Сфӕлдыстадон кусӕг,  фӕнды музыкант уа, фӕнды – нывгӕнӕг, поэт, фыссӕг, йӕ курдиат цы  жанрты равдисы, уыцы  уацмыстӕн газетты ӕмӕ  журналты фӕрстыл критиктӕ аккаг аргъ куы  скӕнынц, сӕ уӕзгӕ ныхас фиппаинӕгтӕ ӕмӕ зӕрдиаг фӕндиӕгтимӕ куы фӕзӕгъынц, уӕд уый ӕцӕг дзырдаивады дӕсныйыл разӕнгардгӕнӕн,  удцырыны базыртӕ садзы. Йе сфӕлдыстадон  фӕндагыл ын критикты ӕмӕ йе ‘мсис хӕлӕртты хъуыдытӕ  фӕвӕййынц фӕндагамонӕг хъыбыллӕйау.

Ирон дзырдаивады хуымы йӕхи  ирд ӕмӕ бӕрӕг  ауӕдзы хахх ис Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты  Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зындгонд фысӕг  ӕмӕ поэт, публицист, журнал «Фидиуӕджы» сӕйраг редактор Хъодалаты Герсанӕн. Уый ирон адӕмӕн йӕ курдиатӕй лӕггад  кӕны 50 азӕй фылдӕр. У ирон интеллигенцийы зынгӕдӕр минӕвӕрттӕй иу. Рауагъта 30 прозаикон, поэтикон ӕмӕ  публицистикон чиныджы.

Куыд советон цардарӕзты азты, афтӕ уый фӕстӕ дӕр, стӕй абон дӕр Герсаны сфӕлдыста-дыл  ныхас фӕцӕуы  Ирыстоны дыууӕ хайы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты: газетты, журналты, стӕй – Интернеты тыгъдады. Уыцы ӕрмӕджытӕ бӕстонгондӕй ӕрӕджы рацыдысты хицӕн чиныгӕй  Хуссар Ирыстоны  рауагъдад «Глобус»-ы. Райдайы,  Хъодалайы фырты сфӕлдыстады  тыххӕй нӕ разагъды лӕгтӕ Абайты Васо, Джусойты Нафи ӕмӕ  Джыккайты Шамил цы хъуыдытӕ загътой, уыдонӕй.

Йе ‘мсис хӕлары тыххӕй Шамил афтӕ фыста:  «Фӕстаг 50 азы ирон литературӕйы ӕнтыстджынӕй чи кусы, уыдонӕй  фыццаг рӕнхъыты цӕуы Хъодалаты Герсан. Йӕ  курдиат у хъомысджын, йӕхӕдӕг у ӕцӕг патриот,  ирон лӕг. Герсаны поэзийӕн ис аккаг бынат ирон литературӕйы хӕзнадоны, ис ын идейон ӕмӕ эстетикон ахадындзинад, ис ын национ нысаниуӕг».

Ног чиныг «Хъодалаты Герсан ӕмӕ критикӕ»-мӕ  мидисджын разныхас ныффыста ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан, УФ-йы ӕмӕ РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг, филологон наукӕты  кандидат Хозиты  Барис. Уый ма у чиныджы  литературон редактор  дӕр. Бакӕсӕн дзы ис  зындгонд поэты тыххӕй  уацтӕ, очерктӕ, йӕ интервьютӕ… Сӕ автортӕ  сты зындгонд ирон поэт, тӕлмацгӕнӕг Бестауты Георги, зындгонд поэт Хостыхъоты Зинӕ, фысджытӕ Булкъаты Михал, Букуылты Алык-си, филологон наукӕты кандидат, ХИПУ-йы  профессор Битарты Зоя (уый йын ӕвзары  йӕ уацмысты ӕвзаджы хицӕндзинӕдтӕ, сарӕзта йын йӕ поэзийы дзырдуат), фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг Цхуырбаты Мери, филологон наукӕты кандидат Гобозты Валери, Къӕбысты Зауыр ӕмӕ Уарден, филологон наукӕты кандидат Æлборты Хадзы-Умар, зындгонд поэттӕ Мӕргъиты Къоста ӕмӕ Асаты Реуаз, профессор Плиты Гацыр, журналист Гасситы Моисей…

Ацы ӕрмӕджыты  автортӕ сӕ ныхас Герсаны тыххӕй зӕгъынц былалгъӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Се ‘рмӕджыты зыны, ӕцӕгӕйдӕр ын кад ӕмӕ аргъ кӕй кӕнынц, уый, кӕй йӕм дарынц хӕлары зӕрдӕ, нымайынц ӕй нӕ  дзырдаивады зӕрдиагдӕр зиууоныл.

Хъодалаты Герсан йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй, ӕхсӕнадон архайдӕй нӕ дзыллӕйӕн цы хӕрзты бацыд, уымӕй  зӕ-гъӕн ис, ӕмӕ у,  цӕмӕй йыл фыссой монографитӕ ӕмӕ наукон ӕндӕр трактаттӕ. Ног чиныг «Хъодалаты Герсан ӕмӕ  критиктӕ» уымӕн хорз ахъаз у. Йӕ тираж у 150 экземпляры. Кӕй тыххӕй у, уыцы уӕздан ӕмӕ  дзырдаивады ӕнувыд  зиууонӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнӕниздзинад ӕмӕ ног сфӕлдыстадон уӕлахизтӕ!

ГАСАНТЫ Валери,

газет «Рӕстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.