Ацы аз Хуссар Ирыстоны традицион рауагъдон бал уагъд æрцыд фондзсæдæйæ фылдæры бæрц рауагъдонæн. Уыдон уыдысты куыд горæты скъолатæй, афтæ районтæй дæр. Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ уыдысты хæрзконд æмæ рæсугъд. Уыдон цин кодтой се ‘взонгады цытджын бæрæгбоныл æмæ арфæ кодтой сæ кæрæдзийæн скъола каст фæуыны сæраппонд.

Рауагъдон бал цытджын æгъдауæй байгом Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Театрмæ бахизæны дардыл айтыгътой сырх гауыз, срæсугъд æй кодтой алыгъуызон цымыдисон персонажтæй æмæ сыл уым æмбæлдысты нæ бæстæйы къухдариуæгад Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Театралон фæзуат йедзаг уыдис адæмæй. Фæсивæды бæрæгбоныл фæцин кæнынмæ æрбацыдысты сæ ныййарджытæ, æввахс хиуæттæ. Дардмæ хъуыстысты скъолайы темæйыл музыкæйы æхцон зæлтæ æмæ афтæмæй  рауагъдонты скъолагай хуыдтой театры бæстыхаймæ. Ам рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ загътой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг рауагъдонтæн йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, уый абон ацы бæрæгбонон мадзалмæ кæй фæуазæг ис куыд президент афтæ нæ, фæлæ куыд ныййарæг. «Мæнæн тынг æхсызгон у уæ бæрæгбоны хайад исын. Мæ зæрдæ уын зæгъы, уæ царды цы фæндæгтæ равзарат, уыдоныл цæмæй æнтыстджынæй цæуат размæ, сæрбæрзондæй. Сымах алыхатт дæр уæ разы хъуамæ æвæрат ног æндæр æмæ æндæр хæстæ æмæ тырнат сæ сæххæст кæнынмæ. Сымахæй алкæмæндæр мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ уæ дарддæры ахуыры, кæддæриддæр уæ Ирыстоны кад бæрзонд цы хæссат æмæ уын уæ циныл уæ ныййарджытæ æмæ мах дæр цы цин кæнæм, уыцы арфæ уæ уæд», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Уый ма бузныг загъта рауагъдонты ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой сæ хъомыладмæ алыварсонæй дæр æмæ сæ ахуыры хъуыд-дагмæ.

Рауагъдонты цытæн ма уыцы изæр организаци æрцыд концерт дæр. Сæ арæхстдзинад æвдыстой нæ республикæйы паддзахадон ансамбль «Симд», брейк-дансы къорд, гимнасттæ. Уыдонæн зарыдысты Бекъойты Вано, Джиоты Любæ æмæ ма сын сæрмагондæй кæй æрхуыдтой, уыцы уæрæсейаг популярон зарæггæнджытæ Клава Кока æмæ Natan, кæцытæ ноджы тынгдæр бахъæлдзæг кодтой æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ.

Бæрæгбонон концерты фæстæ рауагъ-донтæм æнхъæлмæ каст банкет.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ рауагъдон бал кæй ацыдис сабырæй, нæ дзы уыд бархалæн цаутæ. Рауагъдонтæн сæ æдасдзинад хъахъхъæдтой нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.