Хӕст та цӕуы – карз хӕст, йӕ райдайӕны нӕм куыд фӕкаст, уымӕй бирӕ ӕгъатырдӕр ӕмӕ тӕссагдӕр, мӕлӕтхӕссӕгдӕр. Фӕлӕ у рӕстагон, ӕнӕрцӕугӕ кӕмӕн нал уыд, ахӕм хӕст. Украинӕйы ныхмӕ нӕ – ӕнӕхъӕн дунеон фашизмы ныхмӕ. Фӕлӕ куыд дарддӕр кӕны, афтӕ фылдӕр кӕнынц, йӕ рӕстдзинад цӕстысындз кӕмӕн у, ахӕмтӕ. Хионӕй-ӕддагонӕй…

Ныгуылӕйнаг мӕнг демократийы хъӕрмӕ чи кафы, Путины йӕ адӕмы цӕсты знагӕй равдисынмӕ чи хъавы, уыдонӕн ма кӕмдӕр бамбарӕн ис, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн уый сӕ куыст у, уый фӕрцы хӕрынц сӕ къӕбӕр. Фӕлӕ уыдоныл чи ӕууӕнды, се знагиуӕгон пропагандӕйыл сын къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ чи садзы, уыдон хъуамӕ дзуапп радтой закъоны раз дӕр ӕмӕ намысы тӕрхоны раз дӕр.

Путин фондз боны размӕ цы уынаффӕ рахаста, уымӕн ма ӕгӕр дӕр байрӕджы. Ноджы ма куы байрӕджы кодтаид, уӕд абон Украинӕйы цы хӕст цӕуы, уыцы хӕст цыдаид Уӕрӕсейӕн йӕхи мидӕг, ӕмӕ райдыдтаид махӕй, Ирыстонӕй… Чизоны райдыдтаид ныгуылӕнырдыгӕй, 1941 азы куыд райдыдта, афтӕ, фӕлӕ махӕрдыгӕй та дыккаг фронт кӕй байгом уыдаид, ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы. Кӕд ма искӕй нӕ уырны, хӕст Уӕрӕсейӕн йӕхи ныхмӕ кӕй цӕттӕ кодтой, уӕд лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнӕд… Капиталист иу суари дӕр ӕнӕхъуаджы нӕ бахардз кӕндзӕн. Уӕдӕ цӕмӕн калдтой уый бӕрц ӕхца ӕмӕ хӕцӕнгарз Украинӕмӕ, Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕн хъавыдысты Сирийӕ дӕр Ливи саразынмӕ? Украинӕйы адӕмы мӕт сӕ уыд ӕви Гуырдзыстон ӕнӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы территори цӕрын кӕй нӕ бафӕраздзӕн, ууыл мӕт кодтой? Куыднӕ стӕй! Уӕд Саакашвилийӕн йӕ галстук ӕууилынӕн уӕддӕр баххуыс кодтаиккой, уӕд Зеленский йӕ быннаг  был ӕруадзгӕ нӕ тъизид ӕмӕ фӕйнӕрдӕм ӕххуысӕнхъӕл нӕ дзыназид. Уыдонӕн сӕ политикон тохы иунӕг нысан уыд ӕмӕ у Уӕрӕсейы фӕстӕмӕ йӕ зонгуытыл ӕрлӕууын кӕнын, йӕ басӕттын ӕмӕ стӕй йӕ пырхӕнтыл Китаймӕ ахизын. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр нӕма бахъардта, Уӕрӕсе йӕ зонгуытыл ӕрлӕууын кӕй нал бакомдзӕн. Æмӕ фӕрӕдыдысты. Путин сӕ разӕй фӕцис, хъуамӕ сын, Хуыцауы фӕндӕй, сӕ фӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадын кӕна, хъуамӕ сӕ хинтӕ сӕхи сӕрыл ӕртыхсой. Иу дзырдӕй, Путин сфӕнд кодта, чи бамбыд, уыцы дунеон царды уаг фӕивын.

Махӕн нӕ бон исты у? У нӕ бон – нӕ куырыхон фыдӕлтӕ нын ӕнусон ӕмцӕдисонӕн кӕй равзӕрстой, уыцы Уӕрӕсейы фарсмӕ балӕууын. Нӕ бон цы у, уымӕй. Ирон лӕппутӕ та уырыссаг салдаттимӕ ӕрлӕууыдысты уӕхски-уӕхск, суазӕг кодтам донбассаг лигъдӕтты иу къорд ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уадз стыр, цӕстыахадгӕ ӕххуыс ма уӕд, фӕлӕ мах дӕр кӕмдӕр разындыстӕм, аууоны нӕ баззадыстӕм. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ницыуал сахаддзысты, цъиувӕдис чи систа, уыдон се знагиуӕгон пропагандӕ куынӕ ӕруромой, уӕд. Ахӕм цъиувӕдис Уӕрӕсейӕн йӕхи мидӕг дӕр ис. Разынд та дзы тӕппудтӕ, уӕйгӕнджытӕ. Æрмӕст Лия Ахеджакова цы сарӕзта, уый йӕхӕдӕг кӕуылты хуыцауы цӕф у – бавдӕлд ӕмӕ 10 000 доллары арвыста Украинӕйы националистты ӕфсадӕн, уӕлӕмхасӕн хӕцӕнгарз самал кӕныны тыххӕй. Фӕлӕ мах та цы ‘рсырдтам, мах, мах та кӕй къӕхты хъӕрмӕ кафӕм? Афтӕ нӕ куы дзурынц, ӕнусты дӕргъы, дам, Уӕрӕсейыл иууыл  ӕнувыддӕр чи уыд, гадзрахатӕй йыл чи никуы рацыд, уыдон сты ирон адӕм, уӕд ныл ныр цы ‘рцыд, цӕмӕн нӕм разынд уый бӕрц тӕппудтӕ ӕмӕ змӕнтджытӕ?.. «Путины ӕнӕсӕрфат миты тыххӕй доллар схиздзӕн», уымӕй нӕ чи тӕрсын кӕны, ӕмӕ,  «Сыстӕм, митингтӕм рацӕ-уӕм, кӕннод сӕфӕм», зӕгъгӕ, ахӕм цӕмӕдӕрты нӕм чи сиды, уыдон цӕуыл хъуыды кӕнынц? Нӕ йӕ ӕмбарынц, ахӕм цӕмӕйдӕрты знаджы куыроймӕ дон кӕй уадзынц? Æмӕ кӕд уый тыххӕй мызд исынц, уӕд та?.. Куырис, дам, сыгъди ӕмӕ йыл бӕттӕн худти – зӕгъы ирон ӕмбисонд. Æмӕ ныр уыцы ӕмбисонд ӕрымысӕг ӕмбисондхӕссӕн адӕмы фӕдонтӕй чидӕртӕ дзурынц ӕмӕ фыссынц: «Путин райдыдта хӕст ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг хӕцӕд!»… Ничи уӕ хӕцын кӕны, тыхӕй уӕ ничи ӕрвиты тохы быдырмӕ ӕмӕ уӕ дзыхтыл хӕцут, уӕ къухтӕ уӕхимӕ дарут!.. Æмӕ – ахеджаковагӕндтӕн зонынӕн – Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕ фехъусын кодта, спецоперацийы рӕстӕджы Украинӕйӕн цыфӕнды хуызы ӕххуыс бакӕнын дӕр нымад цӕудзӕн, куыд паддзахадыл гадзрахатӕй рацӕуын, афтӕ, 20 азы ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон рахӕсгӕйӕ…

Ацы хӕст Путин нӕ расайдта ӕмӕ нӕ райдыдта, Америкӕйы Иугон Штаттӕ йӕ райдыдтой сӕ ныгуылӕйнаг фӕсдзӕуинты ӕххуысӕй. Уӕддӕр райдыдтаид. Мах хъуамӕ Путинӕн сӕрныллӕгӕй кувӕм, чи хъуамӕ райдыдтаид, уыцы хӕст махӕй дарддӕр кӕй ахаста, уый тыххӕй. Ахаста йӕ, кӕм ӕй цӕттӕ кодтой ӕмӕ кӕцӕй хъуамӕ райдыдтаид, уырдӕм цӕмӕй нын не знаджы йӕ ахстоны ныцъист кӕна ӕмӕ махыл къаддӕр сӕмбӕла хӕсты судзгӕ ӕхсидӕвтӕй. Цы зӕгъын хъӕуы уый тыххӕй Путинӕн? Нӕ доны къусӕй дӕр йӕ цӕрӕнбонӕн кувын. Мах та? Йӕхи ироныл чи нымайы, ахӕмы къух куыд хъуамӕ фӕтаса интернет-тыгъдады афтӕ ныффыссынмӕ – «Путин нӕ нырма гуырдзыимӕ сызнаг кодта, ныр та нӕ украинаг адӕмимӕ знаг кӕны»?.. Кӕс, дӕ хорзӕхӕй! Æвӕццӕгӕн нын 1920 азы дӕр Путин сарӕзта геноцид, Ирыстонӕн йӕ хуссар хай фӕнык уый фестын кодта. Стӕй йӕ гуырдзыйы хъуыры дӕр уый нытъыста, Зары ӕфцӕгыл дӕр ирӕтты уый ныццагъта, Ереды ӕвирхъау трагеди дӕр уый сарӕзта…

Æниу ма дис дӕр цӕуыл кӕнӕм, фыццаг хатт хъусӕм ахӕм ӕбуалгъ цыдӕртӕ? Нал ӕй хъуыды кӕнӕм, 1992 азы Цӕгат Ирыстонмӕ мӕхъӕл куы ӕрбабырстой, уӕд хуссайраг фӕсивӕдӕн сӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй бузныджы ныхӕстӕ ӕмӕ зӕрдиаг арфӕты фӕстӕ иуӕй-иутӕй цы ӕбуалгъы ныхӕстӕ хъуыстам – «ацы къуыдар ӕрцыдысты ӕмӕ нӕ мӕхъӕлимӕ сызнаг кодтой»…

Бамбарӕм ӕй, ныртӕккӕ нӕ уыдӕттӕм кӕй не ‘вдӕлы. Хӕст цӕуы, ӕцӕг хӕст. Рӕстагон хӕст, фӕлӕ тӕссаг, махмӕ куыд кӕсы, уымӕй бирӕ тӕссагдӕр ӕмӕ мӕлӕтхӕссӕгдӕр хӕст. Хӕст Украинӕимӕ нӕ цӕуы, Америкӕ ӕмӕ НАТО сты сӕйраг ныхмӕлӕуджытӕ. Æмӕ ахӕм хӕсты Путин куы фӕуӕлахиз уа, уӕд хъуамӕ Америкӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕты лидертӕ сӕхи удӕгасӕй баныгӕной, уымӕн ӕмӕ сын сӕ адӕм нӕ ныббардзысты ахӕм худинаджы фембылд, сӕ кад бынтондӕр ӕрхаудзӕн, сӕ ныхасмӕ сын ничиуал хъусдзӕн. Уый та нысан кӕны, сӕхи афтӕ ӕнцӕнтты кӕй нӕ ратдзысты. Америкӕ ӕмӕ Ныгуылӕн кӕд Путины сӕхӕдӕг «разӕнгард» кодтой ацы хӕстмӕ, уӕддӕр дзы ахӕм ӕнӕнхъӕлӕджы цӕф фӕкӕнын ӕнхъӕл нӕ уыдысты ӕмӕ фергъуыйау, фӕсӕццӕ сты. Ныр сӕхимӕ ӕрцыдысты, бамбӕрстой йӕ, цы сыл ӕрцыд, уый ӕмӕ сфӕнд кодтой сӕ фӕстаг тыхтӕ бамбырд кӕнын. Ныгуылӕнӕй арӕхӕй-арӕхдӕр райдыдта хъуысын, Путины Украинӕйы куынӕ бауромӕм, зӕгъгӕ, уӕд ацӕудзӕн дарддӕр…

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искӕй къухы дур рӕуӕг у! Афтӕ чи дзуры, ома, Хуссар Ирыстоны дӕр хӕст фондз бонӕй фылдӕр нӕ ахаста, уыдон ӕркӕсӕнт картӕмӕ – Украинӕйы территори мах территориимӕ абаргӕйӕ кӕуылты у, уымӕ, стӕй та, ӕртӕмилуанон Гуырдзыстоны ӕфсадӕй, йӕ адӕмы нымӕц цыппор цыппар милуаны кӕмӕн у, уыцы паддзахады ӕфсад фылдӕр ӕмӕ хъомысджындӕр кӕй уыдзӕн, ууыл ахъуыды кӕнӕм.

Хъал ныхас къутӕры бын дӕр нӕ фидауы, стӕй нӕ хъал ныхас кӕныны сӕр дӕр ницӕмӕн хъӕуы, хъӕуы нӕ иудзинад, ӕмӕ, уӕззау уавӕры чи ис, уыцы Уӕрӕсейӕн, нӕ бон цы у, уымӕй йӕ фарсмӕ балӕууын.

Куыдфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ фӕуӕлахиз уа Путин, уымӕн ӕмӕ уый ныфс куынӕ уыдаид, уӕд нӕ сарӕзтаид ахӕм къахдзӕф. Уый авд нӕ, фӕлӕ авд-авд хатты сбары ӕмӕ иу хатт алыг кӕны. Путины уӕндон къахдзӕфмӕ ма куы бафтауӕм Китайы позици дӕр, уӕд ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис: ацы хӕсты фӕстӕ дуне хъуамӕ кӕрцвӕлдӕхт фӕуа, хъуамӕ иуполярон системӕйӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.