Йæ хъуыддаджы дæсны чи у, æдзух йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ бæрндзинады цæстæй чи кæсы, абоны æнтыст сом фагыл чи нал нымайы, уымæй кæддæриддæр райгонд вæййынц адæм. Уый афтæ кæй у, уый тыххæй йæм закъазгæнджытæ фæцæуынц зæрдиагæй, ныфс сæ вæййы, сæ хъуыддаг сын цыбыр æмгъуыдмæ æмæ зæрдæмæдзæугæ кæй сæххæст кæндзысты. Ахæм зæрдæйы равгимæ бацæуынц адæм нæ горæты Ю. Лужковы уынгыл Цардуагон лæггæдты хæдзары, Коцты Славик æмæ Сиукъаты Павел цы хуыйæн æрмадзы фæллой кæнынц, уырдæм. Ацы дыууæ нæлгоймаджы цыфæнды æнæвдæлон уой, уæддæр сæм закъазгæнæг æрбахызт, уæд уайтагъд æрбалæудзысты йæ уæлхъус мидбылхудтимæ, афæрсынц æй, цы куыст ын хъуамæ сæххæст кæной, уымæй. Бæстон байхъусыны фæстæ, закъазгæнæгæн бамбарын кæнынц, куыд хуыздæр æмæ аивдæр рафидаудзæн сæ бакæнгæ фыдæбон. Иугæр иу хъуыдымæ æрцыдысты, уæд æвæстиатæй бавналынц сæ радон хæслæвæрд æххæст кæнынмæ.

Æмæ та скуыста хуыйæн машинæ, уыимæ иумæ бахуыинаг дарæс дæр цадæггай ивы йæ хуыз, арæхстджын æмæ фæлтæрд хуыйджыты æрмдзæф ыл бæрæгæй кæй разынд, фæстæдæр йæ хицау æхсызгон æмæ цины æнкъарæнтимæ йæ къухтæм цы дарæс райсдзæн, уый йыл зыны. Ахæм закъазтæ æрвылбон дæр сæххæст кæнынц æнæ исты аиппытæй, уый сын фыццаг нæу, уымæн æмæ хуыйæджы  куыст кæнынц дæргъвæтин азты. Ацы дыууæ нæлгоймаджы хуыйæджы дæсныйад æмæ фæлтæрддзинадыл  фæцайдагъ сты, нæ горæты раздæр азты цы №131 профтехахуыргæнæндон уыд, уым сæ ахуыры рæстæджы. Дыууæ æвзонг лæппуйы ацы ахуыргæнæндоны схæлар сты æмæ тырныдтой хуыйæджы дæсныйад бæстон сахуыр кæнын æмæ базонынмæ. Ацы ран бирæ уыд сæ хъуыддаджы хорз ахуыргæнджытæ, фæлæ уæлдай бузныг абоны бон дæр сты хуыйæг-ахуыргæнæг Зассеты Азæйы цæстуарзон архайдæй. Æртæ аз æмæ æрдæг сахуыр кæныны фæстæ кусын райдыдтой Модæты ательейы. Æрыгон хуыйджытæн куысты сусæгдзинæдтæ бацамонынмæ кæддæриддæр цæттæ уыдысты уагдоны директор Коцты Зинæ æмæ йæ хъуыддаджы арæхстджын кусæг Болататы Нодар. Цалдæр азы фæстæ рахызтысты, абоны бон цы уагдоны кусынц, уырдæм.

Ацы дыууæ хæларæмкусæджы куы афарстон, фылдæр цахæм закъазтæ æххæст кæнынц, уымæй, уæд сæ дзуапп уыд – рацаразинаг æмæ ногæй цалцæггæнинаг дарæс, зæгъгæ. Уыдон та раздæр азты хуыд æрцыдысты æндæр æмæ æндæр арæхстджын хуыйджыты къухтæй, разы сæ уыдысты сæ хицæуттæ. Ныр та, бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, хъуамæ райсой сæ ног хуыз. Уый сæ хицæутты фæндон вæййы æмæ нæ фæрæдийынц, Павел æмæ Славикы къухты æрмдзæф сыл бæрæгæй куы разыны, уæд. Райгонд сæ сты куыд цæрджытæ, афтæ уагдоны разамонджытæ дæр, æмæ сын цалдæр хатты лæвæрд æрцыд Кады грамотæтæ. 

                                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.