Æрвылбон дæр зæрдиагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсæм, алыгъуызон цымыдисон хабæрттимæ хъусджыты чи зонгæ кæны, уый у радио. Радио у иууыл оперативондæр дзыллон хабархæссæг фæрæз, æмæ кæддæриддæр йæ ахадындзинад у бæрзонд. Хуссар Ирыстоны радиойы ирон хъæлæс фыццаг хатт куы азæлыд, цæрджытæ йыл æхсызгондзинады стыр æнкъарæнтимæ куы сæмбæлдысты, уыцы зæрдылдаринаг бонæй рацыд 85 азы. Уал азы дæргъы уый æнувыдæй лæггад кæны адæмæн, йæ хайбавæрд хæссы адæмон хæдзарады æнтыстытæм, абоны бон дæр аккаг у йæ уæзгæ хай хъусджыты раз. 85 азы дæргъы нæ радиойæн æдзухдæр уырдыг лæууыдысты, раздæры азты æмæ дзы абон дæр чи фæллой кæны, уыцы куыстуарзаг æмæ сæ хъуыддагыл иузæрдион коллектив. Цыбыртæй мæ фæнды, нæ областон радиокомитеты ивгъуыд æнусы 80-æм азты намысджынæй чи куыста, уыдонæй дыууæйы тыххæй радзурын.

Алы уагдон æмæ организацийæн дæр йæ номгæнæг вæййынц, æдзухдæр ын йæ хорздзинæдтæм уæзгæ бавæрд чи хæссы, уыцы куыстуарзаг æмæ иузæрдион коллектив. Афтæ уыд Хуссар Ирыстоны радио дæр, йæ алæвæрдтæм ын хъусджытæ æнæрхъæцæй куы æнхъæлмæ кастысты, уыцы рæстæджы. Абон нæ радиойы уылæн кæд дардмæ нал хæццæ кæны, уæддæр уарзон у, чи йæм хъусы, уыдонæн.

Радиойы куыстæн цæстуарзонæй чи лæггад кодта, йæ ахадындзинад ын цымыдисон æрмæджытæй  чи хъæздыгдæр кодта, уыдонмæ хаудысты дыууæ æвзонг лæппу – Гасситы Моисей æмæ Лохты Джамбулат дæр. Арæх куыд вæййы, афтæ уыд ацы дыууæ райдайгæ сфæлдыстадон лæппуйæн дæр сæ архайд. Скъолайы ма куы ахуыр кодтой, уæд айстой арф сæ зæрдæмæ ирон мыхуыры дзырд, уым хайад исын. Æмæ сын æнтысгæ дæр кодта, хъæуы чи схъомыл вæййы, уымæ æввахсдæр лæууы йæ алæмæттаг æрдз, йæ куыстуарзаг адæмы хæрзиуæгон архайд. Фыстой уæды областон газет «Советон Ирыстон»-мæ уацтæ æндæр æмæ æндæр фарстаты фæдыл. Канд сæхи нæ, фæлæ сæ кæрæдзийы уацтæ дæр æхсызгонæй кастысты, кæд æввахсмæ зонгæ нæма уыдысты, уæддæр. Афтæмæй атахтысты скъолайон азтæ, хæрзбон загътой сæ ахуыргæнджытæ æмæ æмбæлттæн, ныр сæ бахъуыд царды æндæр асинтыл хизыны сæр.

Гасситы Моисей сси Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты студент, зонындзинæдтæм тырнæг кæстæрæй буц æмæ сæрыстыр уыдысты йæ лектортæ, активон хайад иста институты æхсæнадон царды дæр. Ноджы æнгомдæр æрбалæууыд газетмæ, йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыр цыдысты журнал «Фидиуæджы» фæрстыл. Фæстæдæр та йын мыхуыр æрцыдысты, райдайгæ автортæн цы чиныг рацыд, «Кæстæрарæх», зæгъгæ, уым дæр.

Лохты Джамбулат, Къостайыхъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты иууыл тæссагдæр ран – Афганистаны зæххыл. Хæсты пиллон дзы сыгъд, æдзухдæр мæлæты дзыхмæ æнхъæлмæ кастысты. Æфсады рæнхъыты уæвгæйæ дæр, Джамбулат уацтæ фыста нæхи газетмæ æмæ кæсджытæ зонгæ  кодта  ирон  хæстон  лæппуты кады хъуыддæгтимæ. Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Лохы фырт бирæ хорзæхтæ райста, афтæмæй æгас хæдзар ссардта.

Хуссар Ирыстоны радиокомитеты сæрдар Хъуылымбегты Торезы дыууæ æвзонг курдиатджын лæппуйы дæр куыстмæ айста 1981 азы 4 январы. Моисей ссис уацхæссæг, Лохы фырт та зæлфыссæн цехы райдыдта кусын, фæстæдæр та уыд уацхæссæг, дыууæ азы та бакуыста дикторæй. Радиомæхъусджытæ тынг æхсызгонæй хъуыстой, сæ куырдиæттæм гæсгæ сын цы зарджытæ лæвæрдта эфиры, уыдонмæ дæр. Фæстæдæр Джамбулат ахуыр кодта уæлдæр партион скъолайы. Дыууæ æнæзивæг уацхæссæджы æрвылбон дæр цыдысты æввахс æмæ дæрддаг хъæутæм, цæттæ кодтой æрмæджытæ, репортажтæ хъæууон хæдзарад æмæ сæудæджерады алыгъуызон фарстаты фæдыл. Уыдон цæттæ кæнын та æнцон нæ уыд, уымæн æмæ уыцы рæстæджы радиокомитеты куыстой иу хатæны – 15 кусæджы бæрц. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, коллектив уыд æнгом æмæ хъæрмуд, кæрæдзимæ сын уыд хорз ахаст. Ацы дыууæ хæлар журналисты абон дæр хорзæн æрымысынц, æдзухдæр сæм хъарм ахаст чи дардта, рæвдыдæй дарддæр, иу хъæр ныхас дæр кæмæй нæ зонынц, уыцы хистæр фæлтæры минæвæрттæ, ныр дзæнæттæгтæ Гæбулты Мелитон, Гугкаты Шамил, Тедеты Авгар, Абайты Созыр, Икъаты Владимиры.

Дыууæ хæлары раджы фæхицæн сты сæ уагдонæй, фæлæ уæддæр сæ зæрдæ нæ ивынц ирон мыхуыр, информацийы фæрæзтыл. Гасситы Моисей ныртæккæ фæллой кæны Цæгат Ирыстоны районон газеттæй иуы редакцийы, Лохты Джамбулат та баззад Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы кусгæйæ.

Хуыбиаты Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.