2023-æм азы паддзахад фæнд кæны амалиуæггæнджытæн, бизнес кæныны нысанæн   60 милуан сомы рахицæн кæнын.

Экономикон райрæзты министрады Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæй ахъаз кæныны фонды æвджидарты советы æххæстгæнæг директор Бибылты Ноннæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы фæрæзтæ хаст æрцыдысты паддзахадон бюджетмæ. Фонд йæ архайд æххæст кæны «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады кредиттæй ифтонг кæнынытыххæй» РХИ-йы закъоны бындурыл. «Ацы закъон архайын райдыдта 2018 азы, уæд кредитты иумæйаг суммæ уыд 21 милуан сомы æмæ кредиттæ райстой 49 адæймаджы. 2021 азы уыцы суммæ фæфылдæр дыууæ хатты. 2022 азы уыд 59 милуан сомы. Ацы аз та фонды советы бæрны ис 60 милуан сомы. Фонды иумæйаг æфтиæгты стырдæр хай сты, паддзахадон бюджетæй цы фæрæзтæ рахицæн кæнынц, уыдон. Иннæ хай та сты проценттæ, кæцытæ æрбацыдысты кредитон организациты депозиттыл сæвæрынæй», – загъта Бибылты чызг.

Хатырон уавæрты кредиттæ радтыны фæдыл конкурсы хайад райсыны тыххæй документтæ ист цæудзысты 16 январæй 16-æм февралмæ. Цы документты номхыгъд æрæмбырд кæнын хъæуы, уый тыххæй информаци ныммыхуыр кодтой РХИ-йы Хицауады сайтыл. Бæстон информаци райсæн ис Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты дæр, кæцы ис Владимир Путины уынджы 4-æм хæдзары, типографы бæстыхайы 1-æм уæладзыджы. Амалиуæгад кæныны тыххæй бизнесплан æмæ æндæр хъæуæг документтæ афоныл чи бацæттæ кæна, уыдон сæ хъуамæ бавдисой РХИ-йы Экономикон рæзты министрадмæ. Ам конкурсы хуызы æвзæрст æрцæудзысты хуыздæр бизнес-проекттæ.

2022 азы конкурсон къамис хорзыл кæцы проекттæ банымадта, уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты, хъæууон хæдзарады чи архайдта, ахæм 40 амалиуæггæнæджы, æхсæнадон лæггæдты фадыджы та 5 адæймаджы, иннæтæ та – базарадон лæггæдты къабазы.

Фонды куыд зæгъынц, афтæмæй Хицауады амындмæ гæсгæ, ацы аз дæр, кредиттæ лæвæрд кæмæн хъуамæ æрцæуой, уыдонæн сæ фылдæр хай уыдзысты хъæууон хæдзарады фæдыл бизнес-проекттæ.

Дыууæ азы размæ Экономикон рæзты министрады арæзт æрцыд цæстдардæн къамис, кæцы бакуыста кредиттæ фæстæмæ раздахыны механизмыл. Уыдон лæмбынæг сæ цæст дардтой, цы фæрæзтæ лæвæрд æрцыд, уыдонæй куыд пайда цæуы, уымæ.

                  Уазæгты Марфа