14-æм февралы РХИ-йы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд банысан кодта йæ сырæзты бон. Ацы къорды хæстонтæ кæддæриддæр уыдысты Райгуырæн бæстæйы æнувыд хъахъхъæнджытæ,  знаджы ныхмæ тохты фесæфтой се ‘мгæрттæй бирæты, бирæтæ дзы абон дæр сты сахъатджынтæ, æмæ сæ иу къорд та сæ зæрдæты æнусон хъæдгомау хæссынц, се ‘мгæртты мæлæт сæхи цæстæй куыд уыдтой, уыцы уæззау нывтæ.  Уыдонæй сæ иу у мæ уацы хъайтар Гæбæраты Алим.

2004 азы Алимыл 19 азы дæр нæма сæххæст, афтæмæй бацыд Цхинвалы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ кусынмæ. Уыцы рæстæджы уæлдай тынгдæр скарз ис уавæр. Гуырдзы бацахстой Сарабукъы бæрзæндтæ, баирвæзтысты Тлиахъанамæ… Цагътой, сусæг-æргомæй ирон адæмæй сæ къухты чи æфтыд, уыдоны. Афтæмæй Ирыстонмæ æнхъæвзтой, фæстæдæр цырен артæй чи ссыгъд, уыцы арты æвзæгтæ æмæ адæмы цард æппынæдзух дæр уыд тасы бын, уæлдайдæр та хæцæг лæппутæн.

«Алим ОМОН-мæ куы бацыд, уæдæй фæстæмæ æз иунæг æхсæв дæр æдыхстæй никуыуал сбон кодтон, – зæгъы йæ мад Хæныкъаты Дуся. Иуæй нырма уыд хæрзæвзонг, аннæмæй та рæстæг уыд тынг æндыгъд, æмæ æдас нæ уыд исты фыдбылыз æрцæуынæй». Иуахæмы Алим радон сменæйæ æрбацыд хæдзармæ æмæ кæд йæ куысты рæстæг фæуд уыд, йæ бон уыд сæрибарæй баулæфыдаид, уæддæр уый йæ дзаумæттæ дæр нæ раласта, афтæмæй йæхи æруагъта хуыссæны. Йæ цырыхъхъытæ æрæвæрдта йæ разы, йæ телефон та уыд йæ армы, афтæмæй тарф фынæй бацис. Рацыд чысыл рæстæг æмæ йæм телефоны радзырдæуыд. Алим йæ цырыхъхъытæ акодта æмæ феттæдуар… Фæстæдæр рабæрæг, цалдæр лæппуйæ æрвыст кæй æрцыдысты, Никозмæ хæстæг арæныл цы гуырдзиаг æфсæддонтæ сæмбырд сты, уыдоны тыххæй развæдсгæрсты. Дыккаг бон Алим хæдзармæ æрбахаста йæ дарæс æхсынмæ, фæлæ уыдон æхсынæн нал сбæззыдысты, уымæн æмæ йе ‘мгæрттимæ цалдæр километры фæбырыдысты сæ гуыбыны цъарыл æмæ дзаумæттæ  ныскъуыдтæ сты.

Ахæм уавæрты Алим иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд.

2008 азы 1-æм августы уавæр уыд тынг æндыгъд. Уымæй размæ дæр-иу æхсæв горæтмæ æхстой. Алимæн йæ ныййарджытæ Цхинвалы районы Залдайы хъæуы цардысты. Уырдæм гуырдзыйы хъæутыл цæуæн кæй нæ уыд, уый тыххæй фæндаг цыд нырма Зары хъæуыл Дзауы онг, æмæ стæй та – хъæды ‘хсæнты зынвадат фæндæгтыл. Уымæ гæсгæ дæргъвæтин рæстæджы бинонтæ кæрæдзи нал федтой.

Уыцы бон Алимы цыппар æфсымæры æмæ йæ хо сæ бинонтимæ æрæмбырд сты сæ фыды хæдзары. Бон сыл бæргæ хъæлдзæгæй баизæр ис, фæлæ куы æрталынг, уæд горæтæй хъуысын райдыдтой тыхджын срæмыгъдтытæ æмæ лæппутæ сæхицæн бынат нал ардтой.

Уыд мæйдар æхсæв æмæ, хъæуæй рацæугæйæ, машинæтæн æнæ рухсæй нæ уыд хæххон æвзæр фæндæгтыл ра-цæуæн. Рухсытимæ цæугæйæ та армы тъæпæнау зындаид машинæ Сверы хъæуы гуырдзиæгты постмæ æмæ уыд тæссаг. Кæд хъæуы лæппутæ се ‘ппæт дæр афæнд кодтой рацæуын, уæддæр уавæр æмбаргæйæ, нал рацыдысты. Фæлæ Алим уыдонмæ нал хъуыста. «Ме’мгæрттæ горæты нæмыджы бын сты, уыдон æххуыс хъæуы æмæ æз ам куыд хъуамæ æрлæууон!» – загъта Алим æмæ йæ ныййарæг мады лæгъстæмæ дæр нал байхъуыста, скусын кодта йæ машинæ æмæ рараст ис горæтмæ. Фæ-лæ къуыппыл куыд фæхæрд кодта, афтæ йæ машинæ дзыхълæуд æркодта, ахуыссыд. Æнæхъæн æхсæвы дæргъы лæппутæ бæргæ архайдтой машинæ скусын кæныныл, фæлæ – марадз зæгъ! Куы æрбабон ис, æрмæстдæр уæд скуыста  машинæ дæр æмæ ма абон дæр фæдис кæнынц лæппутæ, цæмæн рауад афтæ, ууыл.

2008 азы 6-æм август Алимы æрæййæфта Убиаты хъæуы посты лæугæйæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый хъуамæ 7-æм августы раивтаид сменæ, фæлæ уæдмæ гуырдзыйы снайпертæ фæндæгтæ кæй æхстой, уый тыххæй иннæ къордæн нал уыд бацæуæн. Уыдон бынатмæ бафтыдысты æрмæстдæр изæры, куы ‘рталынг ис, уæд. Алим æмæ йе ‘мбæлттæ бацыдысты се службæйы бынатмæ – ОМОН-мæ. Цалдæр сахаты фæстæ сæ фæдисæй ракодтой Тъбеты хъæумæ. «Загътой нын, гуырдзыйы æфсады иу хай Тъбеты хъæуыл кæй хъавы горæтмæ æрбабырсынмæ, фæлæ мах бæлвырдæй нæ зыдтам, раст информаци у, æви нæ. Афтæ ма не ‘мбæрстам, нæ къухты цы хæцæнгæрзтæ уыд, уыдонимæ куыд хъуамæ тох кæнæм гуырдзыйы нырыккон тыхджын техникæ-йы ныхмæ. Фæлæ махæй иу дæр фæс-тæмæ нæ фæлæууыд, рацыдыстæм æнæмсæр тохмæ…» – зæгъы Алим.

Хæцæнгарзæй сæм цы уыд, уый – иу гранатæхсæн, иу пулемет æмæ цалдæр автоматы. Тъбеты хъæуы схизæнмæ куы схæццæ сты, уæд сæ БТР стæвд ис æмæ ахуыссыд! Чи зыдта æмæ сæм разæй цы тох æнхъæлмæ каст, уый бирæтæн кæй уыдзæн сæ фæстаг тох…

«Чысыл фæстæдæр нæм æргомæй разындысты  гуырдзыйы æфсады танктæ. Уыдон кæд æввахсæй æввахсдæр кодтой, уæддæр мах нырма æххæстæй нæ уырныдта, сæ фæнд горæтмæ æрбабырсын кæй у. Цы хæцæнгæрзтæ нæм уыд, уыдонæй ныхмæлæууæджы техникæимæ схæцын, уыд барвæндæй мæлæты дзыхмæ цæуын æмæ нæ бирæтæн афтæ дæр рауад». Гранатæхсæг Къæбысты Алан ацархайдта, ныхмæлæууæджы фыццаг танк гранатæхсæнæй спырх кæныныл, фæлæ йын нæ рауад… дыууæ æхстæн æй спырх кодта знаг æмæ фæмард йæхæдæг дæр.

Гъе, уæд мах фидарæй бамбæрстам, кæй бацыдыстæм æнæмсæр тохы, нæ къухы кæй нæй, знаджы танктæ, æгæрыстæмæй, иу уысм дæр цæмæй фæуромæм, ахæм хæцæнгарз, фæлæ нæ уавæр куыд уыд, афтæ архайдтам, цæмæй иучысыл фæфæстæ кæнæм ныхмæлæууæджы, кæд, зæгъ, уæдмæ Уæрæсейы æфсад дæр хæццæ кæниккой», – æрымысы Алим.

Ацы бынаты Сæрмагонд нысаниуæ-джы къордæй цы лæппутæ уыд, уыдон ахицæн сты дыууæ къордыл, Алим баззад Бежанты Алан æмæ Коцты Сосланимæ. Уæдмæ та фæцæф ис Сослан дæр. «Цы хъуамæ бакодтаиккам цалдæр лæп-пуйæ афтид армæй знаджы ахæм техникæйы ныхмæ, æмæ уал нæхи æраууон кодтам. Танктæ горæты ‘рдæм рацыдысты, бæстæ чысыл æрсабыр æмæ чысыл фалдæрæй райхъуыст хъæрзын. Куы бацыдыстæм, уæд федтам Джиоты Роины уæззау цæфæй», – зæгъы Алим.  Уый куыд зæгъы, афтæмæй уал уыдон Бежанты Аланимæ  Роинæн бакодтой фыццаг медицинон æххуыс, стæй йæ иннæ цæфтимæ раластой горæты рынчындонмæ. Фæстæдæр ссыдысты æмæ æрластой сæ æдзард æмгæртты мард буæрттæ.

Уыцы тохы Сæрмагонд нысаниуæджы къордæй фæмард сты Къæбысты Алан, Санахъоты Алан, Мæлдзыгаты Сослан æмæ Быценты Гайоз. Æрыгон лæппу фидарæй бамбæрста, йæ къухы кæй нæй фаг хæстон техникæ знаджы ныхмæ тох кæнынæн æмæ ма йæ бон цы уыд баххуыс кæнын, уый – цæфтæн æххуыс кæнын.

9-æм августы Алим фехъуыста, йæ командир Санахъоты Владилен уæззау цæф кæй фæцис, фæлæ кæм ис, уырдæм тæссаг кæй у бацæуын. Алим бæлвырдæй нæ зыдта Владилен цы бынаты уыд, уый, фæлæ зыдта завод «Эмальпровод»-мæ хæстæг кæй ис. Уым цыд ахъаззаг тох, афтæмæй Алим бацыд машинæйыл æмæ мæлæты дзæмбытæй стыдта Владилены. Уыцы изæр ма Алим йе ‘мкусджытæ Зассеты Сослан, Тедеты Инал æмæ ОМОН-ы ныртæккæйы командир Плиты Игоримæ фервæзын кодтой ОМОН-ы уæды командæгæнæг Пухаты Мерабы дæр.

«Гуырдзыйы æфсадимæ æнæмсæр тохы бацæугæйæ æз фæдæн уæззау цæф. Мæ зæрдыл æппындæр ницыуал лæууыд, фæлæ Гæбæраты Алим æмæ Бежанты Алан мæ уæлхъус куыд ‘рбалæууыдысты, уый хъуыды кæнын бæлвырдæй. Уыдон сты, абон æз удæгас кæй ‘руаджы дæн, уыцы æмгæрттæ»- зæгъы Джиоты Роин.

«Куы фæцæф дæн, уæд мæ алыварс уыд æрмæстдæр гуырдзыйы æфсад. Стæй снайпертæ дæр æхстой алы ‘рдыгæй æмæ мæн ныфс нал уыд, исчи мæ фервæзын кæна, уымæй. Фæлæ Алим йæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, мæнæн бакодта удуæлдай æххуыс. Ис зæгъæн, уый мæн раласта комкоммæ дæр знаджы къухтæй», – ацы ныхæстæ та зæгъы Санахъоты Владилен.

«Дæсæм августы нæ фæссихор цалдæр лæппуйæ, уыдонимæ ме ‘мкъай, Алимы æфсымæр Ролик дæр, акодтой Цæгат Ирыстонмæ, – зæгъы Алимы хион Маринæ. Уыцы æхсæв мæм телефоны радзырдта рынчындоны медхо Гаглойты Лерæ æмæ мын загъта, Алим йæ машинæйыл ирон тырыса кæй æрбаста æмæ сæм цæфтæ æмæ мæрдты кæй ласы. «Æруромут æй, исты фыдбылыз ыл æрцæудзæн, снайпертæ нырма горæт æхсынц», – загъта Лерæ».

Абон Алим йæхи нæ нымайы хъайтарыл, зæгъы: «Раст у, æз æппындæр мæхиуыл нал хъуыды кодтон куы федтон, ме ‘ввахсдæр æмбæлтты мæлæт мæхи цæстæй, стæй мæ уарзон горæты пиллон арты судзгæ, уæд. Фæлæ æз нымайын афтæ, æмæ æз цы арæзтон, уый уыд мæхи уды аргъæй уæлдæр. Уый уыд ме ‘фсæддон хæс, ме ‘мгæртты раз мæ сæйраг хæс æмæ тыхст адæмæн æххуыс кæнын та у адæймагдзинады сæйрагдæр хæс. Уымæ гæсгæ æз мæхи æппындæр нæ нымайын хъайтарыл».

Алим ныртæккæ дæр кусы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, кæд ын бирæ ис хорзæхтæ, уæддæр уый йæ уæздандзинады æмæ æцæг ирон лæджы æфсæрмдзинады охыл нæ радта бар, уыдоны кой ракæнын. Уыцы хорзæхты ‘хсæн уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ» кæй нæй, уый тыххæй та дзуапп радта, æппæты стырдæр хорзæхыл йæ уарзон Ирыстоны сæрибардзинад  кæй нымайы, ирон адæмæн та йæ бафæндыд рæсугъд фидæны фæндиæгтæ зæгъын.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.