Æрвылаз дæр Хуссар Ирыстоны дæр аразæджы бон банысан кæнынц августы мæйы дыккаг хуыцаубоны. Ацы аз æрхаудта 11-æм августмæ. Аразæджы професси тынг ахсджиаг у нæ царды – фæндæгтæ, хæдзæрттæ, бæстыхæйттæ… Бирæ арфæтæ райсынц уыцы бон ацы ахсджиаг æмæ хъæуæг профессийы кусджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, абон, 11-æм августы бирæ арфæтæ райсдзысты хуссарирыстойнаг аразджытæ дæр, сбуц та сæ кæндзæн нæ республикæйы къухдариуæгад.

Фæлæ абон мæ дзырды сæр у гуырдзыйы агрессийы райдианы фæмардуæвæг дыууæ хæстон-аразæджы тыххæй. Ныр 27 азы сæ профессионалон бæрæгбоныл нал сæмбæлынц абон уын цы диссаджы хорз адæймæгты кой ракæнынмæ хъавын, уыдон – Джиоты Шамиль æмæ Джиоты Владик (Басмач). Уыдон стыр хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны арæзтадон къабазмæ. Сæ къухдариуæгадæй нæ республикæйы цы хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдоны абон дæр фæрнæй цæ-рынц адæм. Ацы дыууæ хæлар-зæрдæ адæймаджы бæргæ уыдысты сæ дæсныйады иттæг хорз специалисттæ, фæлæ… Дыууæ дæр хæрзæвзæнгтæй рафтыдысты нæ цыфыддæр знæгтæ – гуырдзыйы къухæй.

Джиоты Шамиль уыд нæ го-рæты уæздандæр æмæ æгъдау-джындæр нæлгоймæгтæй сæ иу. Йæ ныхас хиуылхæцгæ, æп-пынæдзух æфсæрмдзæстыг æмæ уыцы-иу рæстæджы худгæбыл, раст ахæмæй бахъуыды кодтой Шамилы чи йæ зыдта, уыдон иу-уылдæр. Уый райгуырд Цхинвалы 1948 азы 26 февралы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Ахуыр кодта нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы. Тынг уарзта спорт, архайдта шахматты секцийы, афтæ хъæ-бысхæст æмæ штангæйы скъолаты дæр. Шамиль иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны уæды областы кад, куыд Гуырдзыстоны, афтæ Советон Цæдисы бирæ горæтты дæр. Хъыгагæн, йе ‘ппæт хорзæхтæ дæр куынæг æрцыдысты 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы Ленины уынджы йæ хæдзарыл минæ кæй сæмбæлд æмæ ныппырх, уый фæстиуæгæн. Бæргæ Шамиль сæрæгас куы уыдаид, уæд йæхæдæг сыгъзæрин къухты хицау уыд, æмæ йæ сарæзтаид, фæлæ… Бинонтæ нæ республикæйы фæсхæсты хицауадмæ бæргæ бахатадысты цалдæр хатты, фæлæ… Ныр æй сæхæдæг сындæггай æндидзын кæнынц куыд сæ бон у, афтæ.

      Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Бакойы политехникон институтмæ æмбæстагон арæзтады факультетмæ. Æртæ азы уым сахуыр кæнгæйæ, йæ ахуыр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ раивта Тбилисы политехникон институтмæ. Ша-миль куыд Бакойы, афтæ Тбилисы дæр  бæрзонд хаста ирон лæджы ном, ахуыр кодта тынг хорз. Инженер-аразæджы дæсныйад райсыны фæстæ æрæздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ райдыдта кусын йæ дæсныйадыл. Куыста арæзтадон-монтажон управленийы, ахæм дæсны аразджытæ куыд Хъотайты Петя, Остъаты Толик, Æлборты Витали æмæ Мæргъиты Робертимæ. Се’ппæт дæр уыдысты тынг хорз специалисттæ, цал æмæ цал хæдзары сырæзт областы сæ къухдариуæгадæй, уыдон чи фæнымайдзæнис. Фæлæ, хъыгагæн, уыдон иууылдæр æнæрæстæджы аивгъуыдтой се ‘нусон дунемæ. Бæргæ ахæм дæсны аразджытæ абон удæгас куы уыдаиккой, уæд цас лæггад бакодтаиккой æмæ цас пайда æрхастаиккой, сæ райгуырæн бæстæ ныртæккæ ахæм специалистты хъуагдзинад куы æййафы, уæд. Фæлæ хъыс-мæтæн цы загъдæуа. Шамиль хæдзæрттæ арæзта Къуайсайы, горæт Цхинвалы дæр сарæзта бирæуæладзыгон корпустæ, уыцы нымæцы Исахъы уынджы 58-æм кооперативон дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары. Куыста цæс-гомджынæй, йæ куыстмæ йын фау никуы ничи æрхаста, афтæмæй.

1979 азы Шамиль йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн зæрдæ-мæдзæугæ æмæ æгъдауджын сылгоймаг Къæбысты Дзерассæимæ. Бинонтæ цардысты  хъæрмудæй, уæдмæ сын фæзынд кæстæртæ дæр, чызг Фатимæ æмæ лæппу Вася æмæ ма сæ цинæн кæрон кæм уыд. Цы ма сæ хъуыд амонд-джын цардæн, алцыдæр сын уыд, фæлæ уæд кæцæй зыдтой сæ амондджын цард сын иу уысммæ кæй æрбайхалдзысты гуырдзиаг лæгсырдтæ, уый. Дыууæ цардæм-балы иумæ амондджын цард фæкодтой æрмæстдæр 13 азы… 1991-92 азты сытынг гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд. Ирон лæппуты  бахъуыд сæ Райгуырæн Ирыстоны зæхх бахъахъхъæныны сæр æмæ Шамиль дæр слæууыд Фыды-бæстæ хъахъхъæнджыты рæн-хъыты, нал ын æхсæв уыд, нал – бон, афтæмæй тох кодта знæгты ныхмæ. Уæд куыддæр Коцты Грийы къорд сырæзт, афтæ Шамиль дæр уайтагъд слæууыд къорды лæппуты ‘хсæн.

Джиоты Шамиль иу бон дæр никуы ныууагъта йæ райгуырæн Цхинвал, æмæ афтæмæй хæцыд гуырдзиаг фашистты ныхмæ. 1992 азы фидауынгæнæг тыхтæ цалынмæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ знæгтæ горæты уынгты ныууагътой бирæ минæтæ, уæлдайдæр та хидæн фаллаг фарс фæндæгтыл. 1992 азы 15-æм июлы Шамиль ми-нæты бæрæггæнæг йæ машинæ-йыл фæцæйцыд зæронд хидыл æмæ куыддæр Æфсæддон къамисариаты цурмæ бахæццæ, афтæ йæхиуыл минæ спырх æмæ фæмард.  Банцад зынгзæрдæ патриоты зæрдæ йæ кусынæй, йæ цард нывондæн æрхаста, афтæ бирæ цы  Ирыстоны уарзта, уый сæрвæлтау. Цыдис ыл æрмæст-дæр 44 азы…

Джиоты Владик «Басмач» рай-гуырд Знауыры районы Терегуаны хъæуы 1960 азы 20-æм марты. Владик каст фæци ацы хъæуы астæуккаг скъола. Уый хæрзæвзонгæй бауарзта аразæджы дæсныйад æмæ скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Арæзтадон техникуммæ. Техникум каст фæуыны фæстæ йæ бæргæ фæндыд йæ ахуыр адарддæр кæнын уæлдæр ахуыргæнæндоны, фæлæ йæм æр-сидтысты Советон æфсады рæнхъытæм. Уыцы рæстæджы Афгани-станы уавæр уыд карз, æппынæдзух дзы цыд стыр тохтæ æмæ Советон Цæдисæн ацы бæстæимæ бадзырд кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм æрвыстой советон салдатты дæр, фылдæр саулагъз лæппуты, цæмæй бынæттон адæмæй бакастæй тынг ма хицæн кодтаиккой. Владикмæ дæр æрхаудта ахæм «амонд» æмæ йæ 1982 азы арвыстой службæ кæнынмæ Афганистанмæ. Дард Афганистаны зæххыл ирон лæппу цытæ бавзæрста, ууыл дзурын уæлдай у, æппынæдзух уыд мæлæты тасы бын. Стыр хъæбатырдзинæдтæ кæй æвдыста, уымæ гæсгæ йæ æрвыстой иууыл тæссагдæр бынæттæм æмæ-иу дзы алыхатт дæр сæрæгасæй раирвæзт. Джиоты Владик æфсадæй куы æрæздæхт, уæд кусын райдыдта – Къуайсайы йæ уарзон дæсныйадыл прорабæй, арæзта хæдзæрттæ æмæ йæ куыстæй иста æхцондзинад. Уым, Къуыдаргомы сæмбæлд йæ амондыл дæр. 1985 азы йæ цард баиу кодта Къобеттаг хæрзæгъдау чызг Жажиты Минæтимæ. Рацыд сын æртæ сывæллоны æмæ  æвзонг ныййарджытæ амондджын цард кодтой, фæлæ хъысмæт хатт тынг æгъатыр вæййы, адæймаг æй нæ фæзоны разæй йæм цы стыр бæллæхтæ фенхъæлмæ кæсынц, уый. Æвзонг æмкъæйттæн Гафезы уынджы цы ног фатер рахицæн кодтой, уым дæр сын нæ бантыст бирæ ацæрын. Владик уæд та куыста Цхинвалы арæзтадон тресты прорабæй, арæзта хæдзæрттæ Цхинвалы. Гафезы уынджы йæ арæзт бирæуæладзыгон хæдзæртты абон дæр фæрнæй цæрынц сæдæгай би-нонтæ.

1989-92 азты уынгæджыйы бон ныккодта Райгуырæн Ирыстоныл, нæ сахъгуырд лæппутыл, æнæ-мсæр тохы бацыдысты знаджы ных-мæ. Иу ран кæцæй бадтаид Джиоты уæйгуытæконд Владик дæр. Уымæ уыд хæстон цæттæдзинад Афгани-станы хæстæй æмæ йын иу ран æр-бадт нал уыд, фесæфта йе ‘нцойад æмæ кæмдæриддæр тæссагдæр хæст цыд, уырдæм йæхи æппæрста. Æрдзæй зæрдæхæлар кæй уыд, уымæ гæсгæ йæхи цардæй хъахъхæдта йе ‘мбæлтты цард, иу-уылдæр цыд разæй, зонд амыдта кæстæртæн. 1992 азы уавæр бæрæг фæкарздæр, знаг æхсæ-вæй-бонæй æхста Цхинвал, лæбурдта хъæутæм æмæ сын фесæфта се нцойад. Знаг лæбурдта Знауыры районы хъæутæм дæр. Арчънет æмæ уымæ æввахс хъæутæм-иу ссыдысты машинæйыл æмæ цæр-джытæн хъизæмар кодтой. Уæд Джиоты æндонфарс «Басмач», Гæззаты Джони æмæ Джиоты Шамиль иу афоны сæ размæ бабадтысты æмæ сын аккаг фесты, цы агуырдтой уый ссардтой. Уæдæй фæстæмæ чысыл сулæфыдысты ацы хъæуты цæрджытæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм хъайтардзинады равдыста Владик уыдон чи фæнымайдзæнис. Владик, цыма йæ хъыс-мæт зыдта, уыйау-иу йæ цардæмбалы фæдзæхста, зæгъгæ, дам, мыл исты куы æрцæуа, уæд-иу мын мæ лæппуйы арæзтадон институт-мæ барвит.

1992 азы июны мæйы уавæр ноджы фæкарздæр. 8-æм июны ТЭК-ы Владикитæн гуырдзиаг лæгхортимæ бацайдагъ удуæлдай, æнæ-мсæр тох. Лæппутæ фесты дыууæ дихы æмæ Владикитæ цалдæр лæппуйæ бахаудысты æрхъулайы. Лæппутæй дыууæйы йæхæдæг куыддæрты раппæрста былæй, цæмæй сæрæгасæй аирвæзтаиккой, фæлæ йæхæдæг уым хъæбатырæй фæмард. Æгæрыстæмæй, йын знæгтæ дæр скад кодтой. Йæ афгайнаг гуырдзиаг æмбæлттæй йæ иу базыдта æмæ 8 сахаты бæрц хæст æрурæдтой. Ацы æвзонг лæппу йæ Райгуырæн бæстæйы æмæ йæ радтæг адæмы сæрвæлтау йæ цард нывондæн куы æрхаста, уæд ыл цыд æрмæстдæр 32 азы. Ахæм уæззау хъысмæт схай кодта Стыр Хуыцау Джиоты уæйгуытæконд цæхæрцæст æмæ уæзбын лæппуйæн. Фæлæ йæ тох æнæхъуаджы  нæ фæци, абон  ахæм сæрæнгуырдты фæрцы Ирыстон цæры сабыр æмæ хæдбарæй. Йæ фæдзæхст ын сæх-хæст кодта йæ идæдз, сæ лæппу Марат – йæ фыдау, уæйгуытæконд, каст фæци Хæххон Металлургион институты арæзтадон факультет æмæ аразы фæндæгтæ, фæлæ фæнд кæны йæ фыдау хæдзæрттæ аразынмæ рахизын. Сарæзта Цхинвал-Знауыры фæндаг. Йæ дыууæ чызджы дæр аккаг бынат ссардтой царды.

Шамиль æмæ Владикы хуызæн адæймæгты нæмттæ  ирон адæмæй рох макуы хъуамæ уой, уымæн æмæ уыдон бирæ балæггад кодтой сæ радтæг адæмæн, куыд арæзтады къабазы, афтæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы дæр. Сæ дыууæ дæр сæ цард нæ бавгъау кодтой Райгуырæн Ирыстоны сæраппонд æмæ сын сæ ном ссарын æмбæлы…

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.