Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыныл дæс азы сæххæсты боны цытæн горæт Цхинвалмæ не стыр циныл бацин кæнынмæ Уæрæсе æмæ æндæр рæттæй æрцыдис бирæ адæм. Цытджын уазджыты æхсæн уыдысты Сириаг Арабаг Республикæйы делегаци дæр, кæцыйы сæргъ лæууыд Президент Башар Асады сæрмагонд минæвар Рияд Хаддад Мохамед.

Уый Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты дунеон пресс-центры радта чысыл пресс-конференци. Байгом æй кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария. Уый журналистты зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд кæй уыдис Сириаг Арабаг Республикæйы Президент Башар Асадимæ, уый. Афтæ ма банысан кодта,  Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы æхсæн ахастытæ райрæзын кæнын кæй у ныры æмæ фидæны фæлтæры хæрзиуæгæн.

Пресс-конференцийы, фыццаджыдæр, Рияд Хаддад арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн. «Мæнæн стыр кад æмæ цыт у, Башар Асад мын кæй бахæс кодта Хуссар Ирыстоны адæмимæ иумæ ахæм стыр бӕрӕгбоны хайад исын æмæ уыимæ иумæ зæрдиаг арфæ кæнын ирон адæмæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн. Башар Асад банысан кодта дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты ахсджиагдзинад æмæ сæ тырнындзинад уыдон рæзын кæнынмæ дыууæ паддзахады хæрзиуæгæн. Фæнды ма мæ банысан кæнын уый, æмæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм фæндвидарæй кæй цыдысты, бирæ азты дæргъы  кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хæдбардзинадмæ æмæ уæ къухты дæр бафтыдис», – загъта Рияд Хаддад.  Банысан кодта, сириæгтæ дæр сæ паддзахады политикæйыл кæй æууæндынц æмæ ныр кæй сты терроризмыл фæуæлахизы къæсæрыл. «Махæн нæ адæм лæууынц фæрсæй фæрстæм нæ бæстæйы къухдариуæгадимæ æмæ архайынц Сирийы уæвæг терроризмы ныхмæ, кæцыйы фарс хæцынц æмæ цырен кæнынц кæцыдæр ныгуылæйнаг бæстæтæ. Нæ адæм ныртæккæ сты уӕлахизы къӕсӕрыл. Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнæм æмæ кæронмæ ссыгъдæг кæнæм нæ зæххытæ террористтæй. Уымæ гæсгæ, æз æнхъæл дæн, мах кæй цæуæм иу фæндагыл», –  загъта Сирийы минæвар.

Журналистты ма цымыдис кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны кæд бакæндзысты Сирийы минæварад, уыцы фарст, Рияд Хаддад дзуапп ратта, зæгъгæ, минæварад бакæнын кæд уыдзæн, уый йæ бон зæгъын нæу, фæлæ йыл цæуы куыст, зæгъгæ, мах æппæт дæр аразæм, цæмæй нæ фæнд сæххæст уа минæварад бакæныны хъуыддаджы.

Сириаг минæвар ма фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Сири сæ къухтæ цы сразыдзинæдтыл æрфыстой, уыдонæй сæ иуы фæстиуæг у Хуссар Ирыстоны минæвæртты хайадист Дамаскы уагъдцæуæг дунеон равдысты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы равдыст уагъд цæудзæнис сентябры мæйы Сирийы столицæйы. «Хæсты рæстæджы нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, æппæт уыцы бæстæтæ дæр хайад исдзысты, афтæхуыйнæг, Сирийы сæндидзыны тыххæй экономикон тохы. Мах фæхуыдтам Хуссар Ирыстоны территорийыл цыдæриддæр компанитæ ис, уыдоны, цæмæйдæриддæр хайад райсой Дамаскы дунеон равдысты», – банысан кодта уый. Уыцы дунеон равдысты ма хайад райсдзысты Уæрæсейы Федераци, Китай, Иран æмæ æндæр бæстæты компанитæ.

Кæронбæттæны ма Сириаг Арабаг Республикæйы минæвар Рияд Хаддад загъта йæ тæлмæнтæ Хуссар Ирыстонмæ йæ балцæй. Цытджын уазæг Цхинвалмæ æрцæугæйæ, азылд æмæ федта республикæйы фенддаг бынæттæ. Сириаг делегаци ма нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты уæлмæрды сæвæрдта венок æмæ дидинджытæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.