Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан æмæ хуссарирыстойнаг хайады сæрдар Гаглойты Роберт съезды фæстæ фембæлдысты журналисттимæ æмæ сын дзуапп радтой сæ цымыдисгæнæг фарстытæн.

Ацы змæлды хуссарирстойнаг хайады сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй 12 азы дæргъы съезд фыццаг хатт уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны. «Символикон у, 10-æм съезд кæй ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боныл 10 азы сæххæсты хæдразмæ. Афтæ ма съезды фыццаг хатт айзæлдысты æртæ гимны – Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны. Уыимæ кæрæй кæронмæ ацыд ирон æвзагыл», – загъта Гаглойты  Роберт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ съезд сорганизаци кæнынæн стыр æххуыс бакодта республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ уый фадат радта сæвзæргæ цæлхдуртæ рæстæгыл аиуварс кæнынæн.

«Æз афтæ нæ зæгъын æмæ цæуыл дзырдтам, уыдон уайтагъд скъуыддзаг æрцæудзысты. Цæвиттон, дзырд цыд, цæмæй нæм сырæза æфсæнвæндаг. Уый абон – сом нæ сырæздзæн. Фæлæ цæмæй æрцæуа уыцы хъуыддаг, уый тыххæй та йыл хъæуы дзурын. Афтæ ма дзырд цыдис мадæллон æвзаджы хъысмæтыл, фæсивæды хæрзæгъдауы хъомыладыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл. Фæлæ афон у ныхасæй хъуыддагмæ рахизынæн. Хъуамæ иумæ архайæм алы хъуыддагыл дæр. Æрмæстдæр уæд уыдзæнис æнтыст  нæ архайдæн», – банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстоны адæмы 1920 азы геноцид банымайыны проблемæйыл дзургæйæ «Ирæтты Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан загъта, зæгъгæ, ууыл кусын хъæуы системон режимы, æппæт æмвæзадтыл дæр ацы фарст рæгъмæ хæсгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддаджы инициативæ хъуамæ цæуа хицауиуæгады органтæй, дипломатон ведомствотæ æмæ æхсæнадон организацитæй.

«Ацы фарсты мах куынæ размæ кæнæм, уæд æй мах бæсты ничи сараздзæн. Ирон адæмы съезд райста сидт дунеон æмæхсæнадмæ Хуссар Ирыстоны адæмы геноцид банымайыны тыххæй, фæлæ хъуыддаг ууыл ма хъуамæ фæуа. Ацы фарст размæ кæнын хъæуы дипломатийы æмæ паддзахадон хицауиуæгады органты æмвæзадыл. Ацы проблемæйыл мах хъуамæ кусæм иумæ», – загъта Кучиты Руслан.

Культурон цыртдзæвæнты бахъахъ-хъæныны тыххæй дзургæйæ, Кучийы фырт банысан кодта, раджы заманы мыггаджы мæсгуытæн кæй уыдис стыр нысаниуæг. «Уыдон уыдысты мыггагæн кадгæнæг. Цас фылдæр мæсгуытæ уыдис мыггагæн, уас тыхджындæр уыдис. Æмæ абон мыггаджы мæсгуытæ иугæр хæлынц, пырх кæнынц, уæд зæгъæн ис, мыггæгтæ дæр цудынц. Мыггаджы мæсгуыты хъысмæты тыххæй иумæ хъуамæ батыхсой мыггаг. Мыггæгтæ куы æрывналой сæ фыдæлты культурон бынтæ æндидзын кæнынмæ, уæд сæм, æнæмæнг, паддзахад дæр фæдаргъ кæндзæнис йе ‘ххуысы къух», – банысан кодта Кучийы фырт.

Уый ма ахсджиагыл банымадта, ахуырмæ цы фæсивæд ацæуынц, уыдон цæмæй фæстæмæ здæхой. Уый тыххæй та сын хъæуы кусыны фадæттæ аразын. Ацы хъуыддаджы цæмæй æнтыст уа, ууыл, зæгъгæ, архайæм мах дæр.

Кучийы фырт куыд загъта, афтæмæй кусдзысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фæсивæды æрбангом кæныныл. Уый тыххæй, зæгъгæ, нæ зæрды ис клуб саразын, цыран уыдонæн фадат уыдзæн кæрæдзиимæ аныхас кæнынæн, хъазт-изæртæ аразынæн. Уый тыххæй «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ арæх æмбæлынц хъæуты цæрджытимæ. Ууыл зæрдæдаргæйæ, зæгъгæ, мах ныфс ис, кæй фæтыхджындæр уыдзысты не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.