Дзуццаты Димитры райгуырдыл сæххæст 110 азы

2017 азы январы мæйы  номдзыд ирон журналист æмæ æхсæнадон архайæг Дзуццаты Димитры (Митъушы) райгуырдыл сæххæст 110 азы. Куыд курдиатджын журналист, афтæ Димитры ном хорз зындгонд уыд Ирыстоны адæмæн. Ирон мыхуырæн йæ фыссæн сисæй аккаг лæггад чи бакодта, йæ цымыдисон уацтæй Ирыстоны дзыллæттæн йæхи чи базонын æмæ бауарзын кодта, адæймаджы, зондамонæджы миниуджытæй æххæст чи уыд, уыдонæй сæ иу уыд  Дзуццаты Димитр. Йæ дæргъвæтин царды курдиатджын журналист сфæлдыста бирæ очерктæ, критикон уацтæ æмæ, æгæрыстæмæй, аивадон уацмыстæ дæр – йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты уартæ 1930 азты журнал «Фидиуæджы». Мæнæ цы фыста йæ уацты æмбырдгонды Димитр. «Мæхи куы базыдтон, æххуыс, æзмæлынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ иудадзыг уыдтæн адæмы ‘хсæн. Фыййауы лæдзæг бирæ фæхастон. Райгуырæн уæзæг, къонайы фарн. Амондджын ирон хæдзарвæндаг. Сафайы рæхыс, æртæкъахыг фынг. Куыд рæсугъд фидаут ирон хæдзары. Куыд адджын стут, уæ мад макуы амæла. Æмæ сæ æфснайæм. Æфснайд сты мæнæн дæр. Мæ цæст сыл куы ахæссын, уæд мæм цыма сдзурынц: Бузныг, зæронд лæг! Æнæнизæй цу дарддæр дæ къахвæдтыл. Æмæ, цин дын фенон дæ удæн, бирæ, бирæ фæцыдтæн къахвæдтыл. Цыдтæн æмæ алцыдæр уыдтон, алцыдæр хъуыстон мæхи хъустæй. Цы цаутыл фыстон, кæуыл фыстон, кæимæ æмбæлдтæн, уыдон зыдтон лæгæй-лæгмæ. Фыстон, мæхимæ куыд растдæр æмæ хуыздæр каст, афтæ. 1929 азæй суанг пенсийы ацæуыны онг – 1968 азмæ, фæкуыстон бирæ бæрнон бынæтты. Æгуыдзæг, дæлæсин нæ уыдтæн царды. Фыстон æмæ сæ мыхуыр кодтон. Мæхи хызтон мæнг ныхæстæй. Фыстон, мæ къахвæдтæ мын куыддæриддæр дзырдтой, афтæ», – фыста уый.

Дзуццаты Димитр пенсийы куы ацыд, уый фæстæ дæр уыд йæ раздæры уарзон редакцийы уарзон уазæг. Йæ къах æй цингæнгæйæ хаста «Хурзæрин»-ы редакцимæ æмæ-иу ыл йæ коллегæтæ дæр сæмбæлдысты зæрдæрайæ, йæ фенд-иу сын хуры фенды хуызæн уыд, раст-иу сæм цыма хуыцауæй уазæг æрхауд, афтæ-иу ыл бацин кодтой, бацин-иу сыл кодта йæхæдæг дæр. Йæ редакцион архайдæй-иу сын æнæмæнгæй цыдæр цымыдисон хабар радзырдтаид, ракодта-иу сын разагъта лæгты, газеты фыццаг аразджыты кой. Иудзырдæй, ахæм хабæрттæ-иу кодта æмæ-иу æм адæймаг хъусынтыл фæци. Уый дæр-иу сæ афарста, куыдтæ цæрынц, сæ куыст куыд цæуы, уыдæттæй. Уый та сæм сæхи Митдзу æрбацыд æмæ та сæ абæрæг, кодта дзырдтой-иу йæ коллегæтæ. Дзуццаты Димитр тынг буц уыд, газет «Хурзæрин»-ы авдæн узын уымæ дæр кæй æрхауд, лæджы кармæ йæ чи ракодта, уыдоны ‘хсæн кæй уыд, хъæбулы æмæ йын фæдисоны лæггад кæй фæкодта, уымæй. Уый йе ‘мбаргæ царды фылдæр хай арвыста ацы редакцийы кусгæйæ. Ахæм адæймаджы алчи дæр фæуарзы, уыимæ иумæ ма куырыхон, зондамонæг, хæдзары хорзмæбæллæг куы вæййы, уæд та дывæр уарзты аккаг вæййы. Ахæм уыд Митдзу.

Газет «Хурзæрин»-ы цы уæздан æмæ куырыхон адæймæгтæ куыста, сæ диссаджы удыхъæд æмæ уæздандзинадæй сæхицæн цæрæнбонтæм сæ коллегæты, сæ зонгæты зæрдæты арф фæд чи ныууагътой, сæ куырыхон зонд адæмыл чи тыдтой, уыдонæй уыд Митъуш дæр. Хъыгагæн, ацы уацы автормæ не ‘рхауд Димитримæ редакцийы иумæ бакусыны амонд, фæлæ йæ уый хыгъд зыдтон саламмæ. Иннæ ахæм та, уыд мæ цардæмбал Хуриты Гивийы æввахс хæлар. Арæх-иу мын кодта йæ хорзы  кой æмæ йын уымæ гæсгæ æз дæр кодтон стыр аргъ. Йемæ куысны амонд кæмæ æрхаудта, уыдон-иу мын  куыд дзырдтой, афтæмæй уый уыд æнахуыр хæ-ларзæрдæ, хиуылхæцгæ æмæ уазæгуарзон адæймаг. Димитры характер, архайдтытæ, йæ царды фæндæгтæ мæм кæсынц газет «Хурзæрин»-ы (уæды «Совеон Ирыстон») фыстæджыты хайады уацхæссæг, ныртæккæ дзæнæты бадинаг Тасойты Баграты цардвæндаджы хуызæн. Уый дæр уыд æнахуыр уæздан адæймаг, йæ дзыхæй гуымир ныхас никуы схаудтаид цыфæнды уæззау уавæрты дæр. Раст ахæм уыд Дзуццаты Димитр дæр. Фырбуцæн æй йæ коллегæтæ Митдзу дæр уымæн хуыдтой, ома, йын йæ номы фыццаг æртæ дамгъæ æмæ йæ мыггаджы фыццаг дыууæ дамгъæ баиу кодтой æмæ дзы рауад рæвдауæн ном.

Уый райгуырд Знауыры районы  Хъорнисы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ ныййарджытæ  йæ раджы фæцайдагъ кодтой фæллой кæныныл æмæ куыд йæ бон уыд, афтæ сын æххуыс кодта. Йæ фыд Гига куыста Хъорнисы колхозы дыргъдоны, æрзайын-иу кодта хъæздыг тыллæг. Йæ хорз куысты тыххæй йæ фæхуыдтой Мæскуымæ адæмон хæдзарады æнтыстыты равдыстмæ (ВДНХ) æмæ йæ схорзæхджын кодтой Кады грамотæйæ. Уый стыр æнтыст уыд уæды рæстæджы. Димитр ахуыр кæнынмæ бацыд, уæд Цхинвалы цы фæсивæд-зæхкусæгон скъола бакодтой, уырдæм æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис æртæ азы фæстæ. Фæлæ æвзонг лæппу ууыл не  ‘рлæууыд, тырныдта ахуырмæ æмæ фæстæдæр та каст фæцис Тбилисы индустриалон рабфак дæр. Уæд Хуссар Ирыстоны хъæуты ахуыргæнджыты сæр зæрдиагæй хъуыд. Æмæ Димитр дæр йæхи айста, йæ сæр иууыл тынгдæр кæм хъуыд, уырдæм –   хъæууон скъолатæм. Ахуыргæнæгæй куыста Дзауы æмæ Цхинвалы районты хъæууон скъолаты. Фæлæ уыцы иурæстæджы уый кодта дыууæ куысты: сабитæн уыд ахуыргæнæг, газетæн та – уацхæссæг. Кæм-иу куыста, уырдæм уацхæссæджы бацæуыны сæр ницæмæнуал хъуыдис. Митдзу уым уыд æмæ йæ хъуыддаг арæзта. Газетмæ фыста суанг информацийæ райдайгæйæ гуырахстджын газетон жанртæй фæугæйæ.

«Куы йæ зониккат, райдианы мын цас æхцондзинад хаста газеты ныммыхуыргонд мæ алы æрмæг дæр. Цин-иу кодтон ноггуырд сабийау: уый мæн у, мæхи къухæй фыст, – ныббуц-иу дæн мæхицæй. Уый уыдис 1930 азы 15-æм июны. Мæ радон уац та бахастон редакцимæ, уæд йæ бæстыхай уыд Хетæгкаты Къостайы уынджы фæзилæны, Абайты хæдзары. Куыстой дзы Беджызаты Чермен æмæ Уалыты Димитр. Газет уæд уагътой къуыри иу хатт. Уыцы бонæй фæстæмæ сдæн «Хурзæрин»-ы кусæг», – фыста Димитр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæ фыццаг бонты редакцийы йæ уарзон куыст ныууадзгæйæ, барвæндæй араст иннæ æфсæддонтимæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Фæлæ йын знажы ныхмæ Уæлахизы бонмæ  хæцын нæ бантыст. Фæрынчын æмæ йæ къамис рарвыста фæстæмæ. Хæсты тæккæ тæмæнæй суанг йæ фæудмæ, Димитр куыста Хуссар Ирыстоны партийы обкомы фæскомцæдисон организацийы секретарæй. Хæсты фæстæ та Димитр баздæхт йæ уарзон газетмæ æмæ дзы æнæсцухæй фæкуыста 1947 азæй суанг 1968 азы онг, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Газеты фæрстыл цас уацтæ ныммыхуыр кодта, уыдон зын банымайæн сты, бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ. Йæ уацтæ «Ихсыд къæсæр», «Мыггаджы кæсдæртæ», «Æвзаргæ лæджы тæрхон», «Дæ къахвæдтæ», «Фæрæтдзæф», «Рох уæлмæрдтæ, афтид уæзгуытæ», «Æхцон мысинæгтæ», «Нæ дзырды сæр», «Чи дæ, зæхкусæг?», «Горæт æмæ хъæу», «Фарны лæг» æмæ бирæ, тынг бирæ æндæр уацтæ стыр ахъаз фесты ирон журналистикæйы рæзтæн. 2000 азы мыхуыры рацыд йæ уацты æмбырдгонд йæ фырт Дзуццаты Валерийы æххуысæй. Димитры лæггæдтæн æмбæлон аргъ скодта нæ республикæйы къухдариуæгад. Йæ райгуырды 90 азы цытæн  РХИ-йы раздæры Пезидент Цыбырты Людвигы Барамындмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Кады грамотæйæ, афтæ ма хорзæхджын у бирæ æндæр хорзæхтæй дæр. Куыд зæгъæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны орденæй, Германыл фæуæлахизы майданæй, афтæ ма уыд фæллойы ветеран æмæ Гуырдзыстоны ССР культу-рæйы сгуыхт кусæг. Газет «Хурзæрин»-ы  уацхæссæгæй схызт суанг редакторы хæдивæджы онг. Нæ дзæнæты бадинаг коллегæйы тыххæй бирæ фыссæн ис, фæлæ æппæт уыдоныл иу уацы æрдзурæн нæй.

Дзуццаты Димитр амондджын лæг уыд, уымæн æмæ амондджын цардвæндагыл рацыд. Стæй йæ фæстæ ныууагъта хорз цот æмæ цоты цот, иууылдæр сæ бафтыдта царды раст фæндагыл, иууылдæр сты йæхи хуызæн хæрзæгъдау æмæ уымæй стырдæр амонд та нæ царды ницы ис. Нæ цард Димитры хуызæн куырыхон адæймæгтæй фидауы, фæлæ царды æнусон ницы ис, æнусон нæу адæймаджы цард дæр. Дзуццаты Димитр йе ‘нусон бынатмæ бацыд 2002 азы июлы мæйы. Рухсаг уæд!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.