Уагъд æрцыд чысыл амалиуæгадæн льготон кредиттæ радтынæн ахъазгæнæг фонды Æвджидон Советы фыццаг рабадт.

Советы Сæрдар, Экономикон рæзты министрады социалон-экономикон планкæнынад æмæ прогноз кæныны управленийы хистæр Бибылты Ноннæ банысан кодта, зæгъгæ, азы райдианæй Советмæ бахастой 90 куырдиаты бæрц льготон кредиттæ дæттыны программæйы фæдыл кредитон фæрæзтæ райсыны тыххæй.

Уыдонæй, фыццаджыдæр, æркастæуыд хъæууон хæдзарадмæ хауæг проекттæм. 14 проектæй развæлгъау хорзыл нымад æрцыдысты 11. Иннæтыл хъæуы ноджыдæр æруынаффæ кæнын.

Бибылты Ноннæ бамбарын кодта, зæгъгæ, æппæт проекттæ дæр лæмбынæг ахуыр цæуынц, бахæсгæ бизнес-планæн дзуапп дæтты æви нæ, уый рабæрæг кæныны тыххæй.

«Мах лæмбынæг зонгæ кæнæм бавдисгæ проектты банымадтытимæ æрмæст уæвæг бизнес рауæрæх кæныны фæдыл нæ, фæлæ стартаптæ дæр. Советы хæс у, цæмæй контроль кæна, льготон кредиттæ радтыны тыххæй ахъазгæнæг Фонд цы æхцайы фæрæзтæ хицæн кæны, уыдоныл. Фæнды мæ зæрдыл æрлæууын кæнын, куырдиат бадæтджытæ бæрн кæй хæссынц уыцы  зонæнты растдзинады тыххæй, кæцытæ æвдыст æрцыдысты бизнес-плæнтты», – загъта Бибылты Ноннæ.

Советы уæнгтæй сæ иу, Экономикон рæзты министры хæдивæг Козаты Роин ма банысан кодта, зæгъгæ, бизнес-проекттæм æнæмæнгæй хъæуы хъус дарын реализацийы æппæт этаптыл дæр.

«Æнæмæнгхъæуæг у уавæртæ саразын   кредиттæ раздахыны фæдыл, цæмæй хатырон кредиттæ дæттынæн ахъазгæнæг Фондмæ фæстæмæ здæхой фæрæзтæ. Уый та йæ рады нысан кæны, бизнес-проект реализаци кæй хъуамæ ‘рцæуа планмæ гæсгæ», – загъта уый.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Советы скондмæ бацыдысты Парламенты Экономикæ, чысыл амалиуæгад  æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал, Парламенты Сæрдары æххуысгæнæг Уалыты Сергей, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Джуссойты Сослан, арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Атей»-ы генералон директор Босыкты Владимир, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты хайады хистæр Гаглойты Сослан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.