Медойты Димитры Хуссар Ирыстоны хорз зонынц. Уыдис РХИ-йы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, уый фæстæ та –  УФ-йы РХИ-йы минæвар. Йæ регалитæ йын уымæн нымайын, цæмæй æмбæрстгонд уа: афтæ бирæ рæстæджы политикон архайд чи кодта, уыцы адæйма-джы ног æмæ ног ныхæстæ бар-æнæбары дæр æнцой кæнынц йæ ивгъуыд хъуыддæгтыл, йæ позици æмæ цæстæнгасыл. Ома, адæм, афтæ уа, æви уфтæ, уæддæр абарынц, иу кæнæ иннæ политик цы дзырдта хæрзæрæджы æмæ ныртæккæ та цы дзуры. Медойты Димитр дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонмæ хауы. Уымæ гæсгæ йын йæ абоны ныхæстæ куы абарæм, дыууæ азы размæ цы позици ахста, уыимæ, уæд æрцæудзынæ цымыдисон хатдзæгмæ.

Фыццаджыдæр, зын бафиппайæн нæу, фæстаг æрдæг азы Медойты Димитр хуссарирыстойнаг тематикæйы æнæвдæлон у сæйраджыдæр уымæй æмæ дзыллон информацийы фæрæзты руаджы кæй «ныхас» кæны РХИ-йы архайæг Президент Тыбылты Леонидимæ. Куы йæм «Æргом фыстæг» мыхуыр кæны æмæ йын амоны, цæмæй дыккаг æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ ма раразмæ кæна, куы «бафхæры» уыцы политологты, кæцытæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, æгæр стыр аргъ кæнынц Тыбылты Леониды шанстæн æрбалæугæ президентон æвзæрстыты, хæрзæрæджы та аскъуыддзаг кодта «цалдæр фарсты кандидат Тыбылы фыртмæ» радтын.

Официалон Цхинвал Медойты Димитры уыцы æрхъуыдыдзинæдтæн нырма ницы дзуапп дæтты. Афтæмæй та хъæуы. Ацы ситуацийы дзырд цавæрдæр фыссынмондаг адæймæгтыл нæ цæуы, кæцытæ цы фыссынц, ууыл æууæндгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ ахæм адæймагыл, кæцы ахста бæрзонд паддзахадон бынæттæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æдылыдзинад уаид Медойы фырты æппæт ныхæстæн комментаритæ аразын. Фæхъыгуæвæг адæймаг цы нæ хъæуы, уый дæр ныффыссы. Ахсджиаг уый нæу, уыцы хъыгæн цас объективон аххосæгтæ ис, фæлæ чи фæхъыг, уымæн йæ персонæйы нысаниуæджы тыххæй субъективон æмбарынæдтæй кæнгæ цас у. Фæлæ, æгæрыстæмæй, фæхъыгуæвæг дипломат, уæлдайдæр та уал азы политикæйы чи ис, уыцы адæймаг ма хъуамæ кæна æбæрн ныхæстæ, æнæбафхæргæйæ згъуыммæ кæна факттæ.

Информацион агентад «Регнум»-æн «Фæндаг радтын хъæуы æрыгæттæн», зæгъгæ, ахæм хъæргæнаг номы бын йæ интервьюйы, кæцыйæ, зæгъæн ис райдыдта Медойы фырты «дзуарджын стæр» Тыбылты Леониды ныхмæ, раздæры минæвар лæмбынæг, кæй фæхъыг, уый не ‘мбæхсгæйæ, дзуры, цас «æнæрастæй» йæ систой йæ бынатæй. Цы дзы ис раст æмæ цы та æнæраст,  уыдæттæн махæн, дипломатон барады ньюанстæн чи ницы æмбары, уымæн зын зæгъæн сты. Ситуацийы уæд гæнæн уыдис бамбарын кодтаид РХИ-йы мидхъуыддæгты министрад, фæлæ, хъыгагæн, цæмæдæр гæсгæ уый ницы загъта.

Фæлæ бæлвырд уый у æмæ Медойты Димитр нырма дæр йæхи нымайы, баивæн кæмæн нæй, ахæм минæ-вары бынаты. Растдæр уымæ гæсгæ «ацы уынаф-фæйы логикæ» уымæн «нырма дæр æмбæрстгонд нæу». «Æмæ дзы логикæ дæр уыдис  уый стыр фарст у», – дис кæны экс-минæвар, уыимæ «хиуылхæцгæйæ» дзуры йе ‘нтыстытыл.

Ноджыдæр ма фæлхатт кæнын, техникон хъуыддæгтыл нæ дзурдзынæн, фæлæ цымыдисон у, Медойты Димитр логикæ кæй нæ уыны президенты уынаффæйы. Уымæн æмæ уый у иттæг хуымæтæг æмæ зыны бæлвырд тезисы  бæстæйы Президентæн бар ис кæдфæндыдæр минæвары ссæрибар кæна йæ хæстæ æххæст кæнынæй. Уæлдайдæр та уымæн æмæ Димитр фактон æгъдауæй 14 азы ахста уыцы бынат (уыцы нымæцы 6 азы, куыд нымад паддзахады минæвар, афтæ). Æз куыд зонын, афтæмæй ис дипломатон кусджыты ротаци кæныны бæрæг принциптæ æмæ алы паддзахад дæр тырны минæварæй иу кæнæ иннæ бæстæйы æмбæлон æмгъуыдæй фылдæр нæ дарынмæ. Æви Медойы фырт хъуыды кодта, цæрæнбонтæм ацы бынат кæй хъуамæ ахса, ууыл?

Растдæр ацы хуымæтæджы аххосаг йæ хъуыдымæ нæ хизы. Уый хыгъд Президенты кадрон уынаффæйы уый федта «баналон мастист» æмæ, æрбайхъусут-ма, «политикон ныхмæлæуджыты аиуварс кæнынæн службæйон уавæрæй пайда кæнын».

Бæлвырд у, мастисыныл дзургæйæ, Медойы фырты хъуыдыйы ис, фæстаг президентон æвзæрстыты Тыбылты Леониды ныхмæлæууæг кæй уыдис. Уæд уый зæрдыл бадардтой уымæй æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты дисы кæй æфтыдта кампани уадзыны æргом, чъизи методтæй, йæ оппоненттыл цъыф калынæй, фыццаджыдæр та фаворитыл  Тыбылты Леонидыл. Фæстагмæ райста «дыууæ» – дыккаг турмæ дæр нæ ахызт. Æмæ афтæ зыны, цыма нырма дæр нæ бамбæрста, уымæн йæ сæйрагдæр аххосæгтæй сæ иу кæй уыд растдæр уыцы цъыф, кæцыйы калдта йæ оппоненттыл – Хуссар Ирыстоны æвзæр цæстæй кæсынц кампанитæ ахæм методтæй уадзынмæ æмæ уыцы политиктæм дæр, кæцытæ сæхи уыйонг æркæнынц.

Фæлæ мастисыны тыххæй Медойы фырт, кæй зæгъын æй хъæуы, дзæгъæлы скарз. Ау, Тыбылты Леониды цы хъыгдардта инаугурацийы хæдфæстæ минæвары бынатæй сисынæн. Минæвары бынатæй йæ сисыны тыххæй уынаффæ исыны рæстæджы этикон моменттыл хъуыды кæнгæйæ, Димитр цæмæдæр гæсгæ ницы дзуры. Тыбылы фырты ныхмæ ахæм кампанийы фæстæ элементарон этикæ домдта, цæмæй уæд, 2012 азы, йæхæдæг ныффыстаид куырдиат куыстæй ацæуыны тыххæй. Чизоны ныффыста, чизоны – нæ. Факт баззад фактæй – Тыбылы фырт», маст райсын тынг кæй фæндыд», æмæ йæ ноджы æртæ азы дæргъы дардта ацы бынаты. Æниу, йæ бон уыд æмæ йæ уайтагъд ссæрибар кодтаид йæ инаугурацийы фæстæ. Æмæ æвзарæн кампанимæ, уым Медойы фырты уагахастмæ сæ хъус чи дардтой, уыдонæй йæ ничи фæазымджын кодтаид.

Æви экс-минæвар, кæцы æвдыста Италимæ æмæ италиаг æхсæнадон архайджытæм цавæрдæр хиондзинад, ахæм æввахс айста ацы бæстæйы æмæ йын йæ реалон æмæ мифон принциптæ рахаста Хуссар Ирыстонмæ? Бæлвырддæрæй, кинонывтæй махæй алкæмæндæр сицилиаг мафийы зындгонд принцип: «Маст исын у хæринаг, кæцыйы фынгмæ æрхæссынц уазалæй?»

Фæлæ мах кинонывы не стæм. Æмæ Тыбылты Леонид дæр сицилиаг нæу. Уымæй дæр, Димитр рагæй кæй нæу минæвар, уымæ нæ кæсгæйæ, йæ цардæмбал æмæ йæ фырт ныртæккæ дæр сæ фæллойадон архайд кæнынц УФ-йы РХИ-йы минæварады. «Мастисынмæ тырнæг» Тыбылы фырт та куыстæй се ссæрибар кæнын домгæ нæ, фæлæ, куыд зæгъынц, афтæмæй карзæй иуварс кæны ахæм фæндæттæ. Уæдæ уый дæр Димитры концепци «баналон мастисыны» фæлгæтты бакæнæн ис?!

Дыккаг аххосагæн – «политикон ныхмæлæуджыты аиуварс кæныны тыххæй службæйон уавæрæй пайда кæнын» та бынтон бамбарæн нæй. Дисы æппары æрмæст уый æмæ Медойты Димитр йæхæдæг кæй нæ уыны, уый логикон кæй нæу. Минæвар йæхæдæг у чиновник, кæцыйы нысан кæны паддзахады сæргълæууæг æмæ хъахъхъæны уыцы паддзахады æмæ йæ къухдариуæггæнæджы интерестæ æндæр бæстæты. Уый та нысан  кæны,  инæварæн  йæ  бон  кæй нæу, кæй ма хъуамæ уа æмæ йын бар кæй нæй уа «политикон оппонент» Президентæн! Æмæ кæд уæддæр ахæм разына, уæддæр æрмæстдæр бадис кæнын хъæуы Тыбылты Леониды быхсындзинадыл, кæцы минæвары йæ бынатæй уайтагъд нæ, фæлæ ссæрибар кодта, хицауиуæгадмæ куы ‘рцыд, уымæй æртæ азы фæстæ.

Æмæ та бар-æнæбары ногæй бахъæуы æрымысын этикæйы тыххæй, кæцыйы фæдыл афтæ бирæ дзуры Димитр. Кæд æмæ уый нымайы афтæ, зæгъгæ, этикæ хæлд æрцыд, йæ бынатæй йæ ссæрибар кæнгæйæ, уæд йе ‘рдыгæй фарс цас этикон уыдис афтæ нымайын æмæ, Тыбылты Леониды «политикон оппонент» уæвгæйæ, уый тыххæй æргомæй ницы загъта æмæ отставкæйы нæ ацыд йæхæдæг æртæ азы дæргъы? Цахæмдæр ивæзгæ этикæ уайы Медойты Димитрæн. Хорз ын цы у, уый йын этикон у, æвзæр ын цы у, уый та æнæэтикон…

Цы интервьюйы кой скодтам, уым ма экс-минæвар «æргом фыстæгимæ» æрсидт архайæг Президентмæ. Уымæн анализ аразын ницы пайда у. Иумиагæй сисгæйæ, уый у иумæйаг фразæтæ æмæ æнæбæлвырд азымты æмбырдгонд. Ацы документ фæуд кæны Тыбылы фыртмæ дыууæ сидтæй  «æвзæрстыты агъоммæ æвзæрстыты æппæт процесс йæ контролы бын дарын æмæ химæрайсгæ хæстæ дарддæр æххæст кæнын» æмæ «æрыгæттæн фæндаг дæттын».

Паддзахады сæргълæууæг цæмæн хъуамæ «ныууадза президенты бынат» æвзæрстыты агъоммæйы рæстæджы, уый Медойы фырт нæ бамбарын кодта. Æвæццæгæн, нæ зыдта, æгæрыстæмæй, дыккаг æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ раразмæ кæнгæйæ æмæ Президенты бынатмæ кандидатæй хи срегистраци кæнгæйæ, архайæг Президент РХИ-йы закъондæттынадмæ гæсгæ дарддæр кæй æххæст кæны паддзахады сæргълæууæджы хæстæ. Афтæ, æмæ ницы пайда у, цы ис, уый ныхмæ цæуын.

Ноджы æнахуырдæр та мæм фæкаст экс-минæвары дыккаг сидт. Чи нæ дæтты фæндаг æрыгæттæн? Æвзæрстытæ сты конкурентон процесс. Алчидæр, кармæ нæ кæсгæйæ, гæнæн ис раразмæ кæна Президенты бынатмæ йæ кандидатурæ, кæд æмæ йыл сæххæст 35 азы. Дарддæр та, бахатыр кæнут, адæм хъуамæ аскъуыддзаг кæной: æрыгонæн «радтой фæндаг», æви астæуккаг, ас кары адæймагæн, нæлгоймагæн æви сылгоймагæн, уырнонæн æви атеистæн æмæ афтæ дарддæр.

Раст зæгъгæйæ,  уæд дæр афтæ зынд æмæ Медойты Димитр, иумæйагæй сисгæйæ, «æрыгæтты» кой нæ кодта, фæлæ конкретонæй кæйдæр кой. Æмæ уыцы конкретон «æрыгон кандидат» йæхимæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бауагъта. Медойы фырты радон публикаци «Бремя белого человека», зæгъгæ, уымæ гæсгæ, уый разынд РХИ-йы Парламенты 47-аздзыд спикер Бибылты Анатоли. Растдæр уый сæрыл дзургæйæ, сныдзæвдысты экс-минæвары азымтæ политолог А. Чесноковыл, кæцы йæ «Аналитикон доклады» йæхицæн бар радта президентон кампанийы Тыбылты Леониды фаворитыл банымайын. Уыимæ, цымыдисон цы у: Медойы фырт иу абзацы Чесноковы азымджын кæны, йæхи хатдзæгтæ кæй аразы эмпирион уагыл, «заказмæ гæсгæ», «социалон иртасынæдты зонæнтыл не ‘нцой кæнгæйæ». Иннæ абзацы та ныр йæхæдæг аразы раст афтæ –  бæлвырд кæны кампанийы фаворитты æмæ аутсайдерты йæ фæндонмæ гæсгæ. Æмæ бынтондæр, зонгæ-зонын, афтæ уæддæр куы бафæлвæрдтаид, цасдæрбæрцæй объективон уæвын, сау хуызты ныв кæны, йæ зæрдæмæ чи нæ цæуынц, уыцы гæнæнуæвæн претендентты – Тыбылы фырты æмæ Кокойы фырты, урс хуызы та, кæй зæгъын æй хъæуы, ис Бибылты Анатоли.

Ахæм уагыл фыст у Димитры фæстаг публикаци «Некоторые вопросы кандидату Тибилову». Ацы хат экс-минæвары крити-кæйы цæхæры бын бахауд РХИ-йы архайæг Президенты уынаффæ референдуммæ бæстæйы историон ном  Паддзахад Алани рахæссыны идея.

Тыбылты Леонидæй цитатæ хæсгæйæ, зæгъы, зæгъгæ, «Нæ паддзахады ном Хуссар Ирыстон-Аланимæ раивын, уавæртæ æмæ разæууæлтæ аразы Иууон Аланийы Уæрæсейы скондмæ бацæуынæн», Медойы фырт тызмæгæй фæрсы: «Цытджын коллегæтæ, бамбарын ма кæнут, уæ хорзæхæй, æппæт адæмæн, цы фæуыдзæн термин «паддзахад», Тыбылты Леонид куыд зæгъы, афтæмæй «Иууон Алани» Уæрæсейы Федерацийы скондмæ куы бацæуа, уæд? Сисын æй бахъæудзæн? Ау, «Паддзахад Аланийы» проекты автортæй иу Тыбылы фыртæн цæуылнæ бамбарын кодта, УФ-йы архайæг закъонмæ гæсгæ, бæлвырддæрæй та «Уæрæсейы Федерацимæ райсыны æмæ йе сконды Уæрæсейы Федерацийы ног субъект саразыны фæткы тыххæй» 2001 азы 17 декабры райсгæ № :-ФКЗ (2005 азы 31 октябры редакцийæ) Федералон конституцион закъон бар кæй нæ дæтты федерацийы субъекттæн, цæмæй йæ номы пайда кæна сæрмагонд юридикон термин «паддзахад»? Æмæ ма но-джы, ацы закъоны сæргонды дзырдæуы баиугонды нæ, фæлæ ног субъекты сырæзты тыххæй, æмæ стæй йе скондмæ бацæуын..!»

РХИ-йы Президенты ныхасы чысыл æбæлвырддзинадæй («Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Иууон Аланийы бацыд»), кæцы, гæнæн ис, æруагъдæуа кæрæдзиимæ ныхас кæнгæйæ, растдæр зæгъгæйæ та, паддзахады сæргълæууæджы ныхæс-тæй раст не спайда кæнгæйæ, Медойты Димитр æвæстиатæй «аразы политикæ», Тыбылты Леониды (куыдфæнды йæ ма нымай!) «Уæрæсейы Федерацийæн æддейæ Иууон Алани саразынæн уавæртæ аразын» æй кæй фæнды, уым æй азымджын кæнгæйæ æмæ «ацы фарст… ноджы республикæйы прокуратурæ æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ» æрвит-гæйæ. Ацы пассажы æнæхъоладзинад афтæ ирдæй зыны, æмæ йæ гæнæн ис, рахонæн авторы дзæнгæда, кæннæд та, æнтыст кæмæн нæ уыд, ахæм хахуыр. Куыдфæнды ма уа, адæймагмæ æвзæрын кæны тæригъæды æнкъарæнтæ.

Аныхас кæнын та æмбæлы, УФ-йы скондмæ РХИ куы бацæуа, уæд термин «паддзахад» цы фæуыдзæн, ууыл. Фыццаджыдæр, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид никуы, никæцы ран дзырд, историон ном – Паддзахад Алани раздахын баст кæй у Уæрæсемæ Хуссар Ирыстоны баиу кæныны темп æмæ æмгъуыдтимæ. Уыдон ницы хуызы сты баст! Дыккаджы, ацы фарст боны фæткмæ куы рахиза, уæд, Медойты Димитр кæй кой кæны, УФ-йы уыцы закъон дзуапп дæтты ацы фарстæн. Ацы закъоны 7-æм статьяйы 1-аг пунктмæ гæсгæ «Уæрæсейы Федерацийы ног субъекты ном æмæ статус» бæлвырд кæй æрцæудзысты УФ-йы скондмæ фæсарæйнаг паддзахады бацыды тыххæй дунеон бадзырды. Афтæ, æмæ ацы фарсты фæдыл развæлгъау сæр сæттын ницæмæн хъæуы. Рæстæг æрцæудзæн æмæ базондзыстæм ног субъекты ном дæр æмæ йæ бацыды фæтк дæр. Историон ном  Паддзахад Алани  раздахынæн уый ницы хъыг дары.

Уый хыгъд, абон ацы ном æххæстæй дзуапп дæтты уыцы статусæн, кæцы ис Республикæ Хуссар Ирыстонæн,  хæдбар демократон паддзахад. Ам зæрдыл æрлæууы, хæрзæрæджы дæр ма Медойы фырт йæхæдæг кæй уыд, йæ бæстæйы ацы статус æнувыдæй чи хъахъхъæнынц, уыдоны рæнхъыты. Æмæ кæд абон дæр ахæмæй баззад, уæд, цымыдисон у, цы уæлдай йын у, куыд хуындзæн РХИ, УФ-йы субъект куы суа, уæд?!

«Ельцины бынтыл» – ома, сæхи куыд «паддзахад паддзахады», афтæ чи уынынц, УФ-йы ахæм национ субъекттыл дзургæйæ, уый УФ-йы паддзахадон арæзтады ныхмæ куы уыдаид, уæд раджы ивд æрцыдаид «æмбæлон уагмæ æркæныны фæдыл» къахдзæфтæ аразгæйæ. Дыккаджы, хатыр, Димитр, де ‘нæзонындзинады тыххæй, фæлæ дунейы ис «паддзахад паддзахады» æндæр цæвиттонтæ дæр æмæ уыдонмæ Ельцин æппындæр ницы бар дары. Иууыл ирддæр цæвиттон –  Германы Федеративон Республикæйы сконды Сæрибар паддзахад Бавари. Бафиппай – йæ номы ныхас «паддзахад» дæр ис æмæ уыимæ Германы сконды дæр ис.

Медойты Димитры хъуыдытæ терминтæ «республикæ» æмæ «паддзахады» «æнæмхуызондзинады» тыххæй, «уыдон, гæнæн кæй ис, æмæ нысан кæной, бынтон алыгъуызон режимтæ бæстæйы паддзахадон арæзтады формæмæ гæсгæ» сты, проблемæ кæм нæй, уым æй æрымысынмæ тырныны хуызæн. Уымæн æмæ бæстæйы паддзахадон арæзтад бæлвырд цæуы бæстæйы номæй уыйбæрц нæ, цас – йæ Конституцийæ. РХИ-йы Конституцийы та дырысæй фыст ис разамынады республикон формæ. Æмæ уый нæ фæивдзæн æрмæстдæр уымæн, бæстæ дыккаг ном кæй райста. Нал дзурдзынæн ууыл, паддзахадон арæзтады формæ – Республикæ Хуссар Ирыстон амынд кæм ис, уыцы ныры ном референдумы цахæмфæнды варианты дæр бахъахъхъæд кæй æрцæудзæн, уый та нысан кæны, Медойы фырты бафæлвæрдтытæ, Паддзахад Аланийы тыххæй куы схъæлæс кæнæм, уæд Хуссар Ирыстон республикæйæ монархимæ кæй рахиздзæн, уымæй нæ «фæтæрсын» кæнын, кæй сты серьезон политикы нæ, фæлæ таурæгъгæнæджы архайдтыты хуызæн.

Зæгъæн ис, Медойты Димитры фæстаг публикацитæ æмæ ныхæсты кæй ис иу сæйраг хъуыды:  РХИ-йы архайæг Президент Тыбылты Леонид цыдæриддæр аразы – уый у æвзæр, РХИ-йы Парламенты спикер Бибылты Анатоли цыдæриддæр аразы уый та  у хорз, æмæ чизоны, гениалон дæр. Æрмæст уый экс-минæварæн бынтон бæлвырд нæ рауайы, зæгъæн ис æмæ йын бынтондæр нæ рауайы. Уымæн æмæ, идеологион æгъдауæй, иу зонадыл хæст не сты политик Медойты Димитр æмæ Бибылты Анатоли кæй сæргъ лæууы, уыцы парти «Иууон Ирыстон», кæцыйы тырысайы бын, зæгъæн ис æмæ  слæууыд. Фыццаг у РХИ-йы хæдбардзинад бахъахъхъæныны æнувыд фарсхæцæг, дыккаг та лæууы Уæрæсейы скондмæ бацæуыны æвварс. Æмæ рауад афтæ: Медойты Димитры коньюнктурон цæстæнгасæй (?!)бахъуыд, разы кæуыл нæу, уыцы цæстæнгастæ æмæ позицитæ хъахъхъæнын, кæцыты ныхмæ ныфсджынæй æмæ æргомæй дзырдта цалдæр азы.

Уый у хæдгъуыз «хиидентификацийы кризис», кæцы æнцон сфæразæн нæу. Раст уымæ гæсгæ, Медойты Димитр йæхæдæг бынтондæр фæндвидар нæу Бибылты Анатолийы æнувыд æмбалы ног ролы æмæ йæ аргументтæ дæр сты лæмæгъ, серьезон адæммæ æрмæстдæр æнæразыдзинад æвзæрын кæнгæйæ. Хорз æй чи зоны, уыдон зонынц, куыд бæлвырдæй фæдзуры, цæуыл æууæнды,  ууыл. Баззад ма æрмæстдæр иу фарст: «Медойты Димитры кульбит», кæцы у хи интерестыл къух сисыны хуызæн, у, райсыны ныфс æй кæмæй ис, уыцы «призы» аргъ?!

ДЖИОТЫ Л.,

 «ОСНЕТ»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.