Ахуыргæнæг… ацы дзырд йæ зæлынадæй аив у, йæ нысаниуæг – вазыгджын. Цыбыр дзырд у, фæлæ йæ фехъусгæйæ адæймагмæ сæвзæрынц æппæты хъармдæр, зæрдæмæхъаргæдæр æмæ æхцондæр æнкъарæнтæ. Уымæн æмæ алы адæймагæн дæр йæ сабибонтæй фæстæмæ, йæ цард æнгом баст вæййы ахуыргæнæгимæ: фидæны цардмæ фыццаг къахдзæфтæ райдайы ахуыргæнæгимæ, уæлдæр ахуырад дæр ахуыргæнæджы фæрцы райсы æмæ ма  йæ равзаргæ дæсныйады арфдæр зонæнтæ дæр базоны ахуыргæнæджы æххуысæй. Афтæмæй царды æппæт дæсныйæдтæм фæндаджы фыццаг къæпхæн, сæ сæйраг рахæцæн у ахуыргæнæг.

Ацы вазыгджын æмæ ахсджиаг дæсныйадæн йæ сабибонтæй фæстæмæ йæхи чи снывонд кодта, æмæ ныронг йæ разылæууæг хæстæ цæсгомджынæй чи æххæст кæны, уыдонæй сæ иу у Къуайсайы астæуккаг скъолайы фæсарæйнаг æвзæгты ахуыргæнæг Харебаты Софья дæр. Софья райгуырд 1945 азы декабры мæйы Зары хъæуы. Йæ ныййарджытæ Серги æмæ Тедеты Бабуца уыдысты хуымæтæджы зæхкусæг бинонтæ. Кодтой хъæууонхæдзарадон куыстытæ æмæ афтæмæй дардтой сæ бирæ бинонты. Уыд сын æхсæз хъæбулы – цыппар чызджы æмæ дыууæ лæппуйы, куы-иу æрбамбырд сты, уæд-иу сæ хъæлдзæг хъæлæбайæ рад сæ ныййарджыты зæрдæ æмæ сæхи нымадтой амондджыныл. Æрыгон ныййарджытæм уыд бирæ  фæндтæ  фи-дæны цардмæ, фæлæ сын, куыд æппæт дунейы адæмæн, афтæ уыдонæн дæр, уыцы рæсугъд фæндтæ иу райсом раджы æрбайхæлдта фашистон Герман: райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Сергийы дæр бахъуыд райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй æнæмсæр тохмæ ацæуын. Ныууагъта йе ‘нахъом сабиты сæ мадæн æмæ араст йæ хæс æххæст кæнынмæ. Уыцы рæстæджы æхсæз сабийы сæ къахыл слæууын кæнын æнцон нæ уыд, фæлæ Тедион уæддæр амæлттæ кодта, хъомыл сæ кодта, кæм йæхи уды сæрæндзинадæй, кæм та хъæубæсты æххуысæй. Сылдых хæдзары  куыстыты уæз фылдæр хауд йæхи уæхсджытæм. Фæлæ быхста æмæ тырныдта йæ сабиты сæ къахыл слæууын кæнынмæ. Кæд уыцы дугтæ зын уыдысты æмæ уыдысты сæ царды æппæты уæззаудæр азтæ, уæддæр Харебаты сабитæ бахъомыл сты куыстуарзаг æмæ æгъдауджынæй. Серги дæр æрыздæхт йæ сабитæм уæззау цæфтæй, уонгцухæй,  йæ хъæбатырдзинады тыххæй йемæ æрхаста йæ кад æмæ бирæ хорзæхтæ.

Софья дæр, йæ хотæ æмæ æфсымæртау,  астæуккаг ахуырад райста  Зары астæуккаг скъолайы, каст æй фæцис 1963 азы æмæ бацыд Цхинвалы Паддзахадон педагогон институты ирон-фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ. Институты ахуыр кæнгæйæ уыд, хуыздæр чи ахуыр кодта, уыцы студенты æмрæнхъ, хайад иста институты фæлгæтты уагъдцæуæг мадзæлтты. 1970-æм азты Софья æнтыстджынæй каст фæцис уæлдæр ахуыргæнæндон æмæ æрвыст æрцыд Къуыдаргомы скъолатæй сæ иумæ.

Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, Æхсæрджыны хъæуккаг Хуыгаты Суликъо дæр йæ рæстæджы уæлдæр ахуырад райсынмæ бацыд ХИППИ-йы ирон-фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ. Ам базонгæ ис Софьяимæ дæр. Фондз азы уыдысты иу курсы студенттæ, æмгæрттæ. Æмæ та ныр Софьяйы йæ царды фæндæгтæ æрхастой Къуыдаргоммæ. Æрыгон цардбæллон чызг æмæ лæппу уыцы цау нæ ауагътой сæ иувæрсты æмæ баиу кодтой сæ цард.  Софья куыд зæгъы, афтæмæй Æхсæрджыны хъæуæй Къуайсайы скъоламæ, æртæ километрæй фылдæры дæрддзæгæн, сæрдæй зымæгæй, цыдысты сæ куыстмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд, фæлæ æрыгон æмкъæйттæ уарзтой сæ куыст æмæ йыл уыдысты æнувыд. Æппæт зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ равзаргæ дæсныйады фæдыл сæ разылæууæг хæстæ. «Мæ сабибонтæй фæстæмæ уарзтон ахуыргæнæджы дæсныйад. Ме скъолайы ахуыргæнджытæм-иу кастæн æмæ-иу бæллыдтæн, исгуы æз дæр æндæр сабитæн уроктæ куы амонин, уымæ. Æмæ сæххæст мæ бæллиц. Ныр фæндзай азы дæргъы, мæ бон куыд у, афтæ æххæст кæнын мæ разылæууæг хæстæ», – радзырдта Софья.

 Софья йæ куыст цæсгомджын æмæ бæрнонæй кæй æххæст кæны, ууыл дзурæг сты йæ хъомыл-гæнинæгты æнтыстытæ дæр. Уыдон арæх райсынц хайад алыгъуызон мадзæлтты, се ‘нтыстыты бæрæггæнæнтæ  та сты сæ бирæнымæц грамотæтæ æмæ алыгъуызон хорзæхтæ. «2018 азы мæ ахуыргæнинæгтæ хайад райстой Мæскуыйы уагъдцæуæг фæсарæйнаг æвзæгты æхсæнадæмон олимпиадæйы æмæ æрхастой цалдæр хуызы номинацийы хорзæхтæ. Уыцы æнтыст æз, фыццаджыдæр, нымайын мæ сабиты æнтыстыл. Уымæн æмæ уыдон равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ сæ æз дæн сæрыстыр», – загъта Софья. Софья йæ ахуыргæнинæгты афтæ хорз кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй йын олимпиадæйы организатортæ йæхицæн дæр æрæрвыстой  грамотæ арфæйы ныхæстимæ.

Æрдæг æнусы дæргъы адæймаг æнæаивгæйæ цы куысты фæкуса, уым, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæн алыгъуызон мысинæгтæ, куыд хорзæй, афтæ зындзинадæй дæр. Софьяйы зæрдыл уыдонæй уæлдай арæхдæр æрлæууыц 90-æм азты скъолайы куысты уæззау уавæртæ. «Арæх æрымысын, уæд-иу нæ хызынты саст сугтæ куыд хастам, цæмæй гæзæмæ хъарм кълæсты исты амæлттæй уроктæ уагътаиккам, афтæмæй ахуыры процесс уæддæр уромын не’руагътам. Ахæм зын уавæрты кусгæйæ, æгæрыстæмæй мах ныфс нæ уыд, нæ куыстмызд райсдзыстæм, æви нæ. Быхстам æппæтæн дæр куыд нæхæдæг, афтæ нæ ахуыргæнинæгтæ дæр», – загъта йæ мысинæгты Харебиан.

Уæды азтимæ абаргæйæ, бæрæг фæивтой хуыздæрæрдæм ныртæккæйы царды уавæртæ. Фæлæ, æвæццæгæн, царды алы æмгъуыдæн дæр вæййы йæхи, куыд æвæрццаг, афтæ æппæрццаг миниуджытæ дæр. Ивгъуыд аз æппæт дунейы тæссаг вирус COVID -19-ы фæзынд  рахонæн ис æнæуынгæ знагимæ хæст. Биологон хæст. Цардæн тæссаг низы фæзынды фæстиуæгæн ахуыры процесс кæм бынтондæр æрцыд урæд, кæм та раконд æрцыд дистанционмæ æмæ уый æвзæрæрдæм бандæвта æппæт дунейы ахуырады размæцыдыл. Уый тыххæй фæлтæрд ахуыргæнæг загъта, дистанцион ахуыры системæйæн кæй нæ уыны æвæрццаг фæстиуджытæ. «Дистанцион ахуыр у хуымæтæджы рæстæгсафæн. Ахуыры процесс æрмæстдæр уæд уыдзæн фæстиуæгджын æмæ ахадгæ, ахуыргæнæг сабиты раз «удæгасæй» куы æрлæууа æмæ сын æнæвгъауæй йæ зонындзинæдтæ куы бацамона. Афтæ ма дистанцион системæ бирæбæрцæй æндавы сабиты социалон хъомыладыл, иппæрд сæ кæны æхсæнадæй æмæ сæфынц социумы æргъадтæ. Къаддæр нæу йе ‘ндæвдад сабиты æнæниздзинадыл дæр. Дистанцион системæйæ цыбыр рæстæджы бакусыны фæстæ, мах банкъардтам сабиты цæстырухс кæй фæкъаддæр ис, рыстысты сæ сæртæ». 

Æрдæг æнусы дæргъы бирæ ахуыргæнинæгты зæрдæты баззад Софья Сергийы чызг куыд хæларзæрдæ, æнувыд æмæ йæ дæсныйад иттæг хорз чи зоны, сабитæн æй æнцон æвзагæй чи бацамоны, ахæм уарзон ахуыргæнæгæй. Йæ коллегæты ‘хсæн дæр Софья нымад у, куыд æнувыд æмгар, хæларзæрдæ сылгоймаг æмæ цæсгомджын кусæг, афтæ. Софья æппæт йæ куысты азты дæргъы райста тынг бирæ алыгъуызон хорзæхтæ, грамотæтæ, у куысты ветеран. Фæлæ æппæты уæлдæр хорзæх – «Сгуыхт ахуыргæнæг»-ы ном, цæмæдæр гæсгæ, нырма нæй йæ бирæ хорзæхты къæбицы.

 Йе ‘мкъай Хуыгаты Суликъо дæр ныр 50 азы дæргъы кусы Къуайсайы скъолайы. Æстдæс азы размæ  нысан æрцыд ацы скъолайы директорæй æмæ ныртæккæ дæр кусы ацы бынаты.  Суликъо æмæ Софья схъомыл кодтой æртæ хъæбулы, иу чызг æмæ дыууæ фырты. Сæ фырттæ Уæрхæг æмæ Хъызыл райстой уæлдæр ахуырад æмæ кусынц Уæлвæткон уавæрты министрады Къуайсайы хайады, сæ чызг Дзерассæ та ацыд йæ ныййарджыты фæндагыл, каст фæцис ХИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультет æмæ ныртæккæ уый дæр кусы Къуайсайы астæуккаг скъолайы.

Ивгъуыд аз 25 декабры  Харебаты Софья банысан кодта йæ 75 азы юбилей æмæ ныр –  январы мæйы та нысан кæны йæ куысты 50 азы юбилей. Уый тыххæй йын арфæ кæнынц йе ‘ввахс адæм, йæ коллегæтæ æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ. Сæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæразондзинад, царды æппæт хæрзиуджытæй хайджын цы уа.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.