсгай ирон хъæбатыр лæппуты, цæмæй иумæ бахъахъхъæной æрыгон Республикæйы знæгтæй æмæ фыдгæнджытæй. Уæдæй абоны онг ОМОН хайад райста æппæт хæстон архæйдтыты дæр, хъазуатонæй тох кæнынц бандитизмимæ æмæ хъахъхъæнынц адæмы сабырад. Хъыгагæн дзы бирæтæ знæгты æмæ фыдгæнджыты къухтæй дæр фæмардысты. Уыдонæн сæ нæмттæ æнустæм цæрдзысты ирон адæмы хсæн æмæ сæ æхсардзинады хабæрттæ та лæвæрд цæудзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Милицийы хистæр прапорщик Томайты Алан 90-æм азты хабæрттæ æрымысы уæззау зæрдæимæ. 1993 азы, тæккæ карздæр азтæй сæ иуы, æрыгон лæппу бацыд ОМОН-ы рæнхъытæм æмæ абоны онг дæр лæггад кæны йæ уарзон адæмæн. Къордмæ куы æрбацыд, уæд сæ нымæц уыд 200 адæймагæй фылдæр, уымæн æмæ йæ сырæзты кой айхъуыст æгас Хуссар Ирыстоныл æмæ йæ рæнхъытæм æнæ-зивæгæй цæуын райдыдтой нæ республикæйы алы къуымтæй. Аланы ныхæстæм гæсгæ, милицийæн иууыл зындæр рæстæджытæ уыдысты 1993-1996 азтæ. Уыцы рæстæджы не ‘мбæстæгтæй бирæтæ ныххæцыдысты давыныл æмæ æндæр фыдракæндтæ аразыныл. Барадхъахъхъæнæг органтæм нæ уыд фаг æхсæнгарз æмæ нæмыг, стæй дуг дæр схæццæ хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн æмæ фыдгæнджытæн аккаг ныхкъуырд раттын сæ бон нæ уыдис. Æрмæст ма адæмæн сæ ныфс уыдысты ОМОН-ы лæппутæ, кæцытæ, сæ цардыл æнæауæрдгæйæ, кæддæриддæр хъахъхъæдтой не мбæстæгты алыгъуызон криминалон элементтæй.

«Ме мкусджытæй бирæтæ фæмардысты мæ цæстыты раз æмæ уыдонæн сæ фыл-дæр баисты бандитты амæттаг. Суткæйы дæргъы-иу нæм фæсидтысты дæсгай хæттыты æмæ-иу алыхатт дæр тас уыд фыдгæнæджы нæмыгæй амæлынæй. Мах быхстам алцæмæн дæр, бирæ хæттыты-иу комкоммæ мæлæты дзыхмæ дæр цы-дыстæм, æмæ æппæт адæттæ арæзтам, цæмæй нæ адæм уой æнæфыдбылыз. Хуыцау бахизæд, æмæ ма искуы ахæм рæстæг æркæна Ирыстоны. Абоны бон Къорды æрыгон кусджытæн, уæды рæстæджытæм абаргæйæ, ис иттæг хорз уавæртæ службæ кæнынæн. Дуг дæр фæхуыздæр ис, æддагон знаг дæр нæм нал лæбуры, криминал дæр нæм ахæм масштабты нал ис, – æрмæст ма хъæуы æхсæнадон фæтк хъахъхъæнын», – зæгъы Алан.

Томайты фырты ныхæстæм гæсгæ, 90-æм азтæй фæстæмæ чидæриддæр уыцы уæззау фæндагыл рацыдис, уыдон иууыл-дæр сты хъайтартæ.

«Æз ныры æрыгон фæлтæры дæлдзиныг нæ кæнын, фæлæ 90-æм азты æцæгæй уыд хъæбатырты рæстæг. Хъыгагæн, æгъатырдзинад, хæст æмæ хæццæ дуг сæ кæнон бакодтой æмæ байстой бирæ аккаг ирон лæппуты удтæ, кæцыты тугныккалды фæрцы абоны бон цæрæм сыгъдæг арвы бын», – зæгъы, йæ цæстытæ зæхмæ æруадзгæйæ, Томайты Алан.

  Алан, йæ мисинæгтæ йæ зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ, æрæнкъард ис, цыма фæстæмæ уыцы дуджы фестадис æмæ та ногæй йæ разы февзæрдысты йæ хæстон æмбæлттæ.

«Уæды рæстæджы трагедитæ цыдысты кæрæдзийы фæдыл, – иу хæстоны-иу нæма баныгæдтам, нæ маст-иу нæма фæсабыр, æмæ та ногæй – бæллæх. Иу ахæмы нæм фæсидтысты горæты цады былмæ, ома дзы бынæттон цæрæг йæхи æнæуаг дард кæны. Мах машинæ дæрддзæф фæурæдтам æмæ къахæй араст стæм уыцы хæдзармæ. Нæ разæй цыд Наниты Игорь, мах та йæ фæстæ. Уæдмæ дын райхъуыст автоматы æхсын æмæ мæ фарсмæ цæуæг Гасситы Барсæгæн йæ къæхтæ йæ быны фæдыдагъ сты. Æз æм фæлæбурдтон, зæхмæ æрхауын æй нæ бауагътон, фæлæ йæ аскъæфтам машинæмæ, стæй та рынчындонмæ. Æгæр уæззау цæфтæ кæй фæцис, уый фæстиуæгæн фæмард æрыгон лæппу. Уыцы æхстыты рæстæджы ма фæмард ноджы иу ОМОН-ы кусæг Гæджиты Алик дæр. Æмæ ахæм цаутæ уыдысты бирæ», – уæззау ныуулæфгæйæ загъта Томайы фырт.

2008 азы хæст дæр Аланы æрæййæфта Цхинвалы. Гуырдзиаг фашисттæ горæтмæ куы æрбаввахс сты, уæд сæ арвыстой Тъбеты хъæумæ танкты ныхмæ. Фæлæ дæм æмбæлон æхсæнгарз куы нæ уа, уæд танкы ныхмæ автоматæй не схæцдзынæ. Куыддæр къуылдымæй гуырдзиаг танк æрзынд, афтæ сын сæ автомашинæ фехста æмæ дзы æфсæны гæппæлты йедтæмæ ницыуал аззадис. Алан иннæ хæстонтимæ архы æрæмбæхстысты æмæ стæй аууæтты хъуызгæйæ фæстæмæ горæтмæ æрцыдысты.

Томайты Алан ОМОН-ы кусгæйæ хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй. Дыууæ азы размæ та йын Хицауад  рахицæн кодта хæдзар. Уымæй размæ бирæ азты дæргъы йæ бинонтимæ цард æххуырст хæдзары. Йæ цардæмбалимæ хъомыл кæны дыууæ хъæбулы.

Абоны бон ОМОН-ы рæнхъыты службæ кæнынц бирæ æрыгон лæппутæ. Æмæ уымæн æндæр гæнæн нæй, – фæлтæр хъуамæ ива, – зæронд кусджытæ сабыргай сæхи хибар кæной æмæ фæндаг дæттой æрыгæттæн. Уымæн æмæ спецкъордмæ ис йæхи домæнтæ æмæ дзы æрыгæттæ хуыз-дæр рæхсынц. Ветерантæ та сын хъуамæ амоной, раст фæндагыл сæ æфтауой æмæ сын сæ фæлтæрддзинад дæттой.

Къорды æрыгон кусджытæй сæ иу у Сагкаты Сæрмæт. Ныр аст азы дæргъы æрыгон лæппу зæрдæргъæвдæй æххæст кæны йæ службæйон хæстæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Къорды коллектив ахæм æнгом куы нæ уыдаид, уæд афонмæ æндæр куыстуатмæ ахызтаид.

Фæлтæрд кусæг – æрыгæттæн цæвиттон

«Æз мæхæдæг тырныдтон барадхъахъхъæнæг органты рæнхъытæм, уымæн æмæ мæ фыд дæр у милицийы ветеран, стæй ма ме фсымæртæ дæр кусынц милицийы. Афтæ рауадис æмæ æз дæр ахæм фæндагыл ныллæууыдтæн. ОМОН-ы службæ кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу, фæлæ цадæггай ахуыр кæнын, исын фæлтæрддзинад», – зæгъы æрыгон лæппу.

Сæрмæт æхсæнадон фæтк хъахъхъæнын æмæ адæмы æвзæрдзинадæй бахизын нымайы йæ хæсыл, æмæ йын уымæ гæсгæ зын нæ вæййы службæйы рæстæджы хуымæтæг адæмимæ ныхас кæнын.

«Вæййы афтæ, æмæ рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы бамбæлæм нозтджын адæймæгтыл, кæцытæ сæхи фæдарынц æвзæр. Фефхæрынц нæ. Ахæм уавæрты йемæ дзурын æнæхъуаджы рæстæг сафын  йедтæмæ ницы у. Уымæн æмæ нæ куысты иууыл сæйрагдæр у быхсындзинад. Чидæртæ нæм стæй æрбацæуынц æмæ хатыртæ фæкурынц, ома, рæдыдыстæм. Æмæ уый дæр махæн у куыстыл нымад», – зæгъы Сагкайы фырт.

Сæрмæтæн нырма бинонтæ нæй æмæ ныридæгæн хъуыды кæны ус æрхæссыныл.

«Фæндтæ мæм бирæ ис æмæ сæ, Хуыцауы фæрцы, сабыргай хъуамæ сæххæст кæнон», – банысан кодта кæронбæттæны Сæрмæт.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.