Дзабиты Инал цæй аххосæй фæзиан, уый тыххæй хъæуы Уæрæсейы Федерацийы территорийыл уæлæмхас иртасынæдтæ ауадзын тæрхондонон-медицинон экспертизæты бюройы. Дыццæджы тæрхондонон-медицинон эксперттæ Сергей Груздев æмæ Зæгъойты Заринæ иумиаг брифингы Цхинвалы радзырдтой, Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл цы гистологион иртасæнтæ  уагъд цæуынц, уый тыххæй.

Дзабиты Иналы мард буары тæрхондонон-медицинон экспертизæты фæстиуджытæ нысан сты суагъæйы. Дзабийы фырты хуылфыдзаумайы гистологион иртасæнтæ арæзт æрцыдысты, фæлæ ма дарддæр дæр хъæуы уæлæмхас гистологион иртасæнтæ æнæзынгæ патологитæ сбæрæг кæныны сæраппонд.

Уæрæсейаг тæрхондонон-медицинон эксперт, Уæрæсейы Федералон медицинон-биологон агентады профилон къамисы уæнг Сергей Груздев куыд радзырдта, афтæмæй «ныридæгæн ис развæлгъау фæстиуджытæ, фæлæ ма хъæуы уæлæмхас иртасынæдтæ дæр».

«Развæлгъау цы диагноз сæвæрдтам, уый цæмæй сфидаргонд æрцæуа, уый тыххæй хъæуы уæлæмхас гистохимион мадзæлттæ ауадзын, кæцытæ фадат ратдзысты Дзабийы фырты патологион уавæр бæстондæр сбæлвырд кæнынæн», – бамбарын кодта эксперт.

Уæрæсейаг медикы ныхæстæм гæсгæ, йæ хуссарирыс-тойнаг коллегæимæ дыууæ боны дæргъы куыстой, иртасынæн сæм цы æрмæг уыд, ууыл.

«Цæмæй резонансон хъуыддаджы фæдыл æргом  куыст цæуа, кæцы айхъуыст дардыл,  уый тыххæй æз æрцыдтæн Хуссар Ирыстонмæ республикæйы къухдариуæгады фæхуындмæ гæсгæ, тæрхондонон-медицинон экспертæн баххуыс кæныны тыххæй, цæмæй ауагъдæуа æмбæлон гуырахсты экспертизæтæ æмæ дарддæр дæр  ацы хъуыддаджы фæдыл æххуыс кæнон, уый тыххæй», – загъта Груздев.

Уæрæсейаг эксперт аиуварс кодта Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй тромбоэмболийы верси.

«Мæ коллегæ Заринæ Сосланы чызджы иртасæнтæм гæсгæ, Дзабиты Иналы æнæхъæн буарыл уыд бирæ хъæнтæ, куыд йæ гуырыл, афтæ йæ къæхтæ æмæ къухтыл дæр. Цы цæфтæ йыл уыд, уыдон дзурæг сты, уыдон хъæбæр пред-метæй цæфтæ кæй сты. Уыцы цæфтæн нæй индивидуалон хицæндзинæдтæ. Цæфтæ хауынц хъæбæр фидар предметты категоримæ», – загъта Груздев.

Уымæй дарддæр, уæрæсейаг тæрхондонон-медицинон эксперты ныхæстæм гæсгæ, микроскопæй иртасынæдты фæрцы бæрæг æрцыдысты посттравматикон хъæнтæ фæмардуæвæджы иу уырг æмæ рæуджытыл.

«Уыцы хъæнтæ сбæрæг сты микроскопы руаджы. Афтæ дзурын, ома, Дзабиты Инал уыцы микроскопон хъæнты фæстиуæгæн амард, уый серьезон нæу», – бахахх кодта эксперт.

Уæрæсейаг эксперт куыд загъта, афтæмæй, гæнæн ис, иртасæн куыстытæ аххæссой цалдæр мæйы.

Уæрæсейаг эксперты ныхæстæм гæсгæ, гистохими куынæ ауагъдæуа, уæд нæ уыдзæн сбæрæггæнæн Дзабиты Иналы амæлæты аххосаг.

«Мах фæстиуджытæ аразæм, уæлæмхас мадзæлттæ уадзыны рæстæджы цы бæрæггæнæнтæ райстам, уыдоны бындурыл, ахæм мадзæлттæ, куыд гистологи, гистохими, токсикологи. Уый фæстæ та арæзт цæуы анализ. Цы аххосаг вæййы цæсты раз, уый алы хатт фæдысгæрсты рæстæджы не сбæлвырд вæййы.  Уый тыххæй хъæуы лæмбынæг экспертизæ ауадзын. Бæрæг фактортæ куы уа, кæцыты фæстиуæгæн ис амæлæн, уæд уыдон сты, комкоммæ аххосæгтæ нæ, фæлæ – фæрсаг  аххосæгтæ», – журналисттæн бамбарын кодта Груздев, æмæ загъта, зæгъгæ, тæрхонгæнæн процессы экспертон скъуыддзаггæнæн сæйраг бæлвырдгæнæн кæй у, уый тыххæй уый бындуриуæг кæны, æрымысæггаг хъуыддагыл нæ, фæлæ æрмæстдæр объективон миниуджытыл.

Уый ныфс бавæрдта, кæй бацархайдзæн, цæмæй иртасæн куыстытæ тагъддæр ацæуой æмæ фæдысгæрсты процесс ма ныддаргъ уа, уый тыххæй.

 «Гистохимия ауадзыны рæстæг баст у экспертон уагдæтты  æнæвдæлондзинадимæ. Экспертон иртасæн куыст, гæнæн ис, фæуа, æрмæг экспертмæ лæвæрд куы æрцæуа, уæдæй дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Фæлæ Уæрæсейы экспертон уагдæттæн бирæ куыст куы уа, уæд иртасæн экспертизæ, гæнæн ис, аххæсса цалдæр мæймæ. Фæлæ мах бацархайдзыстæм, цæмæй фæдысгарæн куыст ма ныддаргъ уа, уый тыххæй цæмæй экпертизæ арæзт æрцæуа тагъд рæстæджы», – ныфс бавæрдта уæрæсейаг эксперт.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, иртасæнты рæстæджы сын хуссарирыстойнаг эксперт Зæгъойты Заринæимæ ныхмæвæрд хъуыдытæ нæ вæййы.

«Æз консультацион æххуыс кæнын мæ коллегæйæн экс-пертизæйы хайадисæджы хуызы. Хицæн скъуыддзаггæнæнтæ æз нæ дæтдзынæн. Исты сæрмагонд хъуыды мæм куы фæзына, уæд æй ныффысдзынæн æмæ йыл мæ къух бафысдзынæн», – загъта Груздев.

Хуссар Ирыстоны Республикон бирæпрофилон медицинон центры тæрхондонон-медицион эксперт Зæгъойты Заринæ журналисттæн куыд загъта, афтæмæй,  нырма раджы у  лæмбынæгдæр дзурынæн, фæдысгæрстон мадзæлттæ уагъд кæй цæуынц, уый тыххæй. 

«Æз кæройнаг аргъ скæндзынæн скъуыддзаггæнæны. Æз аиуварс кодтон, Дзабийы фыртæн афтæхуыйнæг тромбоэмболияйы диагнозы тыххæй информаци. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн уыд индивидуалон нысæнттæ, кæцытæ фæзынынц  травмæты аххосæй. Ныртæккæ дзырд цæуы химион хуызы уæлæмхас мадзæлттыл. Ахæм мадзал арæзт фæцæуы удæгас адæймаджы патологи сбæрæг кæныны тыххæй», – загъта Зæгъойты Заринæ.

Уый фидарæй банысан кодта, зæгъгæ, иртасæнты рæстæ-джы йыл нæ дæр фæдысгарæн органты æрдыгæй æмæ нæ дæр Дзабиты Иналы хæстæджыты æрдыгæй ницы æндæвдад уыд.

***

Сергей Груздев тæрхондонон-медицинон экспертæй кусы 1995 азæй. У медицинон зонæдты кандидат. У Уæрæсейы Федералон медицинон-биологон агентады профилон къамисы уæнг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.