Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент Бибылты Анатоли «Власть»-ы уацхæссæг Пæррæстаты Ланæйæн радзырдта, республикæйы цы реформæтæ аразынмæ хъавы, æмæ Хуссар Ирыстон цы уавæртыл у цæттæ уæрæсейаг-сомихаг транзиты тыххæй арæн бакæнынмæ, уыдæтты тыххæй.

– Фыццаджы фыццаг цы аразынмæ хъавыс?

– Фыццаг рады мах, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъус æрдардзыстæм хицауиуæгады къабæзтæ баввахс кæнынмæ. Уыцы къабæзтæ дарддæр дæр куы рæзой хæдбарæй, уæд уый хорзмæ не ‘ркæндзæн.

– Уый диктатурæмæ не ‘ркæндзæн?

– Нæ. Цыфæнды ма уа, уæддæр мæ диктатор кæнæ авторитарон ничи схондзæн, Парламенты мæ куыст уый фенын кодта. Мах тынг хорз хъуыстам иннæ политикон партиты хъуыдымæ дæр. Бирæты фæндыд, цæмæй парти «Иугонд Ирыстон»-æн уыдаид ахæм «фылдæры комплекс». Фæлæ уый гæнæн нæй, æмæ нæдæр уыд. Иунæг депутат дæр, иунæг парти дæр нæ зæгъдзæн, зæгъгæ, Бибылты Анатоли йæ архайды арæзта, йæхи цы фæндыд, уый. Цы къахдзæфтæ арæзтам, уыдон се ‘ппæт дæр, æгæрыстæмæй, иннæ фракциты депутаттæ кæцыты ныхмæ уыдысты, уыдон дæр здæхт уыдысты паддзахадон хицауиуæгады структурæйы фæтк æрæвæрынмæ, нæ бон цас уыд, уыцы æмвæзадыл – Парламенты æмвæзадыл фæтк æрæвæрынмæ.

– Фæстиуæг дзы уыдис?

– Иууыл сæйрагдæр уый у, æмæ махæн нæ бон ссис хиуылхæцынады æмæ ныхмæуæзы механизм саразын.

– Хицауиуæгады иу центрмæ хъусдард аздахынвæнд кæй кæныс, уый фæстиуæгæн нæ фехæлдзæн хиуылхæцынады æмæ ныхмæуæзы механизм?

– Ницæй тыххæй. Мæнæн ахсджиаг нæу, Парламенты уынаффæтыл æз конкретонæй æндавдзынæн æви нæ. Сæйраг у закъоны уæлиондзинад. Мæн фидарæй уырны, нæ депутаттæй æмæ закъондæттынадон инициативæйы бар кæмæн ис, ахæм адæймæгтæй цы закъондæттынадон инициативæтæ лæвæрд цæуой, уыдоныл хъуамæ уынаффæ цæуа, райдианы уал экспертты æмвæзадыл, кæцытæ ифтонг кæнынц куыст, уый фæстæ та сыл уынаффæ цæудзæн сесситы, цыран вæййы быцæу ныхæстæ дæр æмæ баталитæ дæр. Парламенты сессийы хъуамæ æмбарой, æххæсткæнынадон хицауиуæгадимæ иууылдæр æмгуыст кæй бакодтой, æмæ куы бахъæуа, уæд æм тæрхондонон хицауиуæгад дæр гæнæн ис æрбакондæуа. Ахсджиаг у, закъоны проекттыл кусгæйæ, хицауиуæгады къабæзтæ хъуамæ æмбарой, цы æмæ куыд аразын хъæуы.

Уæрæсейы Федерацийы дæр абон афтæ у. Мах уый онг куы бацæуæм, уæд хицауиуæгады къабæзты координицийы хæслæвæрд нымайдзыстæм æххæстыл.

– Парламентæй дæ ацыд уыцы закъондæттынады органыл, аппараты куыстыл куыд бандавдзæн? Депутатты сконд фæивдзæн?

– Æз архайдтон Парламенты куыст хуыздæр кæныныл. Цас мæ бон уыд, уыйас æз æрбæстон кодтон уыцы механизм. Æз цы бындур ныууагътон, уый фаг фидар у парламентаризмы райрæзтæн. Мæнмæ гæсгæ, Парламенты радон Сæрдар уыцы ахасты ницы фæивдзæн. О, фæлæ Парламенты куыст фæактивондæр кæныны тыххæй ивындзинæдты æнæмæнгхъæуындзинад куы фæзына, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, Парламенты Сæрдар уый сараздзæн. Уый фылдæр куы сараза, уæд мын æхсызгон уыдзæн.

– Депутаттæй бирæ рахиздзысты демæ æххæсткæнынадон хицауиуæгадмæ?

– Æз æххæсткæнынадон хицауиуæгадмæ æрбакæндзынæн фæлтæрд адæймæгты, уыцы нымæцы, гæнæн ис, Парламенты депутаттæй дæр. Уырны мæ, уымæй Парламенты эффективондзинад нæ фæныллæгдæр уыдзæн.

– Дæ президентон командæ ныридæгæн æмбырд у?

– Æмбырд æй кæнын. Мыггæгты зæгъынмæ нырма цæттæ нæ дæн. Уымæн æмæ йæ хатын, ныртæккæ сæвзæрдзæн фарст Кокойты Эдуарды тыххæй (Кокойты Эдуард – Хуссар Ирыстоны экс-президенты фарсхæцынад, экспертты хъуыдымæ гæсгæ, бирæбæрцæй фæахъаз президентон æвзæрстыты фыццаг туры Бибылты Анатолийы фæуæлахизæн. – «Власть»). Рæстæг æй фенын кæндзæн. Ныртæккæ цæуынц консультацитæ, уыцы здæхты куыст цæуы. Фæлæ æз фæнд кæнын, раздæр цы принциптæ банысан кодтон, уыдон бахъахъхъæнын: хъуамæ уой бынæттон кадртæ, хъуамæ уой профессионалон кадртæ.

– Хицауады ног уæнгтæй никæйы ном зæгъдзынæ? Æгæрыстæмæй уыдоны, кæцыты ды раздæр федтай бæрæг по-зициты? Хъæууон хæдзарады министр, культурæйы министр, экономикæйы министр?

– Алцы дæр йæ рæстæджы базондзыстут. Ныр мын ма зæгъын кæн конкретон мыггæгты.

– Дæ президентон кампани арæзтæуыд раздæры хицауады критикæйыл. Зæгъ ма йæ, политикон управленийы системæйы цы фæивдзынæ?

– Фыццаджы фыццаг уал, мæн уырны, мах афтæ сараздзыстæм, цæмæй адæмы царды æмвæзад баст кæуыл у, уыцы бæрнон адæймæгтæ, бæрнон бынæтты кусæг чиновниктæ мауал æмбæхсой адæмæй дуæртты фæстæ. Президенты бынатыл куы дзурæм, уæд, æз куыд дзырдтон, афтæмæй мæ фæнды æввахс-дæр æмахастытæ саразын закъондæттæг органимæ.

Мæн фидарæй уырны Контролон-нымайæн палатæйы æххæстбартæ Парламентмæ радтыны æнæмæнгхъæуындзинад. Закъæттæ æххæст кæныны фадыджы Парламент хъуамæ контроль кæна æххæсткæнынадон хицауиуæгады куыстыл, хъуамæ араза бафæрстытæ, уадза ревизитæ æмæ афтæ дарддæр. Хъыгагæн, абоны бон Парламентæн нæй ахæм æххæстбартæ. Мæн уырны, контролон органтæ хъуамæ уой Парламенты дæлбар. Уый баст у хиуылхæцынады æмæ ныхмæуæзы системæимæ. Нæй гæнæн, æмæ æххæсткæнынадон хицауиуæгад йæхæдæг йæхиуыл контроль кæна. Уый раст нæу.

Дыккаг та у Цæстдарæг совет. Алкæмæн дæр зындгонд у уыцы Сæрмагонд хыгъд, кæцыйы æхца æмбырд кодтой Хуссар Ирыстоны тыххæй. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы финансон фæрæзты хардз кæныныл хъуамæ контроль кæна закъондæттæг орган. Уыдон уыдысты уыцы æхцатæ, кæцыты æгас Уæрæсе æмæ æгас дуне  æмбырд кодтой нæ адæмы тыххæй. Парламентаритæ сты адæмы æвзæрст æмæ уыдон хъуамæ контроль кæной, уыцы финансон фæрæзтæ куыд хардз цæуынц, ууыл.

Мах фæнды тæрхондонон реформæ ауадзын дæр. Уыдон сты фыццаг принципиалон къахдзæфтæ.

– Уый цахæм реформæ уыдзæн?

– Тæрхондонон реформæ ныддаргъ æртæ азы бæрц. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ йæ ацы аз фæуыдзыстæм. Ацы реформæйы мидис у Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг тæрхондон æмæ Арбитражон тæрхондоны баиу кæнын. Дыккагæй снысан кæнын хъæуы, абон чи кусынц, Сæйраг тæрхондоны уыцы тæрхонгæнджыты. Æмæ сæ сифтонг кæнын хъæуы æмбæлон æххæстбартæй. Абоны бон Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæн нæй экономикон, арбитражон фарстатæм æркæсыны бар. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ реформæ кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд ахастытæ хуыздæрæрдæм фæивдзысты.

Тæрхонгæнджыты хъуамæ уырна, сæ уынаффæтыл сын уæлейæ кæй ничи æндавдзæн.

Мах тæрхонгæнджытæн ныфс куы радтæм, æххæсткæнынадон хицауиуæгады æрдыгæй сыл æндæвдад кæй нæ уыдзæн, уый тыххæй, уæд сæ уынаффæтæ уыдзысты хæдбар. Æмæ мах уый хъуамæ саразæм.

– Уый хиуылхæцынады æмæ ныхмæуæзы системæ саразыны фæдыл дæ планы хай у?

– Иттæг раст дæ.

– Уæрæсе æмæ Гуырдзыстонимæ нæ ахастытæ фæивдзысты?

– Уæрæсейы Федерациимæ ахастыты рæзты вектор у æнæаивгæ. Мах æй тынг хорз æмбарæм, Уæрæсейы Федераци кæй у нæ иунæг стратегион партнер, кæцыимæ нæ къухтæ æрфыстам бирæ бадзырдтыл, уыцы нымæцы 2015 азы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл.

Мах рæзын кæндзыстæм интеграцион процесстæ, кæцыты тыххæй хъусын кодтам раздæр. Фыццаг, уый æнæмæнгхъæуæг у Хуссар Ирыстоны адæмæн, хицæн политикон фигурæты хъауджыдæр. Æмæ махæн та адæмы фæндон у закъон. Дыккаг, кæй нæ фæнды, цæмæй адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр уа?!

Махæн æнæмæнгхъæуæг у уæрæсейаг базар, цæмæй нæ хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæнæм. Уæрæсейы Федераци, кæй зæгъын æй хъæуы, нæу уый ныхмæ, цæмæй мах баххæст кæнæм уыцы бынат, кæцы ис уым. Мах рæзын кæндзыстæм социалон-экономикон фарстыты фæдыл æмар-хайд. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдасдзинады контуры фæдыл дæр, уый фыст ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды дæр.

– Дарддæр дæр размæ кæндзынæ Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацæуыны идея æви уал æй æруромдзынæ?

– Нæ, цæмæн? Мах нæ хъавæм ацы хъуыддаг æруромынмæ. Махæн тынг ахсджиаг уыд уыцы инициативæтæ æмцæдисады тыххæй бадзырдмæ бахæссын, кæцытæ уыдысты парти «Иугонд Ирыстон»-мæ. Хъыгагæн, уыдон хаст не ‘рцыдысты. Уыдон хауынц РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн таможнæйон постытæм дæр æмæ барадхъахъхъæнæг системæйы интеграцимæ дæр. Хъыгагæн, махæн нæ бон не ссис уый саразын, фæлæ махæн нæ бон ссис ууыл бандавын, цæмæй бадзырды фыст æрцыдаид ацы структурæты хицæн дæл-хæйтты уæрæсейаг ведомствоты скондмæ бацæуыны тыххæй. Фæлæ уæддæр, мах тæрсæм уымæй, æмæ социалон дихдзинад куы æрцæуа уыдоны ‘хсæн, кæцытæ бацæудзысты уæрæсейаг ведомствоты скондмæ, æмæ уыдонимæ, кæцытæ баззайдзысты ирон структурæты сконды. Нæй уый æруадзæн. Бахъæудзæн кусын ацы здæхты.

– Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй референдум уагъд æрцæудзæн?

– Цы къахдзæфтæ ист æрцыдысты, цæмæй нæ идеятæ бадзырды кæройнаг вариантмæ хаст ма æрцыдаиккой, уый нын фæвазыгджындæр кодта нæ уавæр Уæрæсейы скондмæ тагъддæр бацæуыны тыххæй. Фæлæ æз алыхатт  дæр дзырдтон æмæ дзурдзынæн уый, æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуын  æрмæст Бибылты Анатолийы бæллиц нæу, фæлæ адæмы бæллиц, æмæ нæ кæд фæнды адæмы хъуыды фехъусын, уæд мах хъуамæ ауадзæм референдум.

Уыцы иурæстæджы мах хъуамæ æнæмæн-гæй консультацитæ кæнæм Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгадимæ, Уæрæ-сейы Федерацийы политикон тыхтимæ, æх-сæнадон организацитимæ æмæ иумиагæй æхсæнадимæ. Ис плæнттæ, ис хъуыдытæ æмæ фæндæттæ, кусдзыстæм ацы здæхты.

– Ды  куыд уыныс Гуырдзыстонимæ дарддæры ахастытæ?

– Æз алыхатт дæр дзурын, зæгъгæ, нæй ахæм паддзахад, кæцыйы нæ фæндид йæ сыхагимæ сабырæй цæрын, фæлæ, хъыгагæн, абоны бон Республикæ Гуырдзыстон йæ къух нæма æрфыста тыхæй ма спайда кæныны тыххæй Меморандумыл, кæцы нæм æвзæрын кæны катайдзинад, уыцы нымæцы тыхсынц нæ партнертæ дæр. Республикæ Гуырдзыстон нырма нæ банымдта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ нæ уый дæр катайы æппары.

Æмæ уыдон куы саразой, цы къахдзæфтæм сæм æнхъæлмæ кæсæм, уыдон, кæд æмæ Гуырдзыстон  банымайа Хуссар Ирыстоны дунеон барадон субъектыл, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, махæрдыгæй ницахæм проблемæтæ уыдзæн. Алкæйы дæр фæнды, цæмæй нæ хуссайраг сыхаг хæларадон ахаст дара Республикæ Хуссар Ирыстонмæ, нæ адæммæ. Уæд дзурæн уыдзæн политикон фарстыты размæцыдыл.

– Æмæ экономикон фарстыты та?

– Экономикон фарстытæ гæнæн ис æмæ баст ма уой политикон фарстытимæ. Кæд æмæ, уыцы экономикон фарстытæ баст нæ уыдзысты полтикон процесстимæ, уæд сæм гæнæн уыдзæн æркæсын. Уымæн æмæ æцæгæйдæр, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй абон дæр ласт цæуы товар нæ базармæ. Æз хъуыды кæнын, хъæуы хуымæтæджы фæтк æрæвæрын ацы фарстыты.

– Æмæ дзы æрæвæрдзыстут?

Кæй зæгъын æй хъæуы.

– Цы æгъдауæй?

– Варианттæ тынг бирæ ис. Фæлæ иууыл сæйрагдæр у закъондæттынадон вариант.

– Ома, закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ хаст æрцæудзысты? Офицалонæй Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæн æхгæд куы у.

– Цæмæй алцыдæр арæзт цæуа закъонмæ гæсгæ, уый тыххæй махæн куыд паддзахад, афтæ нын хъуамæ уа нæхи таможнæйон пост Республикæ Гуырдзыстонимæ арæныл. Фыццаг, уый у паддзахаддзинады символ. Дыккаг, уый хъæуы æнæмæнгæйдæр саразын уый тыххæй, цæмæй фæтк æвæрд æрцæуа арæныл хизыны рæстæджы. Уыцы нымæцы таможнæйон фадыджы, арæнгæрон контролы дæр.

– Дæуæн цахæм ахаст ис ТрансКАМ-ыл Уæрæсе-Сомихстоны транзит сæндидзын кæныны идеямæ, кæцыйы иу хай цæуы Хуссар Ирыстоны территорийыл?

– Дзырд æрмæст Уæрæсе-Сомихстоны транзиты тыххæй нæ цæуы, фæлæ ма Уæрæсе-Иран, Уæрæсе-Азербайджан, Уæрæсе-Туркы транзиты тыххæй дæр. Æз хъуыды кæнын, æппæт ранымад паддзахадтæн, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонæн дæр пайда кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Æмæ æппæт уыцы паддзахадтæн нæ территорийыл транзиты фарста хъæуы иумиагæй скъуыддзаг кæнын. Дырысæй хъуамæ нысан æрцæуа, ацы уæзтæ ласт кæй цæудзысты Гуырдзыстоны цахæмдæр виртуалон хайыл нæ, фæлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уый у иууыл сæйрагдæр. Республикæ Хуссар Ирыстон хъуамæ йæ бынат ахса куыд паддзахад, афтæ, кæцыйыл ласт цæудзысты уыцы уæзтæ. Турк, Иран, Азербайджан, Сомихстонимæ хъæуы æмбарæй дзурын, æмæ ацы æмахастытæн хъуамæ уа партнерон характер.

– Фæлæ Гуырдзыстонæн бынтон ныхмæвæрд позици ис. Уый цæттæ у  Цхинвалимæ нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерациимæ бадзурынмæ ацы транзиты фæдыл.

– Уый сæ бæллæх у. Уыдонæн сæ бон  нæу сразы  уæвын, кæй ис Республикæ Хуссар Ирыстон. Рæстæг цæуы, æмæ ис ивындзинæдтæ. Хуссар Ирыстонæн уыдон сты иттæг позитивон ивындзинæдтæ. Уымæ гæсгæ раджы уа æви фæстæдæр, мæн уырны, политикон баныхæстæ кæй уыдзысты. Æмæ Гуырдзыстоны политикон къухдариуæгад бамбардзæн, кæй ис нæ паддзахад, уый.

– Гæнæн ис æмæ транзиты фæдыл бадзырдтæ ацы фарсты Гуырдзыстоныл бандавой?

– Æз хъуыды кæнын, ацы планы Гуырдзыстоныл æндавынæн ницахæм нысаниуæг ис. Хъæуы æрмæстдæр саразын афтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоныл транзит æнæмæнгхъæуæг цы паддзахадтæн у, уыдоны ‘рдыгæй Гуырдзыстоны адресыл лæвæрд æрцæуа бæрæг сигнал, зæгъгæ, афон у регионалон проблемæтæй абоны реалиты банымайыны фарсырдæм, политикон диалогы фарсырдæм рахизын, нысан æй кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фарсты.

Æцæгæйдæр, Гуырдзыстон хъуамæ сразы уа, Республикæ Хуссар Ирыстон кæй уæвынад кæны, уыимæ. Раджы уа, æви фæстæдæр мах æрцæудзыстæм уымæ, уымæн æмæ Советон Цæдисы дæр бирæ рæстæджы дæргъы нæ нымадтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.