Апрелы мæйы Экономикон рæзты министрад райдайдзæн хатырон кредиттæ дæттын чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады фæдыл.

 Куыд зонæм, афтæмæй уый тыххæй куырдиæттæ ист цыд чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады управленимæ, кæцы ис Экономикон рæзты министрады дæлбар. Йæ сæргълæууæг та у Мамытаты Сослан. «14-æм январæй 14-æм февралмæ истам куырдиæттæ æмæ бизнес-проекттæ. Ныр сæ къамис ахуыр кæны. Иуæй-иу проекттæ сахуыр кодтам æмæ сты реализацийы стадийыл, иннæты дæр ахуыр кæнæм. Конкурсон къамисы сконды ис Президенты дыууæ минæвар, фæйнæ уæнгы, Хицауад æмæ Парламентæй, Æхсæнадон æмæ амалиуæг-гæнджыты организациты минæвæрттæй дæр – фæйнæ адæймаджы. 2020 азы цы куырдиæттæ æмæ бизнес-плантæ æрбавдыстой амали-уæгад райтынг кæныны тыххæй, уыдон сты 138», –  загъта Мамытаты Сослан.

Уый ма лæмбынæг æрдзырдта, 2020 азæн фонды бюджет иннæ азтæм абаргæйæ бæрæг кæй фæфылдæр. Ацы аз лæвæрд æрцæудзæн 27 милуаны æмæ 110 мин сомы, уый уыдзæн 2019 азы бюджетæй 3 милуан сомы фылдæр. Фарон, амалиуæгады нысанæн чысыл æмæ астæуккаг бизнескæнынæн кæд 59 бизнес-планæн æрцыд, лæвæрд кредит, уæд ацы аз къамис хъавы уыцы  нымæц фæфылдæр кæнынмæ. 2020 азы бæрæг фылдæр кæй сты æфтиæгтæ, уый тыххæй та управ-ленийы хистæр афтæ загъта: «Президенты амындмæ гæсгæ мах ба-куыстам хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй ног закъоныл. Уырдæм хаст æрцыд ахæм пункттæ, куыд контроль фæтыхджындæр кæнын фонды архайдыл, æмæ амалиуæгады фадыджы фидар рæзт сифтонг кæнын. Ацы ивындзинæдтæ æрмæст амалиуæггæнджыты хæрзиуæгæн арæзт не ‘рцыдысты. Уый ма ахъаз уыдзæн æндæр адæймæгты кусæгон бынæттæй сифтонг кæнын æмæ сын сæ царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн. Уыдон сæ куыстæй цы хъалонтæ фидой, уыдонæй та уæрæх кæндзæнис республикæйы иумийаг бюджет æмæ скъуыддзаг цæудзысты бирæнымæц социалон-экономикон проблемæтæ. Ног закъонмæ ма ноджы хаст æрцыд ахæм пункт, кæцымæ гæсгæ ивгъуыд азты хатырон кредиттæ чи ахаста, уыдоныл эффективонæй контроль кæнæн уыдзæн. Уымæ та сæ хъус хъуамæ дарой канд амали-уæггæнджыты æххуысы фонд нæ, фæлæ ма банг дæр. Кредиттæ нысанмæздæхтæй чи нæ хардз кæна, уыцы кредиторты ныхмæ та ист цæудзæн санкцитæ.

Мах цымыдис кодтам, цы бизнес-плантæ сæм ис, уыдон цы критеритæм гæсгæ æвзардзæн къамис, уыцы фарстмæ.

«Бизнес-плантæ æвзæрст цæудзысты хъæлæсæппæрстæй. Иу кæнæ иннæ проектмæ æркæсыны рæстæджы хуынд æрцæуынц автортæ сæхæдæг дæр. Уыдонмæ лæвæрд фæцæуы алыхуызон фарстатæ, æмæ кæд дзуаппытæ фæцæуынц специалистты зæрдæмæ, уæд проект ист æрцæуы. Ацы аз нæм цы бизнес-проекттæ æрбавдыстой, уыдонæн сæ фылдæр хай сты хъæууон хæдзарады сферæйы фæдыздæхты. Ис нæм, раздæр фосдарды куыст чи кодта æмæ ныр йæ бизнес рауæрæхдæр кæнынмæ чи хъавы, ахæм проекттæ».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.