Куыст цардæн фæрæз кæй у, уый алкæмæн дæр зындгонд у, фæлæ йæм алкæмæн иугъуызон ахаст нæй. Ис ахӕмтӕ, чысылӕй фӕстӕмӕ хӕдзары уӕз йе уӕхсчытыл кӕмӕн ӕрӕнцайы, уыдон фӕллой кӕныныл сӕхи чи никуы атигъ кӕнынц.

Царды уӕззау ӕргъом къаннӕг лӕппуйӕ фӕстӕмӕ чи фӕхаста ӕмӕ абоны бон дӕр ууыл йӕхи чи нӕ тигъ кӕны, уыдонӕй у Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрӕг Гоцъиты Суликъо дӕр.

Астаздзыд лӕппу хъуамӕ сӕрибарӕй рӕзтаид, йе   ‘мцахъхъӕнтимӕ хъуамӕ хъӕууон хъӕзтытӕй зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн йӕ мондӕгтӕ истаид, стӕй ахуыргӕнӕджы амындтытӕм зӕрдӕргъӕвдӕй хъуыстаид. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уыцы уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕй цух уыд, бинонтӕ мӕгуыр цард кӕй кодтой, сӕ азмӕлӕнтӕ зӕрдӕйы фӕндиаг кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Уый хыгъд ӕххӕст кодта хӕдзарон куыстытӕ, хайад иста колхозон куыстыты дӕр. Уӕды мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк рӕстӕджы зӕххытӕ хуым кодтой галгутӕттӕй, рувгӕ культурӕтӕм зылдысты къӕпийы фӕрцы. Хосгæрдæны-иу хосдзаутæ сæхи æмæ колхозы фосæн дæр зымæгмæ цæттæ кодтой холлæгтæ. Ахӕм куыстытӕм рӕвдз уыд Гоцъиты цӕрдӕг ӕмӕ уӕнгрог лӕппу дӕр, йӕ тых ӕмӕ хъару куыд уыд, афтӕ хистӕрты фарсмӕ ӕдзухдӕр куыстыл лӕуд уыд. Бынтон хӕрзӕвзонг уыд, афтӕ колхозы фосимӕ фыййау ацыд Хъызлары зымӕгон хизӕнуӕттӕм дӕр.

Фӕстӕдӕр, иугӕр бинонтӕ куы ӕркодта, йе ‘мкъай Куымӕридтаты Енгресимӕ сын дыууӕ чызг ӕмӕ иу лӕппу куы фӕзынд, уӕд ноджы фӕдывӕр сты сӕ аудинӕгтӕ. Суликъо йе ‘ргом фылдӕр аздӕхта фосдарды куыстмӕ ӕмӕ хӕдзарадӕн ацы къабазы ӕнтыстытӕ кӕй уыд, фосдарды продуктивондзинад азӕй азмӕ кӕй рӕзт, уым уыд ацы намысджын фӕллойгӕнӕджы уӕзгӕ хайбавӕрд дӕр. Уый тыххӕй дзы райгонд уыдысты хӕдзарады разамонджытӕ. Иугӕр пенсийы куы ацыд, уӕд хӕрзбон загъта ӕхсӕнадон фӕллойӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хисӕрмагонд хӕдзарады уыд ӕмӕ абоны бон дӕр у цӕвиттойнаг. Кӕд йӕ уарзон ӕмкъай цардӕй раджы ахицӕн, уӕддӕр лӕууы хъӕддых, хӕдзары фарн нӕ уадзы фӕцудын. Ныртӕккӕ дӕр зилы цыппар стурмӕ, фаг сын ӕрцӕттӕ кодта холлæгтæ. Гоцъийы фыртӕн ӕрмӕст йӕ кӕртмӕ бахизгӕйӕ дӕр барухс вӕййы адӕймаджы зӕрдӕ йӕ хӕрзӕфснайдӕй.

Ацы бонты Гоцъиты Суликъойы райгуырдыл сӕххӕст 90 азы, фӕлӕ нырма дӕр у уӕнгрог ӕмӕ куыстхъом. Цӕры йе ‘мхъӕуккӕгтимӕ хъӕрмудӕй. Йӕ 90 азы юбилейы сӕраппонд æм арфӕйы фыстӕг ӕрӕрвыста Уӕрӕсейы Федерацийы президент В. Путин ӕмӕ дзы дзырдӕуы:

«Зӕрдӕбынӕй дын арфӕ кӕнын дӕ юбилейы цытӕн!

Ды кадджынӕй рацыдтæ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕззау фӕлварӕнтыл, дӕ куысты фӕрцы тыхджындӕр кодтай бӕстӕйы хъӕздыгад ӕмӕ хъомысад. Дæ зæрдæйы хæссыс Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзт, ӕууӕнк – рӕстагон   хъуыддагмӕ.

Уӕ фӕлтӕры – Уæлахизы фæлтæры – сгуыхтдзинад цӕрдзæнис ӕнустӕм, нӕ адӕмы иу кӕны егъау цардарӕзты нысанмӕ.

Фӕнды мӕ дæуæн уды уӕнгрогдзинад ӕмӕ амонд».

Мах дӕр арфӕ кӕнӕм ацы арфӕйаг куыстуарзаг адӕймагӕн ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы царды иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.