О, куыд тагъд тындзынц нæ иувæрсты нæ азтæ! Афтæ мæм кæсы, цыма нырма хæрзæрæджы нысан кодтам газет «Хурзæрин»-ы 90 азы юбилей. Æмæ мæнæ ныр та нæ уарзон газетыл сæххæст 95 азы.

Газет «Хурзæрин»-ы кусджытæй æнæрæстæджы а-дунейæ чи аивгъуыдта æмæ коллективы зæрдæты ирд фæд чи ныууагъта, уыдонæй иу уыд Гуыбеты Юри. Уый уыд коллективы уарзон адæймаг. Юрийы амæлæтæй кæд 15 азы бæрц рацыд, уæддæр æй йæ уарзон коллектив нæ рох кæнынц æмæ йын арæх æрæмысынц йæ рухс ном. Иумиагæй сисгæйæ, газет «Хурзæрин»-ы рагондæр кусджытæ арæх ракæнынц, се ‘хсæн чи нал сты, уыдоны хорзы кой, газеты редакцимæ кусынмæ фæстæдæр чи æрбацыд æмæ ахæм диссаджы адæймæгтимæ бакусыны амонд кæмæ не ‘рхауд, уыцы æвзонг фæлтæрæн. Сæ диссаджы адæймагон миниуджытæ сын æрхæссынц цæвиттонæн, цæмæй сæ уыдон дæр фæзмой æмæ сын сæ хорз хъуыддæгтæ дарддæр кæной. Нæ уыцы диссаджы æмæ уарзон æмкусджытæ нæ зæрдæтыл уæлдай тынгдæр æрлæууынц, уæхскуæзæй æмæ æвæллайгæйæ бирæ азты дæргъы цы газетæн фæлæггад кодтой, уымæн йæ юбилей куы фæнысан кæнынц, уæд. Адæймаджы цæстыты раз сыстынц сæ рухс фæлгæндзтæ… Хатт нæм афтæ дæр фæкæсы, цыма та райсомæй, куыстмæ æрбацæугæйæ, дæ райсом хорз зæгъдзыстæм нæ уарзон æдзард æмкусджытæ Гуыбеты Юри, Дыгъуызты Гриша, Тасойты Баграт, Беппиты Дуня, Тедеты Юля, хъæбулы æмæ цардæмбалы мæрдæй – зæрдæрыст, гуырдзыйы къухтæй рафтгæ хæларзæрдæ æмæ уæздан сылгоймаг Джиоты Наташæ, лæггадгæнæг Гæбæраты Зинæ, Джиоты Насти, коллективы ‘хсæнæй цалдæр мæйы размæ чи фæхъуыд, бынтон æнæнхъæлæджы йæ хур кæуыл аныгуылд, нæ уыцы худгæбыл æмæ æнæхин коллегæ, нæхи Туаты Ларисæйæн. О, фæлæ та нæ нæ сæнттæ фæсайынц æмæ сæ нæ удæгасæй кæй никуыуал фендзыстæм, ууыл ахъуыды кæнгæйæ та нæ зæрдæтæ нырхæндæг æмæ ныууæззау вæййынц. Уымæн æмæ ирон мыхуырæн бирæ азты дæргъы иумæ лæггад кæнгæйæ, нæ цин æмæ нæ хъыг кæрæдзиимæ дих кæнгæйæ, свæййæм мады зæнæгты хуызæн, кæрæ-дзийæн зынаргъ адæймæгтæ. Фæлæ хатт цард æмæ хъысмæт разынынц бынтон æгъатыр æмæ нæ кæрæдзийæ æнæ-рæстæджы фæхицæн кæнынц. Æрæ-мысæм сын сæ хъазæн ныхæстæ дæр æмæ сыл æрхæндæгзæрдæйæ фæхудæм. Хатт цыма нæ хъустыл ауайынц сæ уæздан æмæ рæвдауаг хъæлæстæ, афтæ дæр нæм фæкæсы. Нæхицæй бабуц вæййæм, ахæм хуыцаусконд, куырыхон æмæ зæрдæхæлар адæймæгтимæ бакусыны амонд нæм кæй æрхаудта, уымæй. Раст сæ цыма исчи барæй равзæрста, уыйау амæй-ай хуыздæр адæймæгтæ уыдысты. Фæлæ абон мæ дзырды сæр у, хæларзæрдæ æмæ æнæхъыгдард чи уыд, уыцы Гуыбеты Юрийыл.

Гуыбеты Юри хауд ахæм адæймæгты категоримæ, кæцытæн сæ бон æвзæрдзинад саразын нæ, фæлæ адæймаджы дзыхы ныхасæй фæхъыг кæнын дæр сæ бон кæмæн нæ вæййы. Мæ цардæмбал Хуриты Гиви дæр къорд азтæ батыдта газет «Хурзæрин»-ы кусгæйæ æмæ нæ дыууæйæн дæр Юри уыд æввахс æмæ уарзон адæймаг. Арæх-иу цыдысты кæрæдзийы хæдзæрттæм дæр æмæ-иу адджын бадтытæ фæкодтой. Юрийæн хорз кад уыд, 35 азы дæргъы кæм фæкуыста, уыцы коллективы ‘хсæн. Иу рæстæджы Юри æмæ Гиви редакцийы хъæууон хæдзарады хайады кусгæйæ, иу кабинеты дæр бирæ фæбадтысты. Куыстуарзаг уыдысты сæ дыууæ дæр. Газетæн хъæууон царды фæдыл уац ныффыссыны тыххæй-иу Ирыстоны къуым-тæй кæм нæ балæууыдысты, ахæм нæ баззад.  Фæстæдæр та Юри цалдæр азы, суанг йæ амæлæты боны онг куыста газет «Хурзæрин»-ы бæрнон нымæрдары хæдивæгæй. Ацы бынаты кусгæйæ, иу кабинеты кæимæ бадт, абон дæр газетæн чи лæггад кæны, нæ уыцы æмкусæг Гуыцмæзты Евелинæйы зæрдыл дæр арæх æрлæууы, æфсымæры хуызæн ын чи ссис, уыцы æдзард æмкусæг. Фæзæгъы, зæгъгæ, Юрийы хуызæн раст æмæ хæларзæрдæ æмкусджытыл стæм хатт сæмбæлы адæймаг.

2004 азы майы мæйы Юри бынтон æнæнхъæлæджы рынчындонмæ куы бахауд, уыцы хабар нæм дисау дæр фæкаст. Кæрæдзийы фарстам: «Цы йыл æрцыд, йе ‘нæниздзинадæй куы никуы хъаст кодта, уæд. Уайтагъд æй абæрæг кодтам рынчындоны. Абон дæр ма мæ хъустыл уайынц йæ ныхæстæ, зæгъгæ, дам мæ ам цæмæн дарынц, уымæн ницы зонын, ницы, зæгъ мæ риссы. Хъæлдзæг зæрдæйæ немæ фæныхас кодта æмæ куы цыдыстæм, уæд ма йæм бадзырдтам, зæгъгæ, дæм æввахс бонты æнхъæлмæ кæсæм редакцийы. Уый дæр нын ныфс бавæрдта, фæлæ… Фæлæ нæ фæсайдта… Рацыдысты уыцы бонтæ æмæ цæугæ нæ, хæсгæ фæцис. Уæд ыл хъуыды дæр нæ акодтам, нæ уарзон æмкусæджы ма сæрæгасæй фæстаг хатт кæй уынæм, ууыл. Алкæмæн дæр æнæнхъæлæджы зын хабар уыд, рынчындонмæ кæй бахауд, бынтон æнæнхъæлæджы уæззау хабар та нын йæ амæлæт уыд. Йæ сау хабар ын куы фе-хъуыстам, уæд фергъиау стæм. Ау, дзæбæх куы уыд, уæд ма йыл æвиппайды цы æрцыд. Нал ын бантыст йæ хæдзары къæсæрæй бахизын, нал ын бантыст йæ кусæн кабинеты дуар бакæнын. Нал сæмбæлд райсомæй йе ‘мкусджытыл. «Сæмбæлд» уымæн зæгъын, æмæ-иу стæм бонæй дарддæр фыццаг йæ кабинеты дуар Юра бакодта, нæ уарзта куыстмæ рæджы кæнын, уарзта фæтк æмæ æгъдау алыран дæр. Хъæууон хæдзарады хайады кусгæйæ, газетæн æрмæджыты фæдыл цæугæйæ, зылд Ирыстоны хъæутыл, афтæ ма Советон Гуырдзыстоны бирæ ирон хъæутыл дæр. Сæ цæрджыты цинтыл цин кодта, сæ хъыгтыл та – хъыг, афтæмæй сæ газеты фæрстыл хаста адæмы рæгъмæ. Секретариаты кусгæйæ та æдзухдæр архайдта, цæмæй газет рæстæгыл срæвдз уыдаид, рæсугъд макеттæ сарæзтаид, ууыл. Йæ намысджын куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæджы ном.

Нæ мæ рох кæнынц газет «Хурзæрин»-ы уæды редактор Гæбæраты Юрийы ныхæстæ дæр Гуыбейы фырты амæлæты тыххæй. Уый загъта, зæгъгæ, Юри уыд коллективы ирд гоймаг æмæ, зæгъ, нæ коллектив фæсидзæргъуыз, цыма нал фидауæм æнæ уый, афтæ мæм кæсы. Мæ мад, зæгъ ын йæ амæлæты хабар куы фехъуыста, уæд, дам, йæ кæуынæй цасдæр рæстæджы дæргъы нал банцад, кæд æй æрмæстдæр цалдæр хатты федта (Гæбæрайы фырт-иу йе ‘мкусджыты фæхуыдта Лалисайы дзуары бонмæ), уæддæр, зæгъ, æй тынг бауарзта.

Йæ амæлæты фæстæ нæ уарзон æмкусæджы бандоныл цасдæр рæстæджы дæргъы æрбадын никæйы цæст бауарзта. Йæ кусæн стъолмæ бакæсгæйæ-иу нæ зæрдæтæ суынгæг сты… Уæдæ-иу уый йе ‘ххуысы къух кæмæ нæ фæдаргъ кодтаид, ахæм нæ уыд, фæнды – хионмæ, фæнды –  йæ коллегæтæм, фæнды – сыхагмæ. Сæрдыгон тæвд бонты-иу æрдзы хъæбысмæ, нæхи аирхæфсынмæ ацæугæйæ кæнæ бынаты исты нысаниуæгджын бон нысан кæнгæйæ, уайтагъд алцыдæр ацæттæ кодта, йæ фердæхт бынтондæр никæимæ хæццæ кодта. Зын нын уыд ахæм коллегæ фæсафын. Алкæмæн дæр нæ ныфсы бынаты уыд. Фæлæ цы гæнæн ис, хъысмæты раз балæууæн нæй. Адзалæн мадзал нæй. Æнæнхъæлæджы ахицæн дæ, Юри, не ‘хсæнæй, дæ тæккæ лæджы кармæ куы бахæццæ дæ, уæд. Махæн ма нæ бон цы у, уый – дæ рухс ном дын мысдзыстæм,  цæрæнбонтæм дæ рæсугъд фæлгондз цæрдзæн дæ коллегæты, чи дæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.