– Цæмæн тоныс кæйдæр хæдзары дуар?

– Йæ хицæуттæ ам цæмæннæ сты? Цæмæн алыгъдысты хæстæй?

– Мæ ды давыны тыххæй æрлæууыдтæ ам? Алыгъдаис ды дæр.

Ахæм хуызы диалогтæн 2008 азы хæдфæстæ цалдæр хатты æвдисæн уыдис милицийы сæрмагонд нысаны къорды кусæг Тъотъоты Раймонд. Йæ ныхæстæм гæсгæ кæд уæрæсейаг æфсæддонты æрцыды фæстæ адæм сæ риуыдзаг сулæфыдысты, гуырдзиаг фашисттæй нал тарстысты амарынæй, уæддæр уавæр нырма уæззау уыд.

 «Æддагон знагимæ хæцыны сæр нæ нал хъуыдис, фæлæ хæсты фæстæ бонты нæ спецкъордæн уыдис дзæвгар куыст – не ‘мбæстæгтæй æмæ ма æрцæууæггæгтæй дæр чидæртæ, уæззау уавæрæй пайда кæнгæйæ, ныллæууыдысты давыны къахыл. Махæн нæ разы хæс æрæвæрдтой, цæмæй бахъахъхъæнæм адæмы фæллой, давыны цаутæ мауал уадзæм. Æхсæвæй бонæй зылдыстæм æрмæст горæты уынгты нæ, фæлæ ма районты хъæуты дæр, бæлвырд кодтам æмæ ахстам фыдгæнджыты. Ахæм хæццæ рæстæг ахаста дыууæ къуырийы бæрц. Фæлæ уый фæстæ дæр нæ куыст бирæ нæ фæкъаддæр – хъуыдис цырддзаст лæууын, цæмæй фыдгæнджытæ æмæ фæткхалджытæ истаиккой аккаг ныхкъуырд. Уымæй уæлдай ма бынæттон цæрджыты къухты уыд дзæвгар æхсæнгарз æмæ уый та кæддæриддæр фыдбылыз хæссы».

Тъотъоты Раймонд милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæ хæссы бирæ азты дæргъы, нымад у спецкъорды фæлтæрд кусæгыл. Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ 1997 азы бацыд ОМОН-ы рæнхъытæм Знауыры районы  æмæ дзы бакуыста 1998 азы онг. Уæды рæстæджы ОМОН-æн дæлхæйттæ уыдис районты дæр. 1998 азы Раймондмæ æрсидтысты æфсады рæнхъытæм æмæ дзы баслужбæ кодта 2000 азы онг. Уый фæстæ та фæстæмæ бацыд ОМОН-ы рæнхъытæм æмæ абоны онг цæс-гомджынæй лæггад кæны йæ адæмæн ахæм тæссаг, фæлæ хъæугæ куысты.

Тъотъоты лæппумæ фарст куы радтон, «цæмæн равзæрста ОМОН, зæгъгæ, уæд мын уайтагъд дзуапп ратта – «мæ фыд мæ сразæнгард кодта».

«Мæ дыккаг хæдзæртты лæппу уæды рæстæджы службæ хаста ОМОН-ы рæнхъыты æмæ ма скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд дæр сын сæ кой арæх хъуыстон. Уыдонмæ-иу хæдзармæ дæр арæх æрбацыдысты йе ‘мкусджытæ – иу хатт мæ ОМОН-ы командиры хæдивæг Сиукъаты Темо йæ автоматæй фехсын кодта æмæ æз, æрыгон лæппу, мæхицæй тынг ныббуц дæн, ме ‘мбæлттæн-иу æппæлыдтæн. ОМОН-ы бындурæвæрæг Гæззаты Вадимимæ мæ фыд дæр хорз зонгæ уыдис æмæ-иу йæ кой арæх кодта – хуыдта йæ раст лæг æмæ ирон адæмы сæрхъызой. Скъола каст куы фæдæн, уæд мæ фыд бацархайдта, цæмæй мæ ОМОН-ы рæнхъытæм айстаиккой. Мæнæн та æмбарын кодта, зæгъгæ, кæд æмæ тæссаг куыст у, уæддæр ахæм коллективы уæвгæйæ раст фæндагæй никуы фæиппæрд уыдзынæ», – зæгъы Раймонд.

ОМОН-ы сырæзты нысан уыд – фæтк æрæвæрын æрыгон республикæйы. Хæсты фæстæ алы хатт дæр æхсæнады вæййы хæццæдзинад, сæхи раргом кæнынц криминалон элементтæ, сабыр цæрджыты психикæйыл дæр æвзæрырдæм бандавы хæстон уавæр, æмæ уымæ гæсгæ барадхъахъхъæнæг органтæн вæййы бæрæг фылдæр куыст. Уыимæ ма иумæ, нæ республикæ нæ уыд æдас æддагон знæгтæй дæр æмæ тох кæнын хъуыд дыууæ фронты. ОМОН-ы кусджытæ дæр хъахъхъæдтой адæмы сабырад æмæ ма лæууыдысты арæнтыл иннæ тыхон структурæтимæ. Постытæ сын уыд алы рæтты æмæ сын хæсты хæдразмæ улæфты рæстæг бынтондæр нæ уыд – иу постæй иннæ постмæ цыдысты æмæ ма-иу сæ комкоммæ службæйон хæстæ дæр æххæст кодтой æхсæнады сабырад бахъахъхъæныны фæдыл.

 «Бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам, спецкъорды рæнхъытæй бирæтæ фæхъуыдысты фыдгæнджыты æмæ æддагон знæгты къухтæй. Сæрдæй-зымæгæй нæ уæззау уаргъ не рагъæй нæ хаудта. Акъоппыты-иу уæрагмæ доны уазæлтты фæлæууыдыстæм, алы уысм дæр мæлæтмæ æнхъæлмæ кастыстæм, мидæггагон знæгтæ та нын æнцойад бынтон нæ дæттой. Фæлæ уæддæр фæстæмæ  акæсгæйæ нæ фæсмон кæнын мæ равзаргæ царды фæндагыл».

Раймонды ныхæстæм гæсгæ уæззау рæстæджытæ æрмæст 2008 азы нæ ныллæууыдысты – 2001 азы президентон æвзæрстыты дæр не ‘хсæнад уыд тынг хæццæ.

 «Уæды рæстæджы нæ адæм ныддихтæ сты æмæ кæрæдзиимæ быцæу кодтой. Хъуыдис æрмæстдæр чысыл провокаци, æмæ не знæгты фæндиаг фæуыдаиккам. Фæлæ нæ Хуыцау фыдбылызæй бахызта. Ахæм уавæр ма нæм уыдис 2011 азы президентон æвзæрстыты рæстæджы дæр. Хъуыддæгтæ йæ куыд равдыстой, афтæмæй адæмы схæццæ кæнынæн бирæ нæ хъæуы, фæлæ стæй се ‘рсабыр кæнын барадхъахъхъæнæг органтæм æрхауы. Ӕмæ мах та кæйдæртау адæмы нæ дихтæ кæнæм – иууылдæр сæ нæ хотыл æмæ не ‘фсымæртыл нымайæм. Уымæ гæсгæ нын ахæм уавæрты тынг зын кусæн вæййы».

Ӕрыгон кусджытæй Раймонд райгонд у æмæ йæ уырны, ОМОН-ы кад дæлæмæ кæй никуы æруадздзысты æмæ кæй адарддæр кæндзысты фыццаг командиры хъуыддаг.

Нæ уадзынц дæлæмæ ОМОН-ы кад

Ныфс кæмæй ис бавæрæн, ахæм æрыгон кусджытæй сæ иу у Тедеты Азæмæт. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд æй аскъуыддзаг кодта, йæ хъысмæт кæй хъуамæ бабæтта ОМОН-имæ. Ӕмæ йыл 18 азы куы сæххæст, уæд бахаста йæ гæххæттытæ æмæ æнтыстджынæй радта нормативтæ. Ныр дæс азæй фылдæр иузæрдион лæггад кæны йæ адæмæн, хъахъхъæны цæрджыты æнцойад.

«Мæ хæдзары бинонтæй æмæ æввахс хæстæджытæй ничи куыста барадхъахъхъæнæг органты, фæлæ мын зонгæтæ æмæ æмбæлттæ бирæ уыд, кæцытæ службæ хастой тыхон структурæты. Дзауы поселокы цæргæйæ æрвылбон æмбæлдтæн ОМОН-ы кусджытимæ, уыдтон сын сæ архайд, æмæ мæ бафæндыд ацы спецкъорды кусæг суæвын», – зæгъы Азæмæт.

Ӕвзыгъд лæппу цæстæвæрæн фæцис, иттæг хорз æххæст кодта йæ службæйон хæстæ, æппынæдзух тырныдта йæ профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ. ОМОН-ы къухдариуæгад дæр æм сæ хъус æрдардтой æмæ йæ бамбæрстой, бæрнондæр бынаты дæр кæй сарæхсдзæнис. Уымæ гæсгæ йæ ракодтой хæстон æмæ физикон цæттæдзинады инструкторы бынатмæ. Азæмæт бынтондæр нæ фæтыхстис ног службæйон хæстæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ коллективы æнгомдзинад куы уа æмæ командиры ‘рдыгæй хорз ахаст куы æнкъарай, уæд зындзинæдты сæрты æнцон у хизын. Азæмæты йæ кæстæр æфсымæр дæр бафæзмыдта æмæ уый дæр ныр 4 азы бæрц службæ хæссы ОМОН-ы рæнхъыты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.