Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты 2019 азы. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы фæстаг рæстæджы  арæзт цæуынц ног партитæ æмæ сæ политикон архайд кæнынц уымæй размæ срегистрацигонд партитæ.

Ацы партиты куыст æмæ архайды фæдыл æмæ æмткæй парламентон æвзæрстыты тыххæй информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры радон брифингы рæстæджы дзырдта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария. Брифингмæ ма хуынд æрцыд РХИ-йы Президенты администрацийы минæвар, эксперт Джуссойты Алан.

Джуссойты Алан журналистты хъусдард аздæхта ныртæккæ нæ республикæйы ног сæвзæргæ партитæ æмæ æмткæй нæ республикæйы партиты политикон архайдмæ: «Хуссар Ирыстоны архайæг партиты фылдæр хай адæмы æнгом кæныныл нæ кусынц æмæ идеологион бындурæй нæ пайда кæнынц. Уымæ гæсгæ не ‘хсæнады се ‘ууæнкдзинад фесæфтой. Ныртæккæ не ‘хсæнады дзырд цæуы, зæгъгæ, фыдæнæн кæцыдæр партиты нæ регистраци кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый афтæ нæу. Ахæм партитæ арæзт цыдысты кæнæ хицæн партиты пайдайæн, кæнæ сæрмагонд адæймæгты пайдайæн. Æмæ мах сымахимæ ныртæккæ æвдисæн стæм, не ‘хсæнады политикон тыхтæм кæй фæзынд æнæууæнкдзинад», – банысан кодта Джуссойты Алан.

Уый æрдзырдта парти «Аланты цæдис»-ы фæдыл дæр. Куыд зонæм, афтæмæй ацы парти регистраци кæныныл не сразы нæ республикæйы Юстицийы министрад.

Парти «Аланты цæдис»-ы тыххæй уый загъта:

– Ацы парти йæ документтæ куы бавдыста регистраци кæнынмæ, уæд дзы нæ республикæйы Юстицийы министрад ссардта фæткхалынæдтæ æмæ закъонмæ гæсгæ регистраци не ‘рцыд. Партийы уæнгтæ загътой, зæгъгæ, фæткхалынæдтæ бирæ нæ уыдысты, фæлæ закъон бар нæ дæтты иу партийæн дæр чысыл фæткхалынæдтимæ регистраци кæнынæн. Ныртæккæ цæуы политикон тох, фæлæ ис нормативон-барадон базæ, кæцыйыл хъуамæ хæст уой партитæ се ‘ппæт  дæр».

Парти «Паддзахад Аланийы коммунисттæ»-йы алыварс сæвзæргæ уавæрыл дæр æрдзырдта Джуссойты Алан. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы парти дæр регистраци не ‘рцыд. Эксперт куыд загъта, афтæмæй бирæ информацион фæрæзты фæзынд цахæмдæр информаци, цыран дзырдæуы, зæгъгæ, ацы партийы уæнгтæн бар лæвæрд нæ уыд, цæмæй горæт Къуайсайы ауагътаиккой бындурæвæрæн съезд, афтæ ма дзырдæуы, зæгъгæ, партийы иуæй-иу уæнгты ахсгæ дæр æркодтой.

– Махмæ ис  мадзæлттæ уадзыны тыххæй 1996 азы уынаффæ æмæ бындурæвæрæн съезды организатортæ ацы уынаффæимæ зонгæ сты. Уымæ нæ кæсгæйæ, уыдон уæддæр стыр нысаниуæг нæ радтой уымæн. Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ ацы партийы уæнгтæй ахст ничи ‘рцыд, æрмæстдæр дзы иу адæймаджы æрцахстой, æнæзакъонон агитаци кæй уагъта, уый тыххæй. Фæлæ суагъæ саразыны фæстæ уый дæр сæрибар æрцыд», – банысан кодта Джуссойты Алан.

Брифингы РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария банысан кодта, зæгъгæ, не ‘хсæнады сæвзæры иуæй-иу хатт ахæм фарст: цæмæн хъæуынц уыйбæрц партитæ?

– Алы хатт дæр æвзæрстыты агъоммæ арæзт æрцæуы бирæ ног партитæ, уый размæ регистраци цы партитæ æрцыдысты, уыдон дæр сындæггай кусын райдайынц, фæлæ уыдоны архайд æмæ куыст адæймагмæ æвзæрын кæны ирони. Цалдæр политикон организацийы нæ архайынц, нæ кусынц, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæ гæсгæ сын нæ республикæйы Юстицийы министрад  бар-æнæбары  æрæхгæны сæ архайд. Бирæ партитæ сæ партион газеттæ регистраци кæнынц Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты, фæлæ бирæ партиты лидертæ газет мыхуыры уадзын  райдайынц æвзæрстытæм æввахс рæстæджы. Кæнæ та бынтондæр мыхуыр не ‘рцæуынц. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу, уымæн æмæ парти хъуамæ алыхатт дæр куса æмæ хайад иса нæ республикæйы политикон æмæ æхсæнадон царды, æмæ ма куса æрмæстдæр æвзæрстытæй æвзæрстытæм», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Фæстаг Парламентон æвзæрстыты хайад нæ райстой 4 партийы, уыдон иуварс æрцыдысты Юстицийы министрады куысты фæстæ. Уыцы куысты фæстиуæгæн 14 партийы  нымæц æрхаудта 10 онг.

Парти «Алайнаг цæдис»-ы алыварс сæвзæргæ уавæры фæдыл Хъотайты Мария загъта, зæгъгæ, ацы хъуыддагмæ кæсын хъæуы, агурын хъæуы политикон къахдзæф. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы къухдариуæгад йæхи равдыста демократонæй æмæ закъоны фæлгæтты парти регистраци не ‘рцыд.

– Парти «Аланты цæдис»-ы бадæтгæ документты куынæ уыдаид бархалынæдтæ, уæддæр 2019 азы Парламентон æвзæрстыты уыдонæн сæ бон нæ уыдаид хайад исын. Уымæн æмæ уыцы парти Юстицийы министрадмæ сæ документтæ афоныл нæ бадæттой. Уыдонæн сæ бон æрмæстдæр суыдаид сæйраг офис бакæнын, фæлæ регионалон регистрацийæн закъонмæ гæсгæ цы рæстæг хицæн æрцыд, уый сын нæ фаг кодта, – банысан кодта Хъотайты Мария.

Уый куыд загъта, афтæмæй тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ цы партитæ регистраци не ‘рцыдысты, уыдонæй иу дæр хъаст нæ лæвæрдта сæйраг тæрхондонмæ. Æмæ уый та дзурæг у,  тæрхондоны кусджыты райсгæ уынаффæтæ кæй æвзæрын кæнынц æууæнкдзинад.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.