Фыдæлты цардуаджы фæивдимæ, куыд Кавказы æндæр нацитæ, афтæ ирон адæм дæр национ дарæсмæ фæивтой сæ ахаст –  ивын æй райдыдтой европæйаг уæлæдарæсæй. Фæлæ  цæуы рæстæг æмæ та нæ фæсивæд цадæггай се ‘ргом здахын райдыдтой сæ национ дарæсмæ. Арæхæй арæхдæр сæ фенæн вæййы ирон акцентимæ уæлæдарæсы. Уымæй дарддæр ма бирæтæ райдыдтой ирон национ дарæс сæхæдæг хуыйын, фæзынд дизайнертæ, хуыйджытæ æмæ зæрдиагæй кусынц национ дарæс парахат кæныныл.

Икъаты Аланæ каст фæцис Цхинвалы Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицей. Уæлдæр ахуырад райсынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ экономикæйы хайадмæ, фæлæ чысылæй фæстæмæ цы архайдмæ цымыдис кодта, уый уæддæр уыд хуыйæджы дæсныйад. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй æртæаздзыдæй райдыдта йæ фидæны дæсныйадмæ йæ фыццаг къахдзæфтæ кæнын. Хъуымацы гæппæлтæй-иу йæ хъазæнтæн бахуыдта дарæс æмæ-иу ын рауадысты зæрдæмæдзæугæ.

Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндоны студент суæвгæйæ дæр Аланæйы хъуыдыты уыд йæ уарзон дæсныйад бæстондæр сахуыр кæнын æмæ университеты æмрæнхъ уый бацыд Дзæуджыхъæуы дæсны хуыйджыты лицеймæ. Æрыгон чызджы арæхстджын къухтæ  карстой хъуымац, хуыдтой æмæ скæнынæввонг кодтой алыгъуызон уæлæдарæс. Афтæ цайдагъ кодта хуыйæджы дæсныйадыл. Аланæйæн йæ зæрдæмæ тынгдæр цыд ирон национ дарæс хуыйын æмæ бæстондæрæй æрæвнæлдта ацы фæдыздæхты йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ. Бацыд, ацы хъуыддаг чи амыдта, уыцы ахуыргæнæг Саутæты Зæлинæйы къордмæ.

«Зæлинæ у, йæ ахуыргæнинæгтæн йæ зонындзинæдтæ рæдауæй чи амоны, ахæм хæларзæдæ æмæ уыимæ домаг ахуыргæнæг. Уый руаджы æз ноджы фылдæр бауарзтон ирон национ дарæс хуыйын. Кæд нæу æнцон хуыйæн, иуæй-иу хатт бахъæуы уæлдай арæхстдзинад равдисын, уæддæр Зæлинæйы руаджы æз сахуыр дæн, куыст куыд домы, афтæ аразын æмæ дзы абон дæр стыр бузныг дæн», – загъта Аланæ. Университеты ахуыр кæнгæйæ дæр Икъаты чызг равдыста хорз бæрæггæнæнтæ, æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ. Йæ дыууæ дæсныйады дæр бæтты йæ фидæны цардимæ, æрыгон чызг уæвгæйæ, Аланæмæ йæ дарддæры царды ис бирæ плæнттæ. Йе стырдæр  бæллиц у ирон национ дарæс хуыйæн сæрмагонд ателье æрбакæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы бæллиц сæххæст кæнынæн, сæйраджыдæр, хъæуы  æхцайы фæрæзтæ самал кæнын. Фæлæ æрыгон чызг йе уонг нæ уадзы, ныфс æй ис, кæй сæххæст кæндзæн йæ бæллиц. Ныр та уал Аланæ йæ куыст кæны йæ ныййарджыты хæдзары. Райсы закъазтæ æмæ сæ хуыйгæ дæр кæны иу-нæгæй. Хуыйæн æрмæджытæ самал кæны Республикæйæн æддейæ. Хуыйы, куыд сылгоймаджы къабатæ, афтæ нæлгоймаджы дарæс дæр, фæлæ фылдæр уарзы сабиты уæлæдарæс хуыйын. Аланæ нæ пайда кæны цæттæ орнаменттæ дарæсыл æндадзыны методтæй. Алы дарæсыл дæр, закъазгæнæг цавæр орнаменты хуыз фæ-зæгъы, ахæм бахуыйы йæхæдæг къухæй. Кæд орнамент вæййы зын хуыйæн, фæ-хъæуы йæ сæрмагонд хуыйæн машинæйæ хуыйын, уæд та йæ арвиты Цæгат Ирыстонмæ, кæд ын зындзинæдтæ æвзарын кæны, уæддæр.

Аланæ ма фæнд кæны ирон дарæсы уæрæх коллекци æрæмбырд кæнын: «Фæнды мæ, цæмæй нæ фæсивæд лæмбынæгдæр зонгæ кæной ирон дарæсы хуызтимæ, бауарзой йæ æмæ йæ дарой куыд бæрæгбонты, афтæ æрвылбонон царды дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ирон чызг кæддæриддæр уыдзæн рæсугъддæр ирон дизайнимæ фæлысты. Ахæм дарæсы, куыд йæ бакаст у аивдæр, афтæ мæм йæ миддуне дæр фæкæсы æгъдауджындæр, – зæгъы Аланæ. – Ныртæккæ мæм фылдæр закъаз кæнынц сылгоймаджы дарæс. Вæййы мæм нæлгоймаджы хæдæттæ дæр. Фæстаг рæстæджы мæм арæхдæр кæнынц скъоладзау лæппутæн ирон акцентимæ хæдæттæ бахуыйыны тыххæй закъазтæ. Ныфс мæ ис, æввахс рæстæджы нæ фæсивæд арæхдæр кæй райдайдзысты национ дарæс дарын».

Ирон дарæсы хуызтæй дарддæр Аланæ хуыйы æндæр алыгъуызон дзаумæттæ – европæйаг къабатæ, нæлгоймаджы хæдæттæ, бахуыйы пальтотæ дæр. Икъаты чызг ныртæккæ цы бакусы, уый йæ хъуыдыты бæтты йæ фидæны фæндтæ сæххæст кæнынимæ: «Кæй зæгъын æй хъæуы, ателье æрбайгом кæнын нæу æнцон хъуыддаг. Сæйраджыдæруал мæн фæнды бынат самал кæнын. Æнæмæнгхъæуæг хуыйæн æрмæджытæ æмæ сæрмагонд машинæтæ дæр сты зынаргъ. Уыдæттæ хынцгæйæ, ныртæккæ мæ закъазтæй цы æхцайы фæрæзтæ райсын, уыдонæй фæнд кæнын ателье æрбайгом кæнынæн спайда кæнын». Уымæй дарддæр ма Аланæйы ныфс ис, йæ уарзон горæты кæй разындзæн йæ куыстæн аргъгæнджытæ æмæ йын уыдон дæр кæй  баххуыс кæндзысты ацы хъуыддаджы. Æрæджы республикон библиотекæйы уыд Культурæйы министрады хыгъдон æмбырд. Йæ хайадисджыты размæ рахастой  Аланæйы хуыд национ дарæсы фыццаг цыбыр равдыст æмæ йын йæ куыстæн æрцыд аккаг аргъ.

Ахæм фæндвидар æмæ нысанмæ тырнæг æрыгон адæймæгтимæ фембæлгæйæ, сæ архайдимæ сын базонгæ уæвгæйæ, адæймагмæ сæвзæры æхцондзинады æнкъа-рæнтæ нæ фæсивæды тыххæй.  Нæ куырыхон рагфыдæлты кад æмæ фарн кæй адарддæр кæндзысты, уæззау дугивæнты дæр ууыл зæрдæдарæн ис.

Уадз, фылдæрæй-фылдæр кæнæт Икъаты Аланæйы хуызæн ирд æмæ сыгъдæг зондыл хæст фæсивæд. Аланæйæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй йын бантыса йæ рухс фæндтæ сæххæст кæнын.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.