РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады коллективы базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг Медойты Димитриимæ. Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис Медойты Димитр министрады куыст кæй ракæндзæн ног æмвæзадмæ.

«Димитр Никъалайы фырт у ахæм адæймаг, кæцы практикон æгъдауæй 1994 азæй фæстæмæ ис Фæсарæйнаг хъуыддæты министрады структурæйы, сымахæй зонут, æмæ æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ уыцы хæслæвæрдтæ, кæцытæ æвæрд цæудзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы фæдыл, æххæст цæудзысты. Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ æз мæ хъусдард кæй здахдзæн нæ республикæйы æддагон бастдзинæдты рæзтмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты эксминистр йæ куыст кæй адарддæр кæндзæн Женевæйаг дискусситы республикæйы делегацийы къухдариуæггæнæджы бынаты.

«Уымæн уыдзæн бирæ куыст, уый лæудзæн Женевæйаг дискусситы нæ делегацийы сæргъ. Ацы дискусситæ, абоны бон сты дунеон аренæйы иунæг фæзуат, цыран Хуссар Ирыстон æвдыст цæуы куыд бадзырдон процессты æххæстбарджын хайадисæг, афтæ. Мурат Кузмайы фырт баззад политикон  куысты», – йæ ныхас адарддæр кодта Бибылты Анатоли.

Президент радзырдта, зæгъгæ,  Медойты Димитримæ ныхас кæнгæйæ, уый райста бирæ фæндæттæ æндæр паддзахадтимæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады рæзты,  Хуссар Ирыстоны ахасты фæдыл.

«Ацы здæхты куыст кæндзæн  тынгдæр. Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ министрады кæй æрцæудзæн кадрон ивындзинæдтæ, фæлæ мæ уыцы иурæстæжы фæнды фехъусын кæнын, зæгъгæ,  бæрæг æнæразыдзинæдтæ чи расайа, ахæм пертурбацитæ кæй нæ уыдзæн. Алцыдæр арæзт цæудзæн Фæсарæйнаг хъуыддæты министрады куысты оптимизацийы фæлгæтты», – бамбарын кодта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ куыст цæуы Донецкы Адæмон Республикæйы минæварадæн Цхинвалы бæстыхай рахицæн кæныны фарстыл.

«Практикон æгъдауæй Донецкы ныридæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадæн рахицæн æрцыд хицæн бæстыхай. Кæй зæгъын æй хъæуы, уырдæм æрвыст æрцæудзысты МГИМО-йы нæ рауагъдонтæ, профессионалон дипломатон кусджытæ. Ахæм сразыдзинад цæттæ цæуы Луганскы Адæмон Республикæимæ дæр. Фæнды мæ банысан кæнын уый дæр,  дыууæ Ирыстоны баиу кæнын æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл мæ тырнындзинад  кæй нæ аивтон, уыимæ иуран бадæм æмæ æндæр паддзахадтимæ ахасты рæзты планы ма кусæм, цæмæй æндæр бæстæтæ банымайой Хуссар Ирыстоны, уый мæ бон нæу куыд Президент,  куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, афтæ, æмæ ацы хъуыддаджы мах кусдзыстæм æнгомæй», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Президент загъта, зæгъгæ, цас фылдæр бæстæтæ банымайой Хуссар Ирыстоны, цас фылдæр æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтæ арæзт æрцæуой бæстæтæ-партнертимæ, уыйас æнцондæр уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм сæ разы цы нысæнттæ æмæ хæстæ æрæвæрдтой, уыдоны сæххæст кæнын.

«Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыст уыдзæн республикæйы Президенты хъусдарды бын, æмæ æддагон политикæ сбæрæг кæныны хæс æвæрд цæудзæн сымахыл, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл. Уыимæ æз нæ дызæрдыг кæнын ууыл, æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад уый кæй араздзæн эффективонæй, уыцы зонындзинæдтыл, уыцы профессионалон кадртыл æнцой кæнгæйæ, кæцытæ сты сы-махмæ. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, цæудзыстæм размæ, æрмæстдæр размæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта коллективæн сæ профессионалон бæрæгбоны, Ирон дипломатийы боны цытæн, æмæ загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис хуссарирыстойнаг дипломатийы къухты кæй бафтдзысты ног гæнæнтæ æмæ ног нысæнттæ.

«Бузныг уæ куысты тыххæй, мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстджын куыст нæ уарзон Республикæ Хуссар Ирыстоны фæрныгадæн», – загъта Президент.

Медойты Димитр равдыста йæ бузныгдзинад республикæйы Президентæн, кæй йыл баууæндыд, уый тыххæй.

«Уый у стыр æууæнкдзинад, стыр бæрндзинад, æмæ æз ацы бæрндзинад исын арфæимæ. Мæн уырны, мах Джиоты Муратимæ æнгомæй кæй кусдзыстæм», – банысан кодта Медойты Димитр.

Йæ рады, Джиоты Мурат банысан кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ Президенты стыр хъусдард,  æмæ йæ коллегæты номæй загъта бузныг йæ арфæйы хъарм ныхæсты тыххæй, кæцытæ загъд уыдысты Фæсарæйнаг хъуыддыгты министрады æмæ æппæт хуссарирыстойнаг дипломатийыл 25-азы сæххæты боны цытæн.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ министрады сырæзты 25 азы фенын кодтой уый, æмæ ацы министрад æххæстбæрцæй кæй сырæзт, йæ функцитæ æмæ хæстæ æххæст кæны. Абоны бон нæ коллектив у куыстхъом», – загъта Джиоты Мурат.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Медойты Димитр у Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бындурæвæрджытæй, аразджытæй сæ иу.

«Бирæ азты дæргъы уый куыста Уæрæсейы дипломатон службæйы,  йæхæдæг, сæрмагондæй, зонгæ у æппæт кусджытимæ дæр æмæ министрады проблемæтæ хорз зоны, министрады дарддæры рæзты фæдыл йæ хъуыдытæ сты хорз. Мæн уырны, Дмитри Никъалайы фырт æххæстбæрцæй кæй æххæст кæндзæн уыцы хæстæ, кæцытæ лæууынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы раз. Мæхи ‘рдыгæй, æз дæр алыхатт дæр уыдзынæн йæ фарсмæ, æз цæттæ дæн, мæ бон цæмæй уа, уымæй йын æххуыс кæнын-мæ», – йæ ныхас адарддæр кодта  Джиоты Мурат.

Уымæй дарддæр ма, фембæлды рæстæджы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ бахатыдысты Президентмæ, цæмæй министрадæн рахицæн кæна хицæн бæстыхай. Йæ рады, Бибылты Анатоли баныфс æвæрдта, ацы фарстыл  кæй бакусдзысты, уымæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.