Ныр цалдæр боны хуссарирыстойнаг цæрджытæ æппынæдзух кæсынц телевизортæм, сты социалон хызæгты, цымыдис кæнынц Донбассы специалон хæстон архайдтыты фæстиуджытæм. Уымæн æмæ ирон адæм рагæй фæстæмæ фидар тæгтæй баст сты стыр Уæрæсеимæ æмæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, маст кæнынц сæ мастыл, цин сын кæнынц сæ циныл. Абон хуссарирыстойнаг адæм сæ цард нæ уынынц æнæ Уæрæсейæ, ирон адæм Уæрæсеимæ цæрынц иу хъысмæтæй. Ирон сабийæн йæ чысылæй фæстæмæ йæ сæрызонды ныффидар вæййы иу хъуыды – æнæ Уæрæсе ирон адæмæн цард нæй æмæ Уæрæсейы фæнымайы йæ дыккаг райгуырæн бæстæйыл.

Ацы бонты Уæрæсейы  æрæмысыдысты хæсты тыххæй курдиатджын актер, режиссер Сергей Бодровы зондджын ныхæстæ: «Хæсты рæстæджы æвзæр дзурæн нæй хи адæмы тыххæй. Никæд. Æгæрыстæмæй, уыдон раст куынæ уой, уæддæр. Æгæрыстæмæй, хæсты рæстæджы дæ бæстæ раст куынæ уа, уæдддæр ды æвзæр ма хъуамæ дзурай, уый тыххæй. Уый у рагон, хуымæтæджы æмæ примитивон принцип, фæлæ уый у афтæ. Хæст куы фæуа, уæд гæнæн ис дзурæн: мæнæ уый афтæ нæ уыд, мæнæ уый дæр раст нæ уыд. Цæй, бацархайæм, цæмæй фидæны афтæ макуы уа», – зæрдæмæхъаргæйæ загъта дзæнæттаг Сергей Бодров 20 азы размæ. Æмæ раст фæдзæхста, фæлæ бирæтæм нæ фехъуыст йæ фæдзæхст æмæ киеваг режимæн сæхи тæригъæдгæнæг скодтой.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 24-æм февралы Владимир Путин фехъусын кодта Украинæйы хуссары специалон хæстон операци райдайыны тыххæй, кæцыйы нысан у Уæрæсейы æдасдзинад сифтонг кæнын æмæ Донбассы адæмы бахъахъхъхæнын. Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты цæрджытæ ныр аст азы дæргъы сæхиуыл æвзарынц киеваг режимы æмæ неонацистты агресси. Специалон хæстон операци кæй райдыдта, уый æхсæнады сæвзæрын кодта алыгъуызон, уыцы нымæцы негативон реакци дæр. Культурæ æмæ аивады архайджытæй бирæтæ социалон хызæгты фехъусын кодтой, зæгъгæ, уыдон сты «хæсты ныхмæ», кæцы ныр цæуы аст азы дæргъы, фæлæ цæмæдæр гæсгæ ныртæккæ райхъал сты. Хæстон операцийы ныхмæ рацыдысты   Борис Акунин, Дмитрий Быков, Леонид Парфенов, Владимир Сорокин, Иван Ургант, Ксения Собчак, зарæггæнджытæ Юрий Шевчук, Сергей Лазарев, Валерий Меладзе, Манижа, артисттæ Чулпан Хаматова, Данила Козловский, комиктæ Максим Галкин, Денис Чужой æмæ æндæртæ. Уыдон сидт сарæзтой æмæ æрдомдтой специалон хæстон операци æруромын. Уæрæсейы хæстон архайдтыты схуыдтой «худинаг ми».

Фарстæуы, кæм уыдысты уыдон, 2014 азы майы Одессæйы профцæдисты хæдзары удæгасæй адæмы куы басыгътой, кæнæ Киевы майданы адæмы хъизæмары мардæй куы мардтой, уæд. Цæмæннæ хъæр кодтой, уый цы митæ кæнут, зæгъгæ. Æгæрыстæмæй гуырдзиаг зарæг-гæнæг Валери Меладзе дæр сарæзта сидт: «Лæгъстæ уын кæнын, æруромут хæст, цæмæй мауал мæлой адæм». Фарстæуы, кæм уыдис Меладзе 2008 азы Хуссар Ирыстоны тугуарæн хæсты рæстæджы. Кæм уыд, Зары хъæды гуырдзиаг фашисттæ æнæаххос лигъдæтты куы фæцагътой, уыцы нымæцы Къæбысты чысыл хъæбулы куы амардтой, уæд. Цæмæннæ лæгъстæ кодта йæ бæстæйы фашистон режимæн, цæмæй 20 азы дæргъы хъизæмарæй ма мардтаиккой ирон адæмы. Æви, ныр фæсарæнты сæ мулк æмæ се стыр бизнестæн фæтарстысты. Цæмæннæ дзырдтой культурæйы къабазы архайджытæ, аст азы дæргъы Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты адæм куы цагъды кодтой, уæд. Ау, уым цы æбуалгъы диссæгтæ цыд, уыдоны тыххæй хъусгæ дæр никуы фæкодтой.

2015 азы донецкаг Ваня Вороновы трагедийы тыххæй æнæхъæн дуне куы базыдтой, уæд цæмæннæ хъæр кодтой, цæмæннæ фæдис кодтой, абон куыд фæдис кæнынц дунейы, афтæ. Чысыл Ваня йæ фондзаздзыд æфсымæримæ хъазыдысты сæ хæдзары кæрты æмæ … йе ‘фсымæр æмæ йæ дыккаг фыд фæмард сты. Ваня йæхæдæг та фесæфта йæ дыууæ къахы  æмæ йæ иу къух дæр, афтæ ма  фесæфта йæ цæстырухс. Стыр æхсызгонæн, уæрæсейаг дохтыртæн бантыст Ваняйы цæстытæн схос кæнын æмæ абон кæд æххæстæй нæ уыны, уæддæр суыдта æмæ цæры, цæрæнбонтæм инвалидæй баззайгæйæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы æрцыд, уыдон чи фæнымайдзæнис. Украинæйыл мæтгæнджытæ йæ цæмæннæ æмбарынц, АИШ æмæ йе ‘мцæдисонтæ кæй тырнынц Уæрæсейы алыварс æфсæддон плацдармтæ саразынмæ, уый.

Æнæхъæн дуне Уæрæсейы ныхмæ растадысты (æцæг дзы ис растхъуыдыгæнæг бæстæтæ дæр), фæлæ цæмæннæ дзырдтой, Донбассы «зæдты уæлмæрд» кæй фæзынд уый тыххæй. ИНО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, киеваг режим цы хæст райтынг кодта, уый амæттæгты нымæц у 13 мин адæймаджы бæрц, уыцы нымæцы 155 сывæллоны (102 лæппу æмæ 53 чызджы), ноджы ма 146 сывæллонæй фылдæр та фесты алыгъуызон цæфтæ. Кæм уыд Меладзе Беслæны сывæллæтты террористтæ æртæ боны дæргъы хъизæмарæй куы мардтой, уæд. Нæ, уыдонæн сæхи интерестæ уæлдæр лæууынц Уæрæсейы интерестæ æмæ æдасдзинадæй æмæ хæстон операци куы фæуа, уæд сæ æрфæрсын хъæуы лæмбынæг сæ рæдыд къахдзæфы тыххæй.

Социалон хызæгты адæм сæ хъуыдытæ фыссынц, иууылдæр политиктæй агæппытæ  кодтой æмæ зондамонæн ныхæстæ кæнынц Владимир Путинæн. Ау, 90-æм азты Уæрæсейы сæрсæфæны былæй чи фервæзын кодта, йæ къахыл æй чи слæууын кодта, уымæн исчи зонд бацамондзæн? Иу æмæ дыууæ боны уæрæсейаг къухдариуæгад мыййаг куынæ уынаффæ кодтой специалон операци райдайыны тыххæй. Путин тынг лæмбынæгæй бамбарын кодта Уæрæсейы бирæнацион адæмæн ацы операци райдайыны аххосæгты тыххæй.

Январы мæйы уæрæсейаг дипломаттæн АИШ, НАТО æмæ ЕÆÆО-имæ уыд баныхæсты сери, нырыккон политикон архитектурæйы Уæрæсейы интерестæ бахынцыны æмæ Мæскуыйы домæнтæн дзуапп райсыны тыххæй.  10-æм январы Женевæйы уагъд æрцыдысты АИШ-имæ консультацитæ, кæцытæ аххæссыдысты авд сахатæй фылдæр, 12-æм январы  Брюсселы та – НАТО-имæ æмæ 13-æм январы та Венæйы уыдысты ЕÆÆО-йы имæ консультацитæ

Уæрæсейы домæнтæ уыдысты ахæм, Уæрæсейы арæнтæм НАТО-йы рауæрæхдæр кæныны æнæрайсгæдзинад; цæмæй раздæры Советон Цæдисы территоритыл альянс йæ базæтæ мауал æрæвæра; астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ Уæрæсе æмæ АИШ ма æрæвæрой кæрæдзийы арæнтæм æввахс; æнæ национ территорийыл ядерон хæцæнгарз ма равæрын. «Махæн æнæмæнгхъæуæг у сбæлвырд кæнын, нæдæр Украинæ æмæ нæдæр Гуырдзыстон ма хъуамæ суой цæгататлантикон альянсы уæнгтæ. Уæрæсейы хъæуы «фидар юридикон гарнатитæ, ныфсæвæрдтытæ нæ, фæлæ номхуындæй гарантитæ. Ацы дыууæ бæстæ ма хъуамæ суой НАТО-йы уæнгтæ. Уый у Уæрæсейы национ æдасдзинады фарст», – банысан кодта Сергей Рябков. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, цæгататлантикон альянс хъуамæ раздæха 1997 азы уавæрмæ гæсгæ арæнтæм

Уæрæсейы домæнтæн Ныгуылæны дзуапп уыд ахæм: «Æппæт æмцæдисонтæн ис иугъуызон хъуыды альянсы сæйраг принципы ахасты, зæгъгæ, алы бæстæ дæр йæхæдæг æвзары йæ фæндаг. Æрмæстдæр Украинæ æмæ НАТО-йы 30 уæнгæн у сæ бон аскъуыддзаг кæнын, Киев цæттæ кæд уыдзæн альянсы уæнг суæвынмæ, уый», – фехъусын кодта НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг. «Цæгататлантикон альянсы дуæрттæ гом сты алкæмæн дæр. Мах никæмæн ратдзыстæм  НАТО-йы «гом дурæтты» политикæйы ныхмæ цæуыны бар», – банысан кодта АИШ-ы паддзахадон секретары фыццаг хæдивæг Венди Шерман.

Иницативæтæн сæ фылдæры фæдыл Ныгуылæн кæй не сразы, уый фæстиуæгæн уæрæсейаг фарс сарæзта къорд карз хъусынгæнинаджы.

«Уæрæсейæн æнæрайсгæ у  альянс уæрæсейаг арæнтæм æрбаввахс уа, уый. Кæд  Украинæ НАТО-мæ ма бацæуа, уæддæр уым, гæнæн ис, америкæйæгтимæ дыууæварсон бадзырдтæ саразын, афтæ ма ныгуылæйнаг æндæр бæстæтимæ дæр, кæцытæ уым аразынц æфсæддон объекттæ, Азовы денджызы  – базæтæ, кæцы махæн у æнæрайсгæ».

Владимир Путин уæрæсейаг адæммæ сарæзта сидт. «НАТО скæсæнмæ кæй уæрæхдæр кæны, уымæй нæ арæнты уавæр кæны æвзæрдæр æмæ тæссагдæр.  Æмæ дарддæр уымæ кæсын у æбæрнондзинад. НАТО-йы бæстæтæ сæхи сæрмагонд нысæнттæ къухты бафтын кæныны тыххæй хæцынц Украинæйы националистты æмæ неонацистты æвварс, кæцытæ никуы ныппардзысты хъырымæгтæн, Уæрæсемæ кæй æрбаиу сты, уый. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, бабырдзысты Хъырыммæ, уыимæ – хæстимæ, адæмы марынмæ,  Гитлеры хъузонтæ – украинæйаг националистты бандæтæ æнæаххос адæмы куыд мардтой, афтæ. Сæвзæргæ уавæры, махæн æндæр фадат нал ныууагътой Уæрæсейы, нæ адæмы  бахъахъхъæныны тыххæй. Уавæртæ нæ домынц фæндвидар æмæ æвæстиат архайдтытæ».

Гуырдзиаг фашисттау Бандерайы фæдонтæ дæр ахæстæттæй рауагътой фыд-гæнджыты æмæ сын байуæрстой хæцæнгæрзтæ. Пайда кæнынц фосфорон хæстон æрмæджытæй. Ныгуылæны бæстæтæ, хæст æруромыны тыххæй уынаффæ райсыны бæсты, Украинæйæн хъуамæ бакæной финансон æххуыс 500 милуан евройы йын рахицæн кæнгæйæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хæст хæст у æмæ дзы мæлынц адæм, фæлæ дарддæр сæвзæргæ уавæрæн быхсæн нал уыд, хъуыд æвæстиатæй мадзæлттæ райсын. Владимир Путин, Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу æмæ УФ-йы Гарзджын тыхтыл генералон штабы сæргълæууæг Валерий Герасимовимæ фембæлды рæстæджы бардзырд радта уромæн тыхты сæрмагонд хæстон радгæсад хæссыны режиммæ ракæныны тыххæй.

Фæлæ алцæмæн дæр вæййы райдайæн æмæ кæрон. Уæрæсе у раст, хъахъхъæны йæ национ интерестæ. Æмæ рæстдзинад та алыхатт дæр фæуæлахиз вæййы. Хуыцау зæгъæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.