Казахстаны ноджы иу америкæйаг биологон лабораторийы арæзтады темæ, кæцы æввахс фидæны фæзындзæн Жамбылскы областы Гвардейскоейы поселочы, серьезонæй сызнæт кодта æппæт постсоветон тыгъдады. Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады Казахстан иунæг бæстæ нæу, кæцытæ сæмбæлдысты ахæм проблемæйыл. Раздæры Советон Цæдисы ахæм объектты хызæг америкæйæгтæ аразын райдыдтой Украинæйæ. Ацы лабораторитæ цахæм тæссагдзинад хæссынц, уый тыххæй сæрмагонд конференцийы радзырдта Украинæйы Æдасдзинады службæйы раздæры кусæг Василий Прозоров.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2005 азы Украинæмæ официалон визитимæ æрцыд АИШ-ы демократон партийæ уæд нырма сенатор Барак Обама. Незалежнаямæ бацæуыны рæстæджы уый активонæй цымыдис кодта, советон ахуыргæндты биологон иртасæнты фæстиуджытæ кæм хъахъхъæд цыдысты, уыцы объектты уавæрмæ. Уыцы аз АИШ-ы хъахъхъæнынады министрады æмæ Украинæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады ‘хсæн фыст æрцыд сразыдзинад «Технологитæ, патогентæ æмæ зонындзинæдты парахат кæнын ма бауадзыны къабазы æмгуыстады тыххæй, кæцытæй гæнæн ис спайда кæной биологон хæцæнгарз бакусыны тыххæй». «Америкæйаг æфсæддонтæ уæд бындуронæй æрцардысты Украинæйы территорийыл. Биологон лабораториты модернизацийы æфсонæн уыдон баирвæзтысты ахæм уагдæттæм, куыд æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад, республикон санитарон-эпидемиологон службæмæ, аграрон зонæдты национ академимæ. Æмæ 2007 азæй фактон æгъдауæй æрæвнæлдтой централон референц-лаборатори æмæ уæлдай тæссагдæр патогентæ æмæ æфснайæндæттæ аразынмæ», – радзырдта Прозоров.

Украинæйы æдасдзинады службæйы раздæры дæлбулкъон фехъусын кодта, зæгъгæ, 2013 азы патогенты коллекци, кæцытæ уыдысты Украинæйы æмæ сæ аргъ уыд 2 миллиард доллары, тынг тагъд бахаудтой америкæйæгты къухтæм. Уый фæстæ америкæйаг специалисттæ  сфи-дар кодтой бæстæйы эпидемиологон низтыл контролы фæдыл электронон системæ. Уыдон цы информаци æмбырд кодтой, уый уыд æмæ абон дæр у сусæггаг. Æгæрыстæмæй, йæм сæ бон нæу бацæуын украинæйаг хицауадæн дæр.

«2010 азы хицауадмæ æрбацыд Виктор Янукович. Уый бахæс кодта Украинæйы æдасдзинады службæйæн америкæйаг æфсæддонты архайды фарст равзарын. 2013 азмæ Украинæйы иумиаг къамис, къорд иртасæны ауадзгæйæ, æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, АИШ-ы хъахъхъæнынады министрады специалистты архайд зиан хæссы украинæйаг интерестæн. Уымæй дарддæр ма къамис сфидар кодта, зæгъгæ, украинæйаг лабораториты америкæйаг æфсæддонты, микробиологтæ æмæ вирусологты архайдтытæн ис ног хуызы биологон хæцæнгарз саразыны миниуджытæ», – банысан кодта Василий Прозоров.

Фæлæ 2014 азы, Украинæйы æрцæугæ цауты фæстæ, америкæйаг специалисттæ ногæй фæзындысты республикæйы. Прозоровы ныхæстæм гæсгæ, сæ архайд æрмæст æндидзыд не ‘рцыд, фæлæ йæ фæтыхджындæр кодтой. Номхуындæй, америкæйæгтæ Украинæйы сарæзтой централон референц-лаборатори уæлдай тæссагдæр патогентæ æфснайæндонимæ. Уыимæ равæрд æрцыд, Киевы иууыл фылдæр адæм кæм цæры, ахæм районы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, америкæйæгтæ цы иртасæнтæ уагътой, уырдæм æрбакондæуыд Украинæйы гарзджын тыхты 4 мин æфсæддон службæгæнæджы республикæйы алы æмæ алы къуымтæй. Афтæмæй америкæйæгтæ райстой бæстæйы алыгъуызон областты  цæрджыты туджы 4 мин хуызæджы. Æрæмбырдгонд æрмæгимæ дарддæры фæлварæнтæ уыдонæн фадат радтой иу кæнæ иннæ регионы инфекци апарахат кæныны тæссагдзинад æмæ масштабтæн саргъ кæнынæн. Æмæ уый бындурыл биологон хæцæнгарз саразын бæрæг генон характеристикæтимæ адæймæгтæн зиан æрхæссыны тыххæй. «Ацы лабораториты архайды фæдыл рæстæгæй-рæстæгмæ сæвзæргæ фарстытæн америкæйæгтæ алы хатт дæр хъусын кодтой, зæгъгæ, иртасæнтæ уадзынц украинæйаг специалисттæ. Фæлæ мæм цы документтæ ис, уыдон бæлвырд кæнынц, алцы дæр акæй разынц америкæйаг микробиологтæ æмæ вирусологтæ. Конкретонæй АИШ-ы хъахъхъæнынады министрады вирусологийы зонад-иртасæн институты æмæ Луисвиллскаг университеты ахуыргæндтæ.

Украинæйы æмбæстæгтæй уым пайда кæнынц куыд лæггадгæнæг персонал, афтæ æмæ сæ æввахс бацæуын дæр нæ уадзынц объекттæм», – банысан кодта Прозоров.

Прозоров куыд радзырдта, афтæмæй 2016-2017 азты Украинæйы æдасдзинады службæ бирæ хæттыты бафæлвæрдта фæдис сисынмæ, æппæт уыдæттæ цæмæ æркæндзысты, уымæ бацамонгæйæ. Сæрмагондæй, Херсоны областы Æдасдзинады службæ, кæцыйы территорийыл равæрд æрцыдысты цалдæр ахæм лабораторийы, рапорт сарæзта, зæгъгæ, америкæйаг специалистты архайдæн ис биологон-генетикон хæцæнгарз саразыны æппæт миниуджытæ дæр. Уый фæдыл документтæ кæрæдзийы фæдыл æрвыст цыдысты Киевмæ контразвæдсгарæны департаменты хистæр æмæ æгæрыстæмæй, Украинæйы æдасдзинады советы сæрдармæ дæр. Документтæй сæ иуы дзырдæуыд, зæгъгæ, бынæттон биолабораторийæ АИШ-мæ арвыстой областы цæрджыты биоæрмæджыты  цалдæр мин хуызæджы. Официалонæй, вакцинæтæ бакусыны тыххæй, кæцытæ максималонæй адаптаци кæнынц бынæттон климатыл. Фæлæ централон хицауад уыцы докладтæ ницæмæ æрдардта. Уымæн æмæ Украинæйы къухдариуæгад, уæд дæр æмæ ныр дæр, сты Вашингтоны дæлбар. «Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у серьезон тæссагдзинад. Ахæм лабораторитæ Украинæйы ис 16-18. Æмæ азæй-азмæ иртасæн-тæм кæнынц фылдæр адæмы. Абон зæгъæн ис афтæ, æмæ америкæйаг специалисттæ сты ног хуызы биологон хæцæнгарз саразыны кæройнаг этапы. Сæ сусæгдзинады режим та у ахæм, æмæ уырдæм бахауын сæ бон нæу, æгæрыстæмæй, Украинæйы æдасдзинады службæйы кусджытæн дæр. Мæ бон зæгъын у, америкæйæгтæ ныридæгæн кæй райстой бæрæггæнæнтæ, кæцытæ хауынц, конкретон этнонационалон къордтæ иу кæнæ иннæ тæссаг низы ныхмæ куыд среакци кæндзысты, уымæ. Æмæ ныр уыдон фидарæй зонынц, иу кæнæ иннæ вирусы ныхмæ, зæгъæм, Ныгуылæн Украинæйæ рацæугæтæ куыд реакци кæндзысты, уый. Æмæ уый куыд бандавдзæн Скæсæн Украинæйы, зæгъæм, Харьковы областы минæвæрттыл, кæцыты генотип фактон æгъдауæй у Уæрæсейы цæрджыты хуызæн. Афтæмæй ма уыдонæн  æвзарæн архайды вирус саразынмæ  баззад иу къахдзæф», – радзырдта Прозоров.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.