Ацы бонты РХИ-йы Парламенты чысыл залы уагъд цыд Медойты Димитры чингуытæ «Публицистика» æмæ «265 лет первому посольству Осетии в Санкт-Петербурге (1752 – 2017 гг)»-ы презентаци. Дыууæ чиныг дæр рухс федтой Мæскуыйы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты Диаспорæ æмæ Интеграцийы институты грифы бын.

Чингуыты автор Медойты Никалайы фырт Димитры ном æнæзонгæ нæу нæ адæмæн. О, фæлæ иу цалдæр хъуыддаг уæддæр хъæуы банысан кæнын. Уый райгуырд нæ горæты 56 азы размæ, цытджын æмæ æгъдауджын бинонты æхсæн. Ахуыр кодта æхсæзæм астæуккаг скъолайы, уый фæстæ каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультет.

Димитр хъуамæ рацыдаид, зонадæн йæ цард чи снывонд кодта, ахæм адæймаджы фæндагыл: аспирантурæ – зонадон ном  дарддæры зонады фæндаг. Фæлæ йæ цард рауад бынтон æндæргъуызон, æмæ уый та уыд, хорз кæй зонæм, уыцы цаутимæ баст. Ныппырх ис  Цæдис, скарз Гуырдзыстоны националистон уаг, ратыдта Хуссар Ирыстоны националон хиæмбарынады суадон æмæ адæмы хъысмæтмæ бахаста йæ ивддзинæдтæ. Исдугмæ зонадон агурæнты хъуыддаг алæууыд фæстæмæ, сæйраг та сси нæ националон цæрдхъомдзинад, æддейæ нæм лæбурджытæм ныхмæ лæууын, æмткæй та – нæ ирвæзындзинадыл тох. Уæд фæзынд æмæ йæ кой айхъуыст националон змæлд «Адæмон ныхас»-æн, æмæ йæ активон архайæг сси Димитр дæр.

Фæлæ æхсæнадон ралæудтытæ, митингтæ, политикон акцитæ цæрджытимæ куыст тагъд рæстæджы рахызтысты æддагон лæбурджыты ныхмæ æд гæрзтæ лæууынмæ. Уыцы рæстæджы фæзынд ног фæсивæдон раздзогтæ, æмæ уыдон æхсæн уыд Медойты Димитр дæр. Уый хайад иста бирæ хæстон операциты, æмæ уым цы уды миниуджытæ равдыста, уыдон тыххæй нысан æрцыд Присы хъæуы хæстон комендантæй. Уый уыд Цхинвалмæ æрбацæуæны стратегион пункт.

Фæлæ хæстытæ фæвæййынц æмæ ралæууы сабыр цард. Æмæ ацы ран Димитры хисæрмагонд уды миниуджытæ æмæ зонындзинæдтæ бахъуыдысты хъуыддаджы. Уæд уый нысан æрцыд РХИ-йы Æддагон бастдзинæдты министры бынатмæ.

2001 азы Медойты Димитр каст фæци Уæрæсейы Федерацийы Дипломатон академи. Фæстæдæр уый сси политикон зонæдты кандидат. Дæргъвæтин рæстæджы уыд РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг – Уæрæсейы Федерацийы нæ Республикæйы Æхæстбарджын минæвар. Нæ хæдбардзинад æхсæнадæмон æмвæзадыл нымад куы æрцыд, уæд Димитр сси Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар. Йæ уыцы архайд уыд тынг ахадгæ æмæ уæзгæ. Фыццаг хатт хуссайраг ирæттæ æмбарæй дзурын райдыдтой æппæт дунеон паддзахадтимæ, фыццаг хатт нæ тырыса æмæ герб фæхъæздыгдæр кодтой дунеон бæстæты символикæтæ. Ныртæккæ Диаспорæ æмæ интеграцийы институты Кавказы хайады гæс (ХПÆ-ы бæстæты институты).

Ныр та чингуыты равдыстæн йæхи тыххæй. Уыдонæй иу рацыд Санкт-Петербурджы, Ирыстоны фыццаг минæварадыл 265 азы сæххæсты цытæн. Уыцы тематикæ ирон историографийы рæгъмæ рахаста профессор Блиты Марк. Хъуыддаг райдыдта чысыл чиныг «Осетинское посольство в Петербурге», зæгъгæ, уымæй. Уый рацыд 60 азы размæ. Уый фæстæ темæ адарддæр кодтой алыгъуызон зонадон цæстæнгасыл хæст адæм, се ‘хсæн уыдысты Бзараты Руслан æмæ Гутнаты Феликс.

Афтæ зынд, цыма уыцы фарстыл фаг загъдæуыд æмæ дзы ногæй ницыуал ис зæгъæн. Фæлæ автор ссардта ног фæлгъуызтæ æмæ мотивтæ.

Чиныг цæсты ахады йæ разныхасæй дæр. Ныффыста йæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-нымæрдар Григори Карасин. Разныхас кæд вазыгджын у, уæддæр у тынг мидисджын æмæ рæстдзæвин: «Хæлардзинады æмæ æфсымæрдзинады бастдзинæдты фидардзинад фæбæрæг 2008 азы. Уæд Уæрæсе разынд, Саакашвилийы режимы амæттаг чи сси, уыцы Хуссар Ирыстоны сæрылхæцæг. Уæрæсейы Федераци сси Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады, æрыгон республикæйы сæндидзыны æмæ дарддæр йæ къахыл слæууын кæныны гарант, цæмæй уый сфидар уыдаид, куыд демократон паддзахад, афтæ. Ныртæккæ Мæскуы æмæ Цхинвал баст сты алывæрсыг партнерон ахастытæй, уыдонæн ис барадон бындур…

Нæ бæстæты æхсæн дипломатон ахастытæ куы фæзындысты, уæд уæрæсейаг сæйраг горæты фæзынд Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон минæварад. Мисси æнтысгæйæ кусы, хæссы уæзгæ хайбавæрд уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты комплексон рæзты хъуыддагмæ», – фыссы уæрæсейаг дипломат. Уый, æгæрыстæмæй, стыр аргъ кæны авторы дипломатон миниуджытæн, уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æх-сæнпаддзахадон æмахастытæм йæ хайбавæрдæн.

Чиныгæн йæ сæйраг мидис бацыд цалдæр хайы: «Уæрæсейаг-ирон ахастытæн ахъаз уавæртæ», «Ирон монон къамисы сырæзт», «Ирон минæварад», «Мисси кусы», «Интригæтæ æмæ провокацитæ», «Императрицæ йæхимæ райста», «Уæрæсейаг-ирон бадзырдты фæстиуджытæ», «Ирыстон æмæ Уæрæсе  – сæ ахастыты 260 азы». Уыдон се ‘ппæт дæр сты компактон æмæ мидисджын æмæ сæ нæ хъæуы анализ кæнын æмæ сыл уæлдай дзурын.

Ацы ран ахсджиаг у авторы ахаст проблематикæмæ. Уый та у иттæг æмбæрстгонд æмæ ирд æвдыст: «Ирон-уырыссаг ахастыты ногдæр историйы ацы этапыл сæ цæдис канд бахъахъхъæд не ‘рцыд, фæлæ ноджы фæфидардæр. Уый равдыстой 2008 азы цаутæ. Уæд æхсæн-адæмон тыхæндæвдад ницæмæ ‘рдаргæйæ, Уæрæсе рахæцыд, Гуырдзыстоны тыхæрбабырсты аххосæй физикон æгъдауæй скуынæг уæвыны къæсæрыл чи лæууыд, уыцы Хуссар Ирыстоны адæмы сæрыл.

Ирыстон никуы дызæрдыг кодта, 260 азы размæ кæуыл æрлæууыд, йæ уыцы историон фæндаджы растдзинадыл. 1749-1751 азты фыццаг ирон минæварадæн йæ сæргъ лæууыд Магкаты Зураб. Уымæн йæ къухты бафтыд вазыгджын политикон уавæрты Уæрæсеимæ Ирыстоны цæдисы ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнгхъæуæгдзинад бафидар кæнын. Уыцы политикон уæлахиз хъуамæ нымад уа сгуыхтдзинадыл адæмы фидæны сæраппонд».

Хъæуы банысан кæнын уый, æмæ чиныг фыст кæй у уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл. Фæлындзыд у нырыккон полиграфион æмæ иллюстрацийы амæлтты фæрцы.

Медойты Димитры дыккаг чиныджы кой куы кæнæм, уæд уым та æвдыст сты, автор 2015 азы ноябрæй 2016 азы декабрмæ цы уацтæ æмæ интервьютæ рахаста рæгъмæ, уыдоны æмбырдгонд. Æмбырдгонды дзырдæуы регионалон процессты, Фæскавказы бæстæтæ – Азербайджаны, Сомихстоны, Абхазы, Хуссар Ирыстоны политикон цауты хицæн ахсджиаг æмæ спецификон аспекттыл. Кæд дзы рæстæджы уынгæг фæлгæттæ æвдыст цæуынц, уæддæр æмбырдгонды бацыд ссæдз ахæм æрмæгæй фылдæр, кæцыты нырма хъæуы бакæсын, стæй сыл ахъуыды кæнын, уый фæстæ та сын анализ кæнын.

Фæлæ мæ фæнды уæ хъусдард уын азадахын æмбырдгонды дыууæ фæстаг æрмæгмæ. Уыдонæн сæ нæмттæ сæхиуыл дзурынц: «2007 азы æвзæрстытæ ацæудзысты «урс адæймаджы уаргъы» синдромимæ», æмæ «Хуссар Ирыстон: 2017 азы æвзæрстытæ, æви 2012 азы дежавю». Ацы сæргæндтæ сæхæдæг хъуыдыты æфтауынц адæймаджы. Афтæмæй та, уыдон фыст сты 2017 азы апрелы æвзæрстытæй бирæ раздæр. Ацы ран авторы рагагъоммæ зонынадæн хъæуы æмбæлон аргъ скæнын.

Уæдæ бакæсут ацы чингуытæ, райсут дзы хорз тæлмæнтæ æмæ дзы саразут хатдзæгтæ.

Чингуытæ дыууæ дæр æвæрд сты ХПÆ-ы интституты сайтыл, æмæ алы адæймагæн дæр уыдзæн сæ бакæсыны фадат ахæм адресыл: www.materik.ru

Харебаты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.