Хуссар Ирыстоны астæуккаг скъолаты рауагъдонтæй уæлдæр ахуырад райсыны охыл чи уæрæсейаг ахуыргæнæндæттæм цæттæ кæны йæхи, чи та Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон университетмæ.

Информагентад «Спутник»-ы пресс-центры æрвылкъуырион брифинджы рæстæджы РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария æмæ Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса уынаффæ кодтой ацы ахсджиаг фарстыл.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг скъолаты рауагъдонтæн уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвылазон квотæты руаджы бирæ æнцонвадатдæр у Уæрæсейы Федерацийы хуыздæр ахуыргæнæндæттæм бахауын. Уымæ нæ кæсгæйæ, фæстæмæ æрыздæхгæйæ, æвзонг специалисттæн бирæ рæстæг сæ бон нæ вæййы куыст ссарын.

Аннæрдыгæй та нæ абитуриенттæн, уæрæсейаг бæрзонд æмвæзадыл уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, куыд Мæскуыйы Паддзахадон Университет кæнæ Мæскуыйы Æхсæнадæмон ахастыты институтмæ бахауын, хуымæтæгдæр у мæскуыйаг абитуриенттæм абаргæйæ. Æмæ ахæм уавæртæ арæзт кæй цæуы нæ студенттæн, уымæй цыма дарддæр сæ рохтæ ауадзынц.

Гаглойты Элиса куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæм квотæты нымæц къаддæр кæны, уымæн æмæ аивгъуыйгæ азты уыд ахæм практикæ, æмæ-иу абитуриенттæ куырдиæттæ уыцы-иу рæстæг балæвæрдтой цалдæр ахуыргæнæндонмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ кæрон уыд ахæм æмæ студентæрвыст цыд иу ахуыргæнæндонмæ æмæ иннæ бынæттæй пайда нал цыд.

«Ацы аз йæ дуæрттæ уæрæх байгом кодта ног арæзт Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, кæцы æнхъæлмæ кæсы студенттæм иттæг хорз уавæрты уæлдæр ахуырад райсынмæ. Педагогон ахуырад райсын у иттæг хорз фæрнджын, кадджын хъуыддаг, æмæ йæм мачи хъуамæ базивæг кæна», – дзырдта Элиса.

«Россотрудничество»-йы хаххыл ацы аз Хуссар Ирыстон-æн хицæн æрцыд 18 лимиты. Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг абитуриенттæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæм иумиаг уавæрты бахауынц сæрибарæй.

Медицинæйы хаххыл Хуссар Ирыстонæй традицимæ гæсгæ цыдысты иууыл хуыздæр абитуриенттæ. Ныртæккæ, Элисайы хъуыдымæ гæсгæ, иууыл хъæуæгдæр сты хъæууон хæдзарады фадыджы специалисттæ. Фæлæ Цхинвалы бирæпрофилон колледжы агрономы хайады цыппар студентæй йæ ахуыр кæронмæ акодта æрмæстдæр иу. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ фæсивæды ‘хсæн ахæм дæсныйæдтæ бынтон бæллиццаг не сты.

Уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонты æхсæн æгуыстдзинады проблемæ бæстон кæныны фæдыл хъæуы паддзахадон æмбæлон органты æхсæн æмбæлон куыст бакæнын. Элисайы хъуыдымæ гæсгæ сæвзæргæ уавæрæй рахизыны амал у, рауагъдонтæн ахæм фадат саразын, цæмæй йæ дæсныйадмæ гæсгæ куыст чи нæ ары, уыдон ног, иууыл хъæуæгдæр ахуырад райсой.

Брифинджы рæстæджы ма дзырд цыд Донецкы Адæмон Республикæимæ ахастытæ рæзын кæныны фæлгæтты ацы бæстæмæ уæлдæр ахуырад райсыны нысанæн ацæуыны уавæртæ аразын, Диссертацион къамис саразын æмæ æндæр фарстатыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.