Футболæй дунейы чемпионат кæй байгом, уый æмæ  Хуссар Ирыстоны спорты ацы хуыз рæзын кæныны фадæттыл дзырд цыд информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры брифинджы. Брифингы хайадисджытæ уыдысты Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария æмæ Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Хъотайты Мария куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æгас дуне сæ хъус дарынц футболæй дунеон чемпионатмæ.

«Уæрæсейы æмбырдгонд 14 июлы фæуæлахиз 5:0 хыгъдæй Саудаг Аравийы командæйыл. Ацы уæлахиз цасдæрбæрцæй у мах, ирæтты уæлахиз дæр, уымæн æмæ ацы хъазтмæ сæ хайбавæрд бахастой  не ‘мзæххонтæй цалдæр – Гергиты Валерийы оркестры зæлтæ зæлыдысты чемпионат гом кæныны рæстæджы, æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер у Черчесты Вячеслав, командæйы хъазджытæй сæ иу – Зæгъойты Алан,  кæд травмæ райста фæзуаты, уæддæр.

Чемпионат гом кæныны цытджын церемонимæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли хуынд кæй æрцыд, уый дзурæг у ууыл, æмæ Мæскуы аргъ кæны Хуссар Ирыстонимæ ахастытæн æмæ хæлардзинадæн. Æндæр бæстæты сæргълæуджытимæ иумæ уый хæцыд уæрæсейаг командæйы æвварс æмæ райгондæй сæмбæлдысты стыр уæлахизыл»,- банысан кодта Хъотайты Мария.

Разæй ма ис Испани – Португ-алийы хъазт. Уырдæм ацæудзысты хуссарирыстойнаг фарсхæц-джытæ дæр. Семæ хæссынц æмæ уым сфæйлаудзæн нæ паддзахадон тырыса.

Зассеты Сергей  дæр чемпионат байгом кæныны хъуыддаг банымадта ирд æмæ æхсызгон цауыл. Чысыл афæлгæст сарæзта командæты сконд æмæ хъазтыл. Дзырдта чемпионаты хайадисæг командæты сконд æмæ цæттæдзинады æмвæзадыл.

Хуссар Ирыстоны футболæй хъазт рæзын кæныныл дзургæйæ, Сергей банысан кодта, ныртæккæ футболы скъолайы кæй архайы 420 сывæллоны. 16 -тренерæн уый бирæ нæу.

«Нæ сæйраг командæ «Спартак-Цхинвал»-æн цæттæ кæнынц хъазджытæ. Уагъд цæуынц трениров-кæтæ, æмæ перспективон хъазджытæ хайад исдзысты ацы коман-дæйы сконды цæгатирыстойнаг чемпионаты», – загъта Зассейы фырт.

Инфраструктурæйыл дзургæйæ ныхасгæнæг банысан кодта, горæ-ты кæй ис дыууæ футболæй хъа-зæн фæзуаты, фæлæ уыдон дæр уадиссаг раппæлинаг уавæры не сты. Районты уый дæр нæй. Дзауы цы фæзуат ис, уымæ æмбæлон хъусдард аздахгæйæ, гæнæн ис æмæ дзы пайда цæуа.

Уавæртæм нæ кæсгæйæ, ныхасгæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг футболисттæн ис стыр потенциал. Уый бæлвырд кæнынц дунеон турнирты се стæм, фæлæ ныфсджын хайадистæй. Сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны командæ дыууæ хатты хайад райста Хæдбар футболон ас-социациты конфедерациты фæлгæтты ерысты – ConIFA-йы. Фæстаг хатт ацы ерысты хуссарирыстойнаг командæ хайад иста 2017 азы, командæ йæхи равдыста хорз.

«Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ цæмæй командæ хорз хъаза, уый тыххæй арæх хъуамæ хъаза. Æмæ ам æмбæлæм проблемæтыл, ома ConIFA-имæ нын цыфæнды хорз бастдзинæдтæ ма уа, уæддæр махæн уым хъазыны фадат нæй финансон хъуагдзинады аххо-сæй», – дзырдта Сергей.

Уымæ нæ кæсгæйæ комитет архайы нæ футболистты уæрæсейаг горæтты турниртæм æрвитыныл, кæд ахæм балцытæ бæрæг финансон хæрдзтæ домынц, уæддæр.

Ахæм ерысты хайад исынц селекционертæ, кæцытæ сæ хъус дарынц сывæллæтты хъазтмæ æмæ сæ дарддæр бакæнынц стыр спортмæ. Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ 21 июны цы турнир уагъд цæудзæн Цæгат Кавказы федералон зылды командæты ‘хсæн, уым Хуссар Ирыстонæй хайад райсдзысты æртæ командæйы.

Спорты ацы хуыз рæзын кæнынæн комитеты фарсмæ цы организацитæ балæууы, уыдоны номыл бузныджы ныхæстæ загъта Сергей. Уыдон сты компани «Мегафон», «БТК-4», «Дорэкспострой», Дзулфыцæн комбинат. Спорты хъæуы рæзын кæнын, уымæн æмæ спорт у цард. Йæ рæзын кæнынæн та хъæуы финансон фæрæзтæ.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.