Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг! Ацы номы аккаг алчи нæ вæййы. Адæм алыгъуызон сты, иутæ нæ фæразынц зындзинæдтæн æмæ хуыздæр цардагурæг фæлидзынц, сæхи цардыл хъуыдыгæнæг свæййынц. Иннæтæ та сæ адæмы зынтæ æмбаргæйæ, фæархайынц сæ уавæр сын фæрогдæр кæныныл.

Зæгъгæ, цард нæ сæмтъеры, уæд мæ уацы кæй кой ракæнинаг дæн, уымæн йæ цард лæгъз, æнæ тухитæ æмæ фыдæбæттæй кæй цыдаид æппæт йе ‘мцахъ-хъæнтау, ууыл дызæрдыггæнæн нæ уыд. Фæлæ йæ царды сæйраг нысан уыцы фыддуджы ссис адæймагдзинады миниуджытæ ма фесафын, адæмы фыдæх ма райсын.

Пухаты Мерабы чи зоны лæгæй-лæгмæ æмæ ма фæсаууонмæ дæр, уый никуы зæгъдзæнис, ома, уый, иу хатт уæддæр, адæмы зæрдæхудт ссардта.

Адæймаджы цардыл уац фысгæйæ журналист хъуамæ йемæ фембæла, байхъуса йын йæ ныхасмæ. Стæй хатдзæгтæ сараза æмæ уый фæстæ ныффысса йæ хъуыдытæ. Уыимæ фæзоны, æрмæг кæй рацæудзæн газеты. Ацы хатт æз ацы фæтк фехæлдтон. Мераб нæ зыдта, газет «Хурзæрин»-ы йыл уац рацæудзæн, уымæн æмæ, куыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг, афтæ йыл фыссын, уæд не сразы уыдаид, уымæн æмæ сæрныллæг æмæ фырнымд у.

Пухаты Мераб ныртæккæ кусы мидхъуыддæгты министры хæдивæгæй, фæлæ цалынмæ уыцы бæрзонд бынатмæ не схызт, уæдмæ уый бирæ гакъон-макъон фæндæгтыл рацыд.

Цхинвалы районы Отъреуы хъæуы райгуырд Мераб. Ам хъомыл кодта, астазон скъола ам фæцис каст, астæуккаг та – Арцеуы хъæуы. Дарддæр – Цхинвалы автоскъола, стæй – Советон Æфсады рæнхъыты службæ. Инженерон æфсæдты уыд. Райдианы ахуыргæнæн хайы службæ кодта. Уым райста сержанты цин æмæ дарддæр йе ‘мбæстагон хæс æххæст кодта автомобилон дæлхайы командирæй. Уыд сапер. Хæстон æмæ политикон цæттæдзинады иттæг хорз хæстон уæвгæйæ, Мераб хайад иста полчы хæстонты ‘хсæн спорты æндæр æмæ æндæр хуызты ерысты æмæ-иу арæх бацахста фыццаг бынæттæ. Йæ хорз службæйы тыххæй йæ командиртæ арфæйы фыстæджытæ æрвыстой йæ ныййарджытæм.

Службæйы фæстæ дыууæ азы бæрц акуыста Арцеуы совхозы. 1989 азы райдианы та бацыд Цхинвалы гормилицимæ кусынмæ æмæ уæдæй фæстæмæ йæ хъысмæт сбаста мидхъуыддæгты органтимæ. Райдианы йæ цæттæгæнæн курсытæм ахуыр кæнынмæ арвыстой Тбилисмæ. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны националисттæ æвзидын райдыдтой  ирæт-ты ныхмæ. Уавæр карз кодта бонæй-бонмæ. Нæ горæты дæр тæссагдæр бы-нæтты æвæрд цыдысты пикеттæ. Мераб æмæ йе ‘мкусджытæ фылдæр лæууыдысты Шанхайы районы.

Цалынмæ ОМОН нæ сырæзт, уæдмæ дæр Пухаты Мераб ОМОН-ы саразæг, дзæнæты бадинаг Гæззаты Вадимимæ куыста милицийы, йæ комкоммæ хистæр уыд. ОМОН куы сырæзт æмæ Вадим йæ командæгæнæг куы ссис, уæд Мерабы дæр йæхимæ ракодта. Ракодта йæ уымæн æмæ йын хорз зыдта йæ удыхъæды миниу-джытæ.

Афтæ Мераб ссис ОМОН-мæ фыццаг чи бацыдис, уыдонæй сæ иу. Райдианы 12 йеддæмæ нæ уыдысты, стæй хæ-цæнгарзæй, хæстон техникæйæ дæр иф-тонг нæ уыдысты, фæлæ амæлттæ кодтой. Хæстон дуг уыдис æмæ-иу сæ сæр кæм бахъуыд, уырдæм сæхи æппæрстой. Арæх цыдысты Присы ‘рдæм. Уæдæ горæты тыхст адæм дæр фылдæр ОМОН-мæ сидтысты æххуысмæ.

Цал æмæ цал хатты аивæрзт мæлæтæй Мераб!  1992 азы 6 июны ОМОН-мæ фæхабарчындæуыд, Присмæ æрбацыдысты гуырдзиæгтæ, зæгъгæ. Мераб йе ‘мбæлттимæ БТР-ыл абадт æмæ араст сты Присмæ. Хъæуы иу чысыл куы ссыдысты, уæд дыууæ къордыл фæдих сты. Уынгты змæлæг нæ уыд, хъæуы цæрджытæ фæлыгъдысты сæ уæзæгæй. Мераб йæ дыууæ æмбал  Дыгъуызты Эдик æмæ Болататы Валерæимæ аскъуыддзаг кодтой хъæуы сæрмæ ссæуын æмæ уырдыгæй ракæсын. Иудзæвгар куы суадысты, уæд сæ хъæды уæвæг гуырдзиæгтæ æхсын райдыдтой. Уыцы æхстыты фæцæф Мераб. Фыццаг æм æххуысмæ чи фæзынд, уый уыд Валери, фæлæ йæ ласгæйæ нæ рафæрæзта. Æрбаиу æм Эдик æмæ йæ куыддæрты йæ туджы мæцгæйæ, æрхæццæ кодтой хъæугæронмæ. БТР-ы йæ сæ-вæрдтой æмæ йæ рынчындонмæ фæ-хæццæ кодтой.

Мераб йæхимæ æрцыд операцийы фæстæ. Ныппырх йæ бæхбæттæн. Йæ уавæр уæззау кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ вертолетыл аластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йын уым иу мæйы бæрц фæхос кодтой. Куы рыздæхт, уæд фæстæмæ бацыд ОМОН-мæ æмæ адарддæр кодта йæ службæ. Рацыд цалдæр мæйы æмæ та ногæй Цæгат Ирæй æрæхъуыст – мæхъæлæттæ исынвæнд скодтой Горæтгæрон районы. Хæсты чи сфæлтæрд, бирæ ахæм лæппутæ фæфæдис кодтой нæ цæгаттаг æфсымæртæм æххуысмæ. Се ‘хсæн та уыд Пухаты Мераб дæр. Æртæ боны дæргъы активон хайад иста æртæ цæрæн пункт ссæрибар кæныныл тохы. Фыццаг бон  Южный, дыккаг бон – Карцайы æмæ æртыккаг бон та Дачныйы. Карцайы куы ссæрибар кодтой, уæд бæрæг вазыгджындæр уыд уавæр, ам мæхъæлæттæ ныхмæ тынгдæр лæууыдысты. Мераб цы БТР-ы уыд, уый ссыгъд мидæгæй фæздæгæй байдзаг, æнхъæлдтой, спырх уыдзысты æмæ йæ мидæг басудздзысты. Фæлæ та ацы хатт дæр хъысмæт йæ мидбылты бахудт Мерабмæ. Æвæццæгæн, уымæн æмæ Ирыстонмæ разæй бирæ зындзинæдтæ æнхъæлмæ каст æмæ дзы Пухаты Мерабы хуызæн хæстонтæ куы нæ уыдаид, уæд абон хæдбар паддзахады нæ цæриккам.

Мераб бирæ фыдбылызты кæй бахауд, уыдон æнæ фæстиуæг нæ разындысты. Иу афон срыстысты йæ къæхтæ, йæ бон цæуын нæ, фæлæ лæууын дæр нал уыд. Хос кодта Мæскуыйы, фæлæ къæхты низ уæддæр нæ фесæфт. Æрыгон лæппу сфæнд кодта æнæ дохтырты æххуыс низы ныхмæ слæууын. Къæхтæн арæзта массажтæ, фылдæр цыд фистæгæй æмæ… низ цадæггай фæстæмæ алæууыд.

Йæ куыстыл Мераб алы хатт дæр уыд æнувыд, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды ротæйы командирæй кусгæйæ схызт суанг ОМОН-ы командиры онг.  Гъе, фæлæ 2008 азы августы дæр та Пухаты Мерабмæ æнхъæлмæ каст стыр бæллæх. Фæцæфтæ сты йæ уæрджытæ æмæ та йæ бахъуыд уæззау операци скæныны сæр. Æгæрыстæмæй, райхъуыст, ома, фæмард.

Фæлтæрд хæстон йæ фæлтæрддзинад, йæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ рæдауæй амоны æвзонг кусджытæн. Йе ‘взонгад фыддугты, хæсты цæхæры кæмæн бахсыст, уымæ ис, цы сын бацамона, уый.

Инæлар-майоры цины уæвгæйæ, уый, дуг куы фæсабыр вæййы, уæд йæ хъус аздахы зæххыкуыст æмæ фосдарды куыстмæ. Цалдæр азы размæ Уанатмæ хæстæг райста зæхх арендæйы, уым æрзайын кодта алыгъуызон халсæрттæ. Ныр та кæны фосдарды куыст.

Фæлæ иууыл сæйрагдæр у, Мераб кæм фæнды ма уа, хæсты æви куысты, йе ‘мбæлтты зæрдæхудт кæй никуы райсы. Æрвылхатт дæр у, ныфс кæмæй бавæрой, ахæм æмгар. Бинонты, хиуæтты ‘хсæн у æгъдауамонæг. Йæ кæстæртæ сты йæхи фæндиаг, æгъдауджын. Уадз рæзæнт ын сабыр арвы бын, бæстæ та афтæ æрсабыр уæнт, цард йæ гаччы афтæ сбадæд æмæ хæцæнгарз рыйсыны сæр йæхи æмæ йæ кæстæрты дæр макуыуал бахъæуæт.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.