Бæрæг куыд у, афтæмæй æрæджы Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан кусæгон балцы уыд Мæскуыйы æмæ фембæлд Уæрæсейы Федерацийы æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Виктор Фисенкоимæ. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд дыууæ ахсджиаг фарстыл: ног коронавирусон инфекцийы ныхмæ æмархайд кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы модернизацийы фарстатыл.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры брифингы рæстæджы РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады сæргълæууæг Наниты Сослан дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн радзырдта Мæскуымæ йæ балцы тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд нæ республикæйы туаггуыры, медицинон препаратты ифтонгадыл, афтæ ма куы бахъæуа, уæд специалисттæй сифтонг кæныны тыххæй.

Министр куыд загъта, афтæмæй бадзырдтой видео-конференц бастдзинадыл дæр. Уый тыххæй бацæттæ чындæуыдзæн  проект. Проекты нысан æрцæудзысты, æрмæст коронавирусы инфекцийы апарахат ма бауадзыны фæдыл архайды план, фæтк æмæ республикæйы территорийыл коронавирусæй рынчынтæн хос кæнын нæ, фæлæ ма  республикæйы инфекцион æдасдзинадмæ комплексон ахаст дæр. Проект уыдзæн цымыдисон, уый руаджы скъуыддзаг цæудзысты алыгъуызон медицинон хæслæвæрдтæ. Проекты сæйраг нысан уыдзæн æрмæст коронавирусы инфекцийы ныхмæ тох кæнын нæ, фæлæ æндæр инфекцион низты ныхмæ тох кæнын дæр.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй Фисенкоимæ фембæлды рæстæджы ныхас цыд республикæйы хостæй ифтонг кæныны фарстыл дæр.

«Мах ныхас кодтам иууыл æндыгъддæр фарстатæй сæ иу – медицинон препаратты ифтонгадыл. Виктор Фисенко мын ныфс бавæрдта, нæ республикæйæн кæй баххуыс кæндзæн медицинон препаратты цифрæйон æрзылды хъуыддаджы. Загъта, зæгъгæ, йæхæдæг хайад райсдзæн республикæйы территорийыл ацы проекты райрæзты хъуыддаджы», – фехъусын кодта Наниты Сослан æмæ банысан кодта, тагъд рæстæджы ацы фарсты фæдыл уæлæмхас кæй уынаффæ кæндзысты видеобастдзинады руаджы.

Дарддæр министр куыд радзырдта, афтæмæй цадæггай бæстон цæуы республикæйы медицинон уагдæттæн медицинон препараттæ æлхæныны хъуыддаг, кæцыйы фæстиуæгæн ныридæгæн сэ-кономи чындæуыд иу милуан сомы.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад ныридæгæн сэкономи кодта иу милуан сомы, ныры онг цас æмæ цы препараттæ æлхæдтам, уыдон балхæнгæйæ. Уый та у нæ фæрæзты 10 проценты. Абон уал уыцы куыст къухæй кæнæм, фæлæ æлхæныны цифрæйон системæмæ куы рахизæм, уæд фылдæр финансон фæрæзтæ сэкономи кæндзыстæм», – загъта министр.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй медицинон препараттæ æлхæныны тыххæй цифрæйон системæмæ гæсгæ документты æрзылды руаджы фæкъаддæр уыдзысты хъæуæг препараттæ æлхæныны тыххæй хæрдзтæ.

Уыимæ иумæ Наниты Сослан загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн æххуыс цæудзæн медицинæйы алы здæхты специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддаджы дæр. Дзырд цæуы медицинон организациты кусджыты эффективон контрактты системæ аивыны фарстыл дæр. Уыцы контрактты нысан цæудзæн кусджыты эффективондзинады бæрæггæнæнты гуырахст, уыимæ иумæ алы кусæджы куыстмызд дæр баст уыдзæн, цас бакуыста, ууыл.

Министрады сæргълæууæг радзырдта, сæрмагонд контактты руаджы тагъд рæстæджы республикæмæ уæрæсейаг специалисттæ кæй æрцæудзысты, уый тыххæй дæр.

Уый куыд банысан  кодта, афтæмæй уыдон уыдзысты ахсджиаг æмæ хъæуæг здæхтыты специалисттæ: инфекционист, рениматолог-анестезиолог, сывæллæтты бæрзонд квалификациджын хирург,  æмæ сывæллæтты реаниматолог-анестезиолог.

Дарддæр министр банысан кодта, зæгъгæ, йæ дæлбар министрад стыр куыст бакодта, цалдæргай бынæтты чи куыста, уыдон ссæрибар кæныныл. Уый фæстиуæгæн медицинон уагдæтты бирæ сæрибар бынæттæ ис, фæлæ специалисттæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй уыцы бынæтты ничи кусы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, специалисттæ æркæндзысты Цæгат Ирыстонæй æмæ æндæр регионтæй дæр. Вакантон бынæтты тыххæй информаци ис уæрæсейаг сайттыл.

«Ардæм кæй фæнды æрцæуын, ахæмтæ цъус не сты, сæ фылдæр сты фæсарæйнаг специалисттæ. Мах цæттæ стæм специалисттæ райсынмæ. Цы специалистты фæнды махмæ æрцæуын, уыдон куырдиæттæ арвитæм сæйраг дохтыртæм, кæнæ та сæйраг специалистмæ, уыдон аныхас кæнынц семæ æмæ кæд дзуапп дæттынц нæ домæнтæн, уæд сæ куыстмæ райсæм», – бамбарын кодта Наниты Сослан. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны чысыл куыстмыздтæ кæй ис, уый тыххæй бирæтæ нал сразы вæййынц ардæм æрцæуыныл.

Дарддæр министрады сæргълæууæг радзырдта, коронавирус бæрæггæнæн ПЦР-тесттæ куыд лæвæрд цæуынц æмæ лабораторимæ цы радтæ вæййы, уый тыххæй дæр. Кæд раздæр лабораториты цъус тесттæ уыд æмæ пациенттæн нæ фаг кодтой, уæд ныр та 50 тесты лæвæрд цæуы сывæллæтты тыххæй, 100 тесты та – стырты тыххæй.  Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй анализтæ дæттыны тыххæй алы категорийы рынчынтæн дæр ис хицæн бахизæнтæ. Йæ бон кæмæн нæу рынчындонмæ æрбацæуын, уыцы рынчынты тыххæй рахицæн чындæуыд цыппар бригадæйы, кæцытæ райсомы 9 сахатæй изæры 5 сахатмæ зи-лынц рынчынты хæдзæрттыл æмæ сын уым исынц анализтæ.

Министр радзырдта республикæйы æмбæстæгты диспансеризацийы тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады медицинон специалисттимæ иумæ кусынц иумиаг проектыл республикæйы æмбæстæгты регулярон диспансеризацийы тыххæй.

«Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы диспансеризаци бирæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæндзæн. Фæкъаддæр уыдзысты тагъд æххуысмæ сидтытæ дæр, республикæйы æддæмæ пациентты æрвитын дæр. Бирæ хæттыты низ æрæгмæ сбæрæг кæнынц. Цæмæй низ раздæр бæрæг кæнæм æмæ йын æмбæлонæй хос кæнæм, уый тыххæй алы пациентæн дæр араздзыстæм анализтæ», – загъта  Наниты Сослан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, арæх æнахъомтæ æрбацæуынц рынчындонмæ алыгъуызон хроникон низтимæ. Уыдон регуляронæй сгæрст куы цыдаиккой, уæд сæ низ хрониконмæ нæ ахызтаид.

Министр æмбæлон дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.