Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын бæрæггонд æрцыд республикæйы хæдбардзинад банымайын æмæ Алайнаг паддзахады æндидзынадæй, – фехъусын кодта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ арфæйы фыстæджы уый банысан кодта 2008 азы цауты историон нысаниуæг. «2008 азы 26-æм августы Хуссар Ирыстоны адæм фехъуыстой, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет кæй банымадта, уый тыххæй бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хабар. 2008 азы 9-æм сентябры Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æддаг политикон ведомствотæ кæрæдзимæ радтой нотæтæ дипло-матон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй, кæцы бæрæггонд æрцыд нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны процесс кæронмæ фæуынæй æмæ ирон адæмы историйы ног этап райдианæй – Алайнаг паддзахады æндидзынадæй», – загъта Медойты Димитр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы цауты ахсджиагдзинадæн, кæцытæ Хуссар Ирыстонæн балæвар кодтой сабыр, амондджын фидæны ныфс, саргъгæнæн  дæр нæй.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы аргъ кæнынц Уæрæсейы æппæтфарсон фарсхæцы-над æмæ æххуысæн. «Хуссар Ирыстоны аргъ кæнынц нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстадæн, бузныг сты Уæрæсейæ æппæтфарсон æххуысы, æнæаивгæ фидар фæрсхæцынады, дунеон аренæйы республикæйы позицитæ размæ кæныны, Кавказы сабырдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæ-нынмæ тырнындзинады тыххæй», – банысан кодта Медойты Димитр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.