РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли знон цы брифинг ауагъта, уым дзырдта Сирийы Арабаг Республикæмæ йæ балцы фæстиуджыты тыххæй.

Мадзалы райдиан уал Бибылты Анатоли загъта, Сирийы Президент Башар Асад Хуссар Ирыстоны адæммæ цы арфæйы ныхæстæ рарвыста, уыдоны тыххæй.

«Башар Асад Хуссар Ирыстоны адæмæн загъта дидинæфтыд, сабырдзинады фæнди-æгтæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй йæ фидарæй уырны, Сирийы республикæимæ цы сразыдзинæдтыл æрфыстæуыд къухтæ, уыдонæн кæй ис фидæн. «Зæгъæн ис, æмæ Сирийы Арабаг Республикæимæ ахастытæ уæрæхæй уæрæхдæр кæндзысты æмæ дыууæ паддзахадæн кæрæдзиимæ ахастыты цы плæнттæ ис, уыдон та æххæст цæудзысты».

Президент банысан кодта, нырма Сирийы уавæр уæззау кæй у,  фæлæ йæ  адæмы уырны террористтæ кæронмæ куынæг кæй æрцæудзысты.

«Сирийы территорийы сæйраг хай сæрибар æрцыд, фæлæ ма горæт Идлиб ис террористты къухы, уый дæр тагъд сæрибар æрцæудзæн. Нырма йæ территорийыл арæзт цæуынц террористон акттæ. Сирийы хæларадон, æфсымæрон адæмæн мæ зæрдæ зæгъы тагъд рæстæджы цы фæуæлахиз уой дунеон терроризмыл, хæстон операциты æнтыстджынæй цы фæуой æмæ сæ бæстæ тагъд рæстæджы дидинæфтаугæйæ цы рæза,  уый», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сириаг адæм тынг бузныг сты   Уæрæсейы Федерацийæ, террористты ныхмæ  тохы сын стыр æххуыс кæй кæны, уый тыххæй.

Президент куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæм зонынц хæст цы у æмæ йын цы фæстиуджытæ вæййы, уый. «Йæ рæстæджы нæ адæм дæр Гуырдзыстоны æрдыгæй бавзæрстой паддзахадон террор, уый фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг адæм æмбарынц, Сирийы адæм цы зындзинæдтæ æвзарынц, уый».

Дарддæр Бибылты Анатоли дзырдта Сири æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастыты перспективæйыл. Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы къухдариуæгад цæттæ сты дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастытæ рæзын æмæ фидар кæнынмæ. Банысан кодта, дыууæ бæстæйы ‘хсæн цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдон ахсджиагдзинад. Башар Асад дæр фæндвидар кæй у, уыцы сразыдзинæдтæ æнтыстджынæй реализаци кæй цæудзысты æмæ ахъаз кæй уыдзысты Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн æнгом æмгуыстадæн.

Журналистты цымыдис кодта, дыууæ бæстæйы ‘хсæн сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссыны фæстæ цы реалон къахдзæфтæ арæзт цæудзæн, уый.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы Арабаг Республикæйы  Базарадон-сæудæджерадон палатæты ‘хсæн  арæзт æрцæудзæн сразыдзинад.

«Базарадон-сæудæджерадон палатæ ахæм организаци у, кæцыйы руаджы дыууæ бæстæйы бизнесментæ зондзысты, цы фæндæттæ æмæ фадæтæн ис гæнæн, хъусдард цæмæ аздахын хъæуы, цæуыл æнцой кæнын хъæуы, цы къахдзæфтæ  саразæн ис Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы бизнесы рæзты тыххæй, æппæт уыдæттæ», – æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, Сирийы бизнесментæ æрцæуынвæнд кæй кæнынц Хуссар Ирыстонмæ.

«Уыдоны фæнды, Хуссар Ирыстоны цы фадæттæ æмæ гæнæнтæ ис, уыдон базонын. Нæхи рады мах дæр фæнд кæнæм нæ амалиуæггæнджыты Сириаг Арабаг Республикæ-мæ арвитын», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, сириаг бизнесменты цымыдис кодта дыууæ бæстæйы ‘хсæн æнæвизæйон режим бакæныны фарст дæр. Сирийы хъуыддагон адæймæгты ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон арæны режим фæхуымæтæгдæр кæнын фæахъаз уаит  дыууæ бæстæйы ‘хсæн экономикон ахастытæ сфидар кæнынæн.

«Æз сын бамбарын кодтон, куыдфæндыйæ дæр сæ Уæрæсейы территорийыл визæ кæй хъæуы. Ацы фарст мах афтæ аскъуыддзаг кæндзыстæм, цæмæй сириаг бизнесментæ Хуссар Ирыстонмæ цæуой транзитон уæрæсейаг визæйæ. Ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæн бирæ варианттæ ис, æмæ сæ алкæцымæ дæр æркæсдзыстæм», – фидарæй загъта Бибылты Анатоли.

Кæрæдзийы бæстæты минæварадтæ бакæныны тыххæй Бибылты Анатоли журналисттæн загъта, уыцы фарсты фæдыл дыууæ паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ кæй кусынц æмæ æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уый.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл дæс азы сæххæсты тыххæй бæрæгбонмæ Башар Асады æрцыды тыххæй та Президент загъта, Хуссар Ирыстоны адæмы номæй йæ кæй фæхуыдта.

«Нæ адæмы номæй æз фæхуыдтон Сирийы Арабаг Республикæйы Президент Башар Асады Хуссар Ирыстонмæ. Гæнæн ис 26 августмæ ма æрцæуа, фæлæ мæ куы фæндараст кодта, уæд мын загъта ахæм ныхæстæ: «Фембæлынмæ Хуссар Ирыстоны зæххыл». Уый та уый нысан кæны, æмæ мын мæ хуынд айста æмæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзæн, рæстæг ын куы уа, уæд, Сирийы цы уавæр ис, уый бахынцгæйæ».

Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг радзырдта Сирийы цæрæг ирæттимæ куыд фембæлд уый тыххæй дæр, банысан кодта, цы цины æнкъарæнтимæ йыл фембæлдысты, уый дæр. Уыдонæй бирæтæ нæ зыдтой иронау, фæлæ дзы дыууæ-æртæ адæймаджы зынтæй дзырдтой иронау.

Сирийы цæрæг ирæттæ службæ кæнынц алы чинты Сирийы æфсады, кусынц бæрнон бынæтты. Сирийы Парламенты сæрдары хæдивæг нын стыр æхсызгонæй дзырдта, йæ мад ирон кæй у. Зæгъæн ис, уыдон активон хайад кæй исынц Сирийы æхсæнадон царды.

«Сириаг ирæтты фæнды Хуссар Ирыстоны университеты ахуыр кæнын дæр. Уыимæ ма сæ фæнды, цæмæй рæстæгмæ æрцæуой, цæмæй сахуыр кæной ирон  æвзаг æмæ уый фæстæ та ахуырмæ бацæуой нæ университетмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый махæн æхсызгон уыд», – банысан кодта Президент.

Журналистты цымыдис кодта политикон парти «Иугон Ирыстон» æмæ Сирийы Президенты фарсхæцæг политикон парти БААС-ы ахастыты фарст дæр.

Президент куыд загъта, афтæмæй ацы дыууæ партийы æмархайд ахсджиаг у дыууæ паддзахады æмахастыты рæзтæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы партиты ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл къухтæ кæй бафыстæуыд, уый ахсджиаг къахдзæф у парти «Иугонд Ирыстон»-æн.

«Иугонд Ирыстон» æмæ БААС сæ паддзахадты цы ролы хъазынц, уый бахынцгæйæ, фæндон бахастæуыд дыууæ политикон партиты ‘хсæн сразыдзинад саразын. Дыууæ партиты ‘хсæн ахастытæ фидар кæндзысты, уымæн æмæ сын ис, цы сæ æввахс кæна, уый æмæ иумиаг проектты реализацийы фадæттæ», – загъта Бибылты Анатоли. Уый ма банысан кодта дыууæ бæстæйы бастдзинæдтæ фенгомдæр кæныны æхсæнпартион æмгуыстады рæзты ахсджиагдзинад дæр.

Сирийы ирæттыл куыд бандæвта хæст, уый тыххæй паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Сирийы цард дæс минæй фылдæр ироны. Хæсты фæстиуæгæн уыдонæй бирæтæ алыгъдысты æндæр æмæ æндæр бæстæтæм. Уым цы ирæттæ баззад, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, ма уыдонæй абон Сирийы баззад дыууæ мины бæрц. Æвæццæгæн бæстæ куы æрсабыр уа, уæд æндæр бæстæтæм чи ацыд, уыцы ирæттæ дæр фæстæмæ æрыздæхдзысты сæ цæрæн бынæттæм.

Президент журналисттæн ра-дзырдта, Сирийы Президент Башар Асадæн цы лæвæрттæ бакодта уыдоны тыххæй дæр.

«Æз Башар Асады схорзæхджын кодтон Хуссар Ирыстоны иууыл кадджындæр æфсæддон хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй. Фæлæ кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы хъуыддаг æмæ соцхызæджы фыстой, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæсты хайад чи нæ райста, уый не ‘мбæлы «Уацамонгæ»-йы орденæй хорзæхджын кæнын. Æз та зæгъдзынæн уый, æмæ ис хæстон архайдтытæ æмæ ис политикон тохтæ. Политикон тохты хайадисæджы къаддæр хъару æмæ тыхтæ нæ хъæуы. Башар Асад политикон тохы бацæу-гæйæ, стыр æхсар æмæ хъæбатырдзинад равдыста, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй.  Æз ма йын балæвар кодтон дамаскаг æндонæй арæзт кавказаг æхсаргард дæр. Уыцы лæвар рауад символикон. Дамаскаг æндонæн ис хъандзалы миниуæг, куы йæ æрбатасын кæнай æмæ йæ куы суадзай, уæд фæстæмæ араст вæййы. Æз Сириаг Арабаг Республикæйы адæмæн загътон ахæм фæндиæгтæ, цæмæй ацы æндонау, уыдон дæр сæхи айтынг кæной, æмæ цæуой  размæ – сæ бæстæйы дидинæфтыд-мæ».

Дарддæр Президент куыд радзырдта, афтæмæй Сирийы æххуысæй Хуссар Ирыстон хæлæрттæ агурдзæн æввахс скæсæйнаг бæстæты ‘хсæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сири хъахъхъæндзæн Хуссар Ирыстоны интерестæ æмæ сæ размæ кæндзæн регионы.

Хуссарирыстойнаг бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады дунеон банымад кæй у, дарддæр чи цæудзæн, ахæм процесс.

«Сирийæ дарддæр ма нæ банымайдзысты дунейы æндæр регионты бæстæтæ дæр», – фидарæй загъта Президент.

Хуссар Ирыстоны Президент дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.