Скифироны 85 азы номыл зонадон когференцимæ

         Скифирон (Тедеты Рюрик) ирон нывæфтыд литературæмæ æрбацыд ныфсхастæй, æнæрцæфæй, дзырдфæразонæй æмæ дзы, куыд фæдзурæм, афтæмæй йæ царды фæстаг уысммæ баззад загъдæмхиц фыссæг æмæ литературæиртасæгæй. Кæмæ фæмæсты уыдаид, уый ныхмæ тох кодтаид алы хуызы дæр. 

Кæддæр æй нæ Фысджыты цæдисы раз, нал хъуыды кæнын, цæуыл, фæлæ фæхъыг кодтон æмæ мæм “бартхъирæн” кодта:

– Æнцад куыннæ æрлæууай, уæд дын дæ чингуытæ райсдзынæн æмæ дын сæ лæмбынæг бакæсдзынæн, – ома дæ скритикæ кæндзынæн.

Мæн дæр ма уый хъуыдис:

– Ды куыннæ æрлæууай æнцад, уæд мæнæн дæ чингуытæ лæмбынæг каст сты, “бартхъирæн” æм кодтон æз дæр æмæ иудзæвгар хъуыдытыл фæцис, стæй бахудт:

– Æз цыргъзонд адæм бирæ уарзын. Ныр цом ресторанмæ æмæ нæ кæридзйæн акувæм.

– Æз та дыууæйæ бадын нæ уарзын.

Раст уыцы  ныхасмæ къулы тигъæй йæ сæр æрбадардта нæ хæлар фыссæг Гуыцмæзты Алеш æмæ Рюрик ныххудт:

– Чи куывта, уый дæуæн!

Æртæ нымæц Хуыцауæй лæвæрд у. Фæцæуæг стæм нæ фæндагыл.

Æппынæдзух хъуыды кодта, цы ис æмæ цы уыдзæнис, уыдоныл. Æмæ-иу развæлгъау цы уыдзæнис, уый куы базыдта, уæд алы хатт дæр йæхицæй уыдис разы. Йæхæдæг йæ хъысмæты тыххæй суанг йе сфæлдыстадон фæндаджы райдианы скарста:

 

Даргъ фæндæгтæн сæ уæлхъус лæууон,

Ма сыл цæуон,

Уый нæу мæ бон.

Æз мæ алы фарс талынг уынон,

Ма срухс кæнон,

Уый нæу мæ бон.

(«Нæу мæ бон»).

 

Адæймагæн царды цæмæй исты бантыса, уый тыххæй йæ æрлæууын æмбæлы, йæ бон нывыл æмæ сæрибарæй аразын цы у, уыцы хъуыддаджы сæр. Уæд йæ куыстæй йæхи зæрдæ дæр барухс уыдзæнис æмæ искæйты дæр буц кæндзæн. Суанг йæ фыдыбæстæн дæр баскъуыхдзæнис сæрхъызой. Поэт Ирыстоны тыххæй уымæн æргомдзырд æмæ фæндвидар уыд: Мах дæр дзы йе `ргом, раст хъуыдыйы тыххæй стæм сæрыстыр:

 

Æз Ирыстоны буцæй цæрон,

Ма йæ уарзон,

Уый нæу мæ бон.

Дзыллæты фырт æнæ Ир ысуон,

Уый нæу мæ бон,

Уый нæу мæ бон!..

 

Уарзæг адæймаджы дзыхæй урс бæлæттæ тæхынц, æгæрыстæмæй гæмæл куы уа, уæддæр. Фæлæ йæхи чи нæ уарзы, уый искæй дæр нæ бауарздзæнис. Авторæй цæуæг эгоизм литературæйæн фыдæхы хос у. Джыккайты Шамил дзырдта: «…цард зонын, цауты мидис арф æмбарын, ирд хъуыдытæ сыгъдæг æвзагæй дзурын, æмдзæвгæйы алы рæнхъыл бæстон кусын. Уыдон сты æцæг курдиаты нысæнттæ». Стæй æрмæст нысæнттæ не сты, фæлæ æнæ уыдон фыссæджы къухы аивадон æнтыст нæ бафтдзæнис. Æмæ куыд уынæм, афтæ сæм æвзонг поэт Скифирон æппынæдзух уый тыххæй тырныдта. Тырныдта сæм æмæ йæ къухы дæр æфтыдысты нывæфтыдæй.

Раст уыд, зылын уыд, уæддæр йæ уды æфхæрд йæ туг-стæгæн дæр нæ барста. Йæ уды рæстдзинады тыххæй Хуыцауимæ дæр стох кодтаид. Уымæн æмæ ахæм уыдис йæ удыхъæд. Гуырдзæй йæ рахаста. Нæ йын уыд фæивæн.

Гуыцмæзты Алешимæ нæ фæхуыдта сæ фатермæ. Фæндагыл ныл амбæлд Æлборты Хадзы-Умар. Нæ “балцы” сæр нын куы базыдта, уæд уый дæр немæ ацæуын куыннæ бафæндыдаид. Фæлæ йыл уыд дзыхъхъынног джинстæ. Кæд нæ рæдийын, уæд уый хæдразмæ уыд Польшæйы æмæ сæ уырдыгæй æрхаста. Ныр сæ сæрды тарфы ссæрфта, резинæбæттæн галстук бабаста æмæ, фынджы фарсмæ куыддæр æрбадтыстæм, афтæ тæвды йæ бон улæфын нал уыдис. Йæ галстук-иу райвæзта æмæ райвæзта.

Æмæ нал баурæдтон мæхи – уайдзæфы хуызы йын бакодтон, зæгъын, ацы тæвды джинстæй цы кæныс, стæй уыдонимæ дæхи галстучы фыдудæй цы марыс. Мæ уайдзæф мын æфхæрдмæ айста æмæ афтæ:

– Ды сæ цæмæннæ дарыс, зоныс? Нæй дын æмæ уымæн.

Ахæм иударон уæлæдарæсмæ никуы бæллыдтæн. Йæ уайдзæф дæр мын æхсызгон нæ уыдис. Фæхатыд æй Рюрик дæр.

– Фæлæу! Мацы зæгъ! Мацы зæгъ, – багуыбыр Хаджимæ. – Æмæ йын ахæмтæ цæмæннæ ис, уый зоныс? Ды, хæрæндæтты куы вæййæм, уæд, дæ дзыппæй сласынæн цы капеччытæ сласинæн фæхæлæг кæныс, уыдонæй сæ балхæдтай, Мелитон та йæ мызд уым ныууадзы. Ныр нæ фынг дарддæр кæнæм.

Мах дæр ма цы загътаиккам? Бахудтыстæм æмæ хъуыддаг ууыл ахицæн. Кодтам нæ фынджы кой. Уыдæттæ Скифиронæн йæ характеры уыдысты. Комкоммæ дзурын. Нæдæр архайдта йæ фæивыныл. Алыхатт дæр æй дзырдта сæрыстырæй («Нæ дæн мæнгард лæг – дæн æндæр…»):

 

Нæ дæн мæнгард лæг – дæн æндæр,

Хуыцау кæй нæ хизы рæдыдæй,

Дæлтъур дæлимонты рæвдыдæй

Æвиппайд чи фесты æндæрг…

 

Куы нæ мын кæны ме знаг арфæ,

Фыдæх куы нæ вæййы мæ риуы,

Уæддæр мæ ныхасæн йæ риуыгъд

Ныхсы кæйдæр зæрдæйы арф…

 

Ахæм зæрдæйы уагимæ М. Салтыков-Щедрины «хозяйственный мужик» суæвын æнцон у, хъыгагæн. Алцы дæхи пайдайæн куы ласай, уæд уыцы ласæггæгтæй бирæтыл къуыдыртæ баст вæййы. Æмæ, бæргæ, пайда куы цæуа, уæд зианыл фæхъæцын хъæуы, фæлæ алæбон дурын дон нæ хæссы. Æмæ Скифироны лирикон хъайтар кæй хъыг райсы, кæуыл нæ бацауæрды цæфæй-рæхуыстæй, уый йæ кæй бафхæры сæрхызтæй, уадз, йæ зæрдæйы судзгæ тыппыртæ суадзыны тыххæй дæр, уыцы мастæй фæкæуы. Уæддæр, кæмдæр йæ зæрдæйы арфы йæхицæй буц у поэты лирикон хъайтар. Буц у, хин æмæ кæлæн йæ уды мыггагмæ кæй не ‘рцæрынц æмæ йæ удхарæй кæй нæ марынц. «Лæгæн йæхицæй аразгæ у алцы æмæ фæлтау уый цудæд балцы, фæлæ йын иу ран нæй лæууæн…»  Йæ фыццаг чиныг «Уадындз»-æй уымæн дзырдта Гаглойты Владимир: «Æвзонг поэт зары йæ фæлтæры цинтыл, сагъæс кæны йæ адæмы хъыгтыл, райы царды уæлахиздзинæдтыл. Æвзонг фæлтæр, царды фидæны хъысмæт кæй къухты уыдзæн, уыдоныл у поэты зарæджы сæр». Æмæ поэт кæд йæ фыццаг æмдзæвгæты Ирæн ард хордта( «Мæ Ир»), –

 

Æз райгуырдтæн æмæ цæрын дæуæн.

Æнæ дæу мæ ницы хъæуы зæххыл!..

Ды мын мæ зæрдæбын дзырдтыл æууæнд,

Æз дын мæ зæрдиаг уарзт дæттын, –

 

уæддæр ын уый уыдис æрмæстдæр рæстæгмæйы поэтикон сомы.

Уæдæ, афтæ кæй дзырдта, саби чи нал уыд, советон дуджы поэттæ политикты ардыдæй табу кæмæн кодтой, уыцы Октябры тыххæй: «Октябрь – æвидигæ уæлахиз… Хæрын йæ цæрайæ кæрдзын» («Октябрь ызноны саби нал у…») кæнæ: «Партимæ куы цыдтæн Уæд æз ард нæ бахордтон, Нæ мæ хъуыди арды сæнтхъæр, – Фæлæ мæ фæндыди, Цæмæй йын Мæ цардцæрæнбонтæ зынг сомыйау уой, – Йæ тох уа мæ тох, Йæ фарн уа мæ фарн, Йæ кой уа мæ кой!..» («Партийы тыххæй»), – уыдæттæ, рæстæджы комулæфтæй рæвдыд æййафын æмæ мыхуырмæ цæмæй йæ фæндæгтæ сыгъдæгдæр уыдаиккой, уый охыл дзырдта. Стæй йæ комкоммæ йæхæдæг зæгъы, цæмæй партийы номæй уыдаид йæ къахыл лæууынхъом. Цыдаид партийы фæрцы размæ. Коцойты Арзены загъдау: «Хуызæн хуызæны агуры». Æмæ, поэтæн куыддæр йæ нуар фæфидар, афтæ йæ домæнтæ цæхгæр фæуæрæхдæр, фæарфдæр сты.

Поэты лирикон хъайтар куы федта, йæ цард куыд «тындзы йæ фæндагыл, бæлццонау, нæ йæ уромынц хæхтæ, фурдтæ, хъызт», цæлхдурты  астæуты «зæлланг кæнгæ иронау, нырма æдас-æдæрсгæйæ куыд хызт, гъе, афтæ тары дæр, уæлахиздзау тæрк-бонау» йæ фæндагыл тындзы йæ цард, уæд ыл ныхъхъуыды кодта бæстондæр. Цард кæй нæ хæссы, уый Лермонтовы загъдау: «С кого они портреты пишут? Где разговоры эти слышат?» («Журналист, читатель и писатель»). Æмæ æппæт дæр сбарста поэт, бонзонгæ адæймагæн куыд æмбæлы, афтæ. Скодта сын йæхи поэтикон æмæ сентименталон аргъ æмæ йæ хъуыды, искæмæ хорз фæкæсдзæнис æви æвзæр, уæддæр алыг кодта цæхгæр йæхирдыгонау: “Нæ бауарзтон романтикон дзæнгæда, Къæбæрсайæн «Мæ Ир!», «Мæ Ир!» кæнын”

Уæды партион «бодзтæм» реализм нымадыдæр уыдис, кæд ыл разæфтуан «соц» æфтыдтой, уæддæр. Литературæйы раздзогтæй дæр уый пропагандæ кæнын домдтой.

Скифирон реалист уыд, æппынæдзух йæхиимæ, Ирыстонимæ, цардимæ, дугимæ, йæ оппоненттимæ кодта тох. Дуæрттæ йын парахатæй гом кæм уыдысты, уым дæр сæ йæ риуы æмбæрц йæ разæй куы бахастаид, уый-иу æй фæндыд. Йæ царды цыбыр рæстæг ын уыдис цæрыны фаг дæр æмæ тохы фаг дæр.

Цæргæ-цæрæнбонты хæрзтæ иу схуыст ныхас уазал доны къусы сæфт фæкæны. Хылгæнæджы сæр та цæфтæй фылдæр ницы ‘ййафы. Масты фаг-иу æм арæх æрхаудта мыхуыры дæр. Тох – джиппæйфыст цъыбар-цъыбуры ныхмæ – æцæг поэзийы сæрвæлтау»,– ууыл Дзуццаты Хадзы-Мурат фæхъыг: «Диссаг у Скифироны ныхас: «Æвæццæгæн, лæгæн иууыл зынаргъдæр цы у, ууыл стæм хатт фæдзуры, уый дæр, йæ бон æнæдзургæйæ куынæуал вæййы, уæд».

Дунемæ алчи йæхи номæй цæуы. Уый хъуамæ алы адæймаг дæр зона. Евангелийы дзырдæуы: «Имеющий уши слышать да слышит». Æмæ поэт дунейы дуар алы хатт йæ мадæлон æвзаджы дзырдæй хъуамæ гом кæна, уæдæ, цы. Бестауты Гиуæрги уымæ бæллыд: “Алы ран æхсæв куы срухс уа бонау», уæд йæ зæрды уыд, “Иумæйаг æвзагмæ гъеуæд мах дæр Иу дзырд хъуамæ бахæссæм иронау», «цæмæй, ирон фæндыры тагау, уыцы дзырд нæра тъымы-тъыматæм» («Иу дзырд»).

Фæлæ уд йæхи кæмæн æмæ цæмæн нывонд кæна, уый йын, царды ‘гъдæуттæм гæсгæ, хъуамæ цæмæйдæр дзуапп дæтта. Уыимæ йын æнæмæнг рæзын кæна йæ уды райстбавæрд бæллицтæ. Дзырд материалон æфтиæгтыл, гъе, бакастыл нæ цæуы. Конд уæнгтæй у, фидауц – дарæсæй, лæджыхъæд – удæй. Æмæ удæн, уадз, монон сæнттæ дæр фестæнт, фæлæ йæ уарзтæн цæмæйдæр хъæуы дзуапп кæнын. Уый нæй, зæгъгæ, уæд поэтмæ æвзæрынц алыхуызон зындзуаппгæнæн фарстытæ. Кæд риторикон сты, уæддæр бакъуырынц зæрдæ, змæлын кæнынц хъуыды. Сæ рæстдзинад бирæ цæмæйдæрты æмбæлы адæймаджы зæрдæйыл. Гаглойты Владимир ын йæ хъайтарты идейон тохы тыххæй уымæн загъта: «Уыцы тох у карз æмæ принципиалон». Уый тыххæй нæ æмæ лирикон хъайтар йæхицæн истытæ домы – царды рæстдзинадæй змæлын кæны адæймаджы зæрдæ. Царды рæстдзинады тыххæй нæ фæсмон кæны ирон æвзаг æмæ Ирыстонæн йæ лæггæдтыл. Удæй чи цæуы, ууыл фæсмонгæнæн нæй («Цырты райдайæн»): Сæр куы бахъæуы, уæд Ирыстоны дæр, æвæрын æй кæй фæхъæуы, сомбон ын кады цырт кæй ном уыдзæнис, уыдон, хъыгагæн, арæх нал фендавынц. Йæ риутæ уæрæх байтындзы, Дзаболаты Хазбийы загъдау, хъæдхъуыр трибунтæн, дымæгстæрджытæн, цæстфæливджытæн: «Тызмæг у цард… Кæдмæ хъæдхъуыр трибунтæй Кæнгæ дзырдты цæнгæт уынаффæ хъуыса, Зæхх йедзаг уа бынатагур тæппуттæй, Æнæхъуыды куырмыты бын æнкъуыса, Æмвæндаг уой рæстуд æмæ мæнгард, Æхсиддзæн туг, æндзæвдзæн кардыл кард!»

Тæппудтæ хорзæхтæ кæм фæисынц, иблистæ – нуазæнтæ, нæлгоймæгтæ сылгоймæгты кæрдæнты кæм фæцæуынц, сылгоймæгтæ – нæлгоймæгты фæлысты, нæлыстæг – сылкъийы бынаты кæм вæййы, сылыстæг – æртæ чъирийæ кувæджы, кадылмардтæ сæхиуыл æппæлæн уацтæ æмæ монографитæ кæм фæфыссынц, уым фарн агурæн нæй. Фарн æнæуаг мийæ æмбæхсгæ кæны, дардмæ лидзы. Джыккайты Шамил цæйау дзырдта: «Цæгъды мæ зæрдæ арф кæмтты дзæнгæрæг» («Мæ куывд»), – афтæ Ирыстон æмæ ироны фарн цалынмæ нæ фæцуды, уæдмæ фæхъæуы фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдын. Æндæра, сыст къахмæ куы æрбаирвæза, уæд адæймагæн йæ сæрмæ хизы. Æмæ Скифирон ахæмтæй, кæд-иу сыл бонымгъуыдмæ ахудт, уæддæр йе сæфт уыдта.

Джыккайты Шамил дзырдта: «Поэзи алæмæт у. Æмдзæвгæтæ æдзух поэзи нæ вæййынц. Æмдзæвгæтæ фыссын алкæй бон дæр у, поэзийæн та хъæуы сфæлдисæг, æрдзон курдиат… Уымæ гæсгæ æмдзæвгæ фысджытæ – хæрх, поэттæ – стæм». Рюрик поэт уыдис. Уымæн дзырдта:

 

Зын сайæн дæн…

Фыццаг апрелы дæр

Ма кæн мæн сайыны фæнд.

Гæды лæг йæ митын мæсгуытимæ

Дæлимонты хай фæуæд!

Фыссæг кæд прозæйы жанры дæр активонæй æвдыста йæхи æмæ йын йæ курдиат арæзта йæ къух, рухс ын федтой цалдæр чиныджы: «Размæ тындз», «Æнусон уадындзы схъистæ», «Цæхх æмæ кæрдзын», стæй пьесæтæ дæр фыста, уæддæр сæйраджы-сæйраг поэт уыд. Уымæйдæр, разынд дардмæуынæг поэт – йæ «сæфт рæнхъытæм» ын æрыгон фæлтæр кæсынц лæмбынæгдæр, йæ ном цæуы уæлдæрæй-уæлдæр, йæ уацмыстæй бирæтæ систы хрестоматион æмæ йын тагъд «тыхкандидатты дарæг» кæй суыдзысты, уый дызæрдыккаг нæу. Бирæ поэзиуарзджытæн сты æхцонхæссæг, царды скъола.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.