Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы банымадта, ууыл 10 азы кæй сæххæст, уый цытæн медиа-центр «Ир»-ы цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым дзырд цыд историон контексты хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты историон этаптыл  æмæ ныры этапы хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытыл. Дискусситы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ, депутаттæ, эксперттæ, политологтæ, экономисттæ, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ æмæ уæрæсейаг цыппæрæм æфсæддон базæйы минæвæрттæ.

Фæстаг 10 азы дæргъы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты рæзты иумиаг тенденцийы фæдыл æрдзырдта информацион агентад «Рес»-ы сæйраг редактор, эксперт Уазæгты Юри. Уый  куыд дзырдта, афтæмæй 2008 азы августы цы нысаниуæгджын уынаффæтæ райст æрцыд, уыдон нырма дæргъвæтин рæстæджы дæргъы бæрæг кæндзысты уыцы рæзты процесстæ, кæцытæ цæуынц ныртæккæ Кавказы регионы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны алыварс. Ацы нысаниуæгджын бонæн стыр нысаниуæг дæттынц æрмæст Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы дæр. Уымæн æмæ уымæй фæстæмæ 2008 азы фæсæттæн дуджы фæстиуæгæн Уæрæсейы политикон царды тынг бирæ ногдзинæдтæ æрцыд. Уæрæсейы  æрлæууыд, национ интерестæ бахъахъхъæныны рæстæг. Бирæ азты дызæрдыгдзинæдтæ æмæ хатырдзинæдты фæстæ  Уæрæсе райста дырыс уынаффæтæ, æрмæст Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы бартæ бахъахъхъæныны пайдайæн нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийæн йæхи националон интересты пайдайæн дæр. 2008 азы августы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æрцæугæ цаутæ бындур æрæвæрдтой,  уый фæстæ ног Уæрæсейы цы цаутæ æрцыд, уыдонæн – Хъырымы æрбаиуæн, Сирийы цаутæн æмæ а.д. Зæгъæн ис, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æнтыстытæ хорзæрдæм æндавынц Уæрæсейы Федерацийы авторитетыл. Уыимæ ма дыууæ хæдбар республикæмæ ахасты Уæрæсе цы методикæйæ архайдта, уымæй гæнæн ис, уый спайда кæна æндæр бæстæтимæ  æмахастыты дæр.

Æнтыстдзинады æвдисæнтæ сты Хуссар Ирыстоны паддзахады хæдбардзинад цалдæр бæстæйы кæй банымадтой, уый, уыцы нымæцы Сири дæр.

«Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты бон у Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиагдæр цаутæй сæ иу. Ацы банымады фæстиуджытæ тынг фæахъаз сты нæ национ рæзтæн», – йæ рады банысан кодта медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымад нæ къухты тынг зынаргъæй бафтыд.

«2008 азы 26 августмæ нæ адæм дæргъвæтин рæстæджы æмæ хъизæмæрттæ æвзаргæйæ цыдысты, уыимæ ма дæргъвæтин рæстæджы  архайдтой, цæмæй нын нæ хæдбардзинад банымадтаид Уæрæсейы Федераци», – загъта Гаглойты Иринæ.

Гаглойты Иринæ радзырдта, Хуссар Ирыстоны националон-сæрибаргæнæн тох фæдфæдылонæй куыд реализаци кодта Уæрæсеимæ баввахсы стратегион здæхт æмæ нæ ацы архайдтытæ куыд æркодтой Уæрæсейы æрдыгæй нымад паддзахадмæ, уыдæтты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны националон-сæрибаргæнæн тох куы сцырын, уæд дæр йæ ориентаци Уæрæсейы æрдæм уыд, фæлæ уæд нырма Советон Цæдисы дуг уыд æмæ не статус областæй фæбæрзонддæр кодтам республикæмæ, уымæй дæр Гуырдзыстоны сконды. Фæлæ уыцы рæстæджы «Гуырдзыстон цы ног конституци бацæттæ кодта, уым Хуссар Ирыстон æппындæр нæ разынд. Уый афтæ нысан кодта, æмæ Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстонимæ нæ уыдзæн политикон процессы æввæрццаг динамикæ», – дарддæр дзырдта медиа-центры сæргълæууæг.

Гаглойты Иринæ радзырдта, Догомысы бадзырдты фæрцы Хуссар Ирыстоны зæххыл уавæр рæстæгмæ кæй æрсабыр, алы фадгуыты уæрæсейаг регионтимæ арæзт кæй цыд сразы-дзинæдтæ. Уыимæ иумæ ма  банысан кодта уыцы бадзырдты негативондзинад дæр. «Уыцы бадзырдты фæстиуæгæн Уæрæсейы къухдариуæгад хъавыд Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты ныппырх кæнын æмæ сæ  иумиаг фидауынгæнæн тыхтæй баивын. Уымæн æмæ уæды рæстæджы Уæрæсейы къухдариуæгад куыдфæндыйæ дæр Гуырдзыстоны – Шеварднадзейы фарс хæцыд», – загъта Гаглойты Иринæ æмæ цæвиттонæн æрхаста уæды рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Лысенкойы ныхæстæ, кæцы Цхинвалы уæвгæйæ загъта ахæм ныхæстæ: «Зынаргъ хæлæрттæ, мах æй æмбарæм зын уын кæй у, хæстон уавæрты кæй цæрут, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, сымахæн æндæр фæндаг нæй, фæстæмæ Гуырдзыстоны скондмæ бацæуынæй дарддæр».

Гаглойты Иринæ банысан кодта уæды рæстæджы Хуссар Ирыстоны депутатон корпусы активондзинад æмæ принципиалондзинад.

«Уыцы рæстæджы депутатон корпус уыд тынг активон, принципиалон, националон  интерестæ хъахъхъæнынмæ цæттæ æмæ дырысæй æмбæрста, йæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдоны. Уыдон Уæрæсейы Федерацийы регионты агуырдтой, нæ республикæйы  катайаг уавæр чи æмбæрста, ахæм тыхты æмæ семæ арæзтой бастдзинæдтæ.   Уыимæ ма депутаттæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты скуынæг кæнын нæ бауадзыны хъуыддаджы дæр равдыстой стыр активондзинад æмæ æрмæст тыхон структурæты нæ бахъахъхъæдтой, фæлæ ма 1993 азы сарæзтой хъомысджын структурæ  РХИ-йы  Хъахъхъæнынады министрад дæр», – загъта медиа-центры сæргълæууæг. Уый банысан кодта, уæды рæстæджы не ‘хсæнады активондзинад дæр æмæ хæдбардзинады банымадмæ цы раст къахдзæфтæ арæзта, уый.

Дарддæр куыд банысан кодта, афтæмæй 2004 азы  Гуырдзыстон райдыдта халын Догомысы сразыдзинæдтæ, дырысæй æвдисын райдыдта сабырадон æгъдауæй конфликт æрсабыр кæнын кæй нæ фæнд кæны, æмæ йæ агрессивон политикæ равдыста 2008 азы августы фондзбонон хæсты рæстæджы, кæцыйы фæстæ – 2008 азы 26 августы Уæрæсейы къухдариуæгад райста раст уынаффæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайгæйæ.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты моделы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы Президенты Администрацийы  сæргълæууæджы хæдивæг  Гобозты Вячеслав

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2008 азы онг  дæр Хуссар Ирыстоны царды, йæ паддзахаддзинады рæзты хъуыддаджы Уæрæсе стыр ролы хъазыд, уыимæ иумæ уæды онг дыууæ бæстæйы ахастытæн уыд эпизодон характер, фæлæ 2008 азы фæстæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастытæ рæзын райдыдтой динамиконæй, ног, ноджы гъæдджындæр этап райдыдта Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты. Уæрæсе активонæй хайад исы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон фадыг сæндидзын кæныны хъуыддаджы.

Уый æвæрццаг факторыл банымадта, Уæрæсейы Президенты цур сæрмагонд структурæ кæй сырæзт, уый, кæцы кусы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтыл æмæ дыууæ бæстæйы æмгуысткæнынады ног механизмы рæзтыл.

Ныры уавæр схонæн ис уæрæсейаг хуссарирыстойнаг ахастыты ног моделы арæзты этап. Ацы механизмы эффективон баст у Хуссар Ирыстоны дырыс æмæ  Уæрæсейæн æмбæрстгонд политикæйыл, афтæ ма Хуссар Ирыстон  цыбыр рæстæгмæ куыд сбæрæг кæндзæн националон паддзахадон рæзты йе стратегион приоритеттæ ног этапы.

Санахъоты Давид куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон хæдбардзинад расидгæйæ, сарæзта раст къахдзæфтæ  дунеон барадмæ гæсгæ дæр æмæ ССР Цæдисы барадон нормæтæм гæсгæ дæр. «Фæлæ абон нæ фæндаг бæрæг нал у, куынæ фæнды, куыд хæдбар паддзахад, афтæ размæ цæуын, куы та – Уæрæсейы Федерацийы сконды уæвын. Мах  хъуамæ æрцæуæм иу хъуыдымæ, цы нæ хъæуы, кæдæм цæуæм, уый хъуамæ дырысæй сбæрæг кæнæм», – загъта Санахъоты Давид.

Санахъойы фырт йæ хъуыдытæ загъта, 2008 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, абоны онг дæр Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн проблемæ скъуыддзаг кæй нæу, уый тыххæй хъуамæ уæм цырд-дзастдæр.

Санахъоты Давиды ныхæсты фарс рахæцыд Джуссойты Алан дæр. Банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонимæ нæ проблемæ нырма скъуыддзаг нæу, уый æрмæстдæр афæстæдæр ис æмæ та кæддæр йæхи равдисдзæн.

«Нæ адæм 1988 азæй фæстæмæ цы фæндагыл рацыдысты, уый нæ æркодта абоны бонмæ, ома, хæдбардзинадмæ. Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый уыд раст, бæстон  ахъуыдыгонд къахдзæф, йæ рады банысан клдта Джиоты Мурат.

Мадзалы сæ хъуыдытæ загътой иннæ хайадисджытæ дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.