Хуыцаубоны, 8-æм октябры РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центры хъæппæрисæй горæт Цхинвалы администрацийы Культурæйы хæдзары уагъд æрцыд эстрадон зарæджы 3-аг республикон фестиваль-конкурс «Ирыстоны хъæлæстæ», зæгъгæ. Хайад дзы райстой гимнази «Альбион», Аи-вæдты паддзахадон лицейы вокалон-инструменталон ансамблтæ æмæ республикæйы районты Культурæйы хæдзæртты вокалон къордтæ, æдæппæтæй 20 адæймагæй фылдæр.

Эстрадон зарæджы фестиваль кæд нырма æвзонг конкурс у, уæддæр азæй-азмæ йæ архайджыты нымæц кæны фылдæрæй фылдæр. Иннæ ахæм ма фестиваль цымыдисон у уымæй дæр, æмæ дзы хайад кæй исынц хæрзæвзæнгтæ дæр, стæй 35-аздзыдтæ æмæ уымæй уæлæмæйы кары æххæстгæнджытæ дæр.

Жюрийы уæнгтæ уыдысты Гуыцмæзты Элизаветæ – Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор, РХИ-йы культурæйы сгуыхт архайæг, Дзеранты Джульеттæ – РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг, Культурæйы министры хæдивæг, Харебаты Вадим, РХИ-йы адæмон артист (жюрийы сæрдар), Тасойты Игорь, РХИ-йы сгуыхт артист, Дзассохты Наталья – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны  вокалы ахуыргæнæг.

Конкурсы уыдис æртæ номинацийы: «хицæн (индивидуалон) æххæсткæнынад», «вокалон къорд» æмæ «вокалон-инструменталон ансамбль». Мадзал амыдта Адæмон сфæлдыстады центры методист Санахъоты Жаннæ.

Конкурс байгом кодта гимназ «Альбион»-ы вокалон-эстрадон коллективты ралæудæй. Сæ аивадон разамонæг Дзабиты Екатеринæ. Уыдон тынг хорз сæххæст кодтой æртæ зарæджы æмæ райстой 45 баллы. Уыдоны фæстæ сценæмæ рахызтысты  Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицейы вокалон-инструменталон ансамблы хайадисджытæ (аивадон разамонæг Гуыцмæзты Георги). Сæххæст кодтой дыууæ зарæджы æмæ райстой 44 баллы.

Ансамблты фæстæ æрцыд хицæн зарæггæнджыты рад. Сценæмæ рахызтысты Ленингоры районы Культурæйы хæдзары минæвæрттæ (аивадон къухдариуæггæнæг курдиатджын зарæггæнæг Икъаты Ибрагим). Чысыл зарæггæнæг Тъехты Анастасия йæ рæсугъд зардæй йæхимæ æркæсын кодта æрæмбырдуæвджыты. Жюри йын саргъ кодта 45 баллы. Ацы районы иннæ хайадисджытæ дæр – Бедойты Джони, Тыджыты Аланæ, Илуридзе Маринæ, Кæсойты Натали  азарыдысты хорз.

Дзауы районæй фестивалы хайад райстой Санахъоты Алан, Остъаты Илонæ æмæ æндæртæ. Районы минæвар Коцты Беллæ афтæ хорз сæххæст кодта дыууæ зарæджы æмæ йын залы бадджытæ кодтой тыхджын къухæмдзæгъд. Горæт Къуайсайæ конкурсы хайад райста Зассеты Алан.

Знауыры районы минæвæрттæй æвзонг зарæггæнæг Джиоты Георги хорз азарыд дыууæ зарæджы. Сæ номыртæ хорз сæххæст кодтой Къæбулты Аннæ æмæ Сиукъаты Анзор.

Цхинвалы районы минæвæрттæ  – дуэт Джиголаты Ларисæ æмæ Хацырты Земæ адæмы зæрдæ балхæдтой «Мады зарæг»-æй. Дыууæ зарæггæнæджы ма, Гогинова Кристина æмæ Задыты Олесяйы хайадистæй тынг хорз сæххæст кодтой адæмон зарæг «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы» æмæ райстой 45 баллы. Дменисы культурæйы хæдзары чысыл минæвар Тыджыты Мадинæйы (аивадон къухдариуæггæнæг – Икъаты Ануси) рæсугъд зард дæр фæцыд жюри æмæ сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. Тынг хорз азарыд дыууæ зарæджы – «Абон Ирыстоны циндзинад» æмæ «Отмените войну». Иу ныхасæй, Ирыстон курдиаттæй цух никуы уыд æмæ ныр дæр у афтæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ конкурсы хайадисджытæн сæ фылдæр уыдысты хорз цæттæ, фæлæ дзы уыд сæхиуыл æмбæлонæй чи нæ бакуыста, ахæмтæ дæр.

Жюрийы уæнгтæн æнцон нæ уыд уæлахиздзауты равзарын, фæлæ хуыздæрты ‘хсæн алыхатт дæр вæййы хуыздæртæ. Бахъуыд сæ бынæттæ адих кæныны сæр. Гимназ «Альбион»-ы вокалон-инструменталон ансамблæн саккаг кодтой 1-аг бынат. Ацы уагдоны ахуырдзаутæ ма уæлахиздзаутæ систы вокалон къорды номинацийы дæр.  2-аг бынат бацахстой Аивæдты паддзахадон лицейы хайадисджытæ. 2-аг бынат ма рамбылдтой Цхинвалы районы вокалон къорды æххæстгæнджытæ. Солон зарды 1-аг бынæттæ бацахстой Коцты Беллæ æмæ Къæбулты Аннæ. 2-аг бынат саккаг кодтой Джиоты Георгийæн æмæ 3-аг бынат та – Санахъоты Аланæн.

17 азы онг кæуыл цæуы, солон зарды уыцы æххæстгæнæг, ленингойраг чысыл чызг Тъехты Анастасияйæн радтой 1-аг бынат, 2-аг бынттæ адих кодтой Бекъойты Светланæ æмæ Тыджыты Мадинæ æмæ 3-аг бынат та бацахста Хуыбиаты Аслан. Фольклорон зардæй 1-аг бынат саккаг кодтой Знауыры районы минæвар Сиукъаты Анзорæн. Рэп-æххæстгæнæг Лалыты Дмитри бацахста 1-аг бынат.

Центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ уæлахиздзаутæ æмæ призерты  схорзæхджын кодта Кады грамотæтæ æмæ дипломтæй.

Фестивалы хайадисджытæн сæ фиппаинæгтæ загътой Центры методист Гуыцмæзты Георги, жюрийы сæрдар Харебаты Вадим æмæ Тасойты Игорь.

Георги бахатыд конкурсы хайадисджытæм, зæгъгæ, сæ кæд исчитæ фæнд кæ-нынц фидæны сæ хъысмæт музыкалон аивадимæ сбæттын, уæд, зæгъ, табуафси, жюрийы сконды ис музыкæйы  ахуыргæнæг Дзассохты Наталья æмæ йемæ аныхас кæнут. Бирæтæн дзы бауынаффæ кодта, цæмæй ма ныууадзой сценæ æмæ дарддæр кæной сæ аивадон архайд. Загъта ма йæ фиппаинаг дæр, зæгъгæ, районты Культурæйы хæдзæрттæ афоныл не ‘рбавдыстой сæ хайадисджыты номхыгъдтæ æмæ, дам, нын уымæй нæ куыст фæвазыгджындæр кодтой.

Тасойты Игорь дæр бахатыд аивадон къордты къухдариуæггæнæджытæм, цæмæй сывæллæттæ зарой сывæллоны зарджытæ æмæ хистæртæ та – сæхи кары зарджытæ. Харебаты Вадим æхсызгонæй банысан кодта фестивалы сывæллæтты хайадисты тыххæй. Тынг хорз, зæгъ, у районтæ дзы хайад кæй райстой, уый. Абон, дам, кæд алчи уæлахиздзау не ссис, уæддæр сæйраг у хайад райсын. Æмæ, дам, иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй ууыл ма æрлæууæм. Ирыстонæн хъуамæ кад кæнæм, Ирыстоныл хъуамæ зарæм.

Дзеранты Джульеттæ куыд загъта, афтæмæй ахæм фестивалтæ дарддæр дæр уагъд цæудзысты, уый тыххæй, зæгъ, арæзт æрцыд Адæмон сфæлдыстады республикон центр. «Центры хæс у курдиатджын фæсивæд сбæрæг æмæ йын йæ рæзтæн баххуыс кæнын. Адæмон сфæлдыстады центры  кусынц сæ хъуыддаджы æцæг дæснытæ Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй, уыдон ахъаз кæнынц нæ фæсивæды сфæлдыстадон хъомыс рæзын кæнынæн», – банысан кодта уый.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Гуыцмæзты Елизаветæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ ахæм фестиваль-конкурсты фæрцы курдиатджын адæймæгтæ кæй зонгæ кæнынц кæрæдзийы сфæлдыстадимæ æмæ афтæмæй ахуыр кæнынц кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.