Бæргæ-иу рæстуд, сыгъдæг зæрдæ æмæ кадджын адæймæгтыл ивгъуыды куынæ дзуриккам, фæлæ хъысмæт æгъатыр у, адæймаджы ныхфысты цы банысан кæны, уый аивын никæй бон вæййы.

Афæдз рацыд уарзæгой мад, цардæмбал, мадызæнæг, хорз сыхаг, уыцы-иу рæстæджы Ирыстоны æмæ ирон æвзаджы патриот Плиты Марленæ а-дунейæ куы ахицæн, уыцы бонæй.

Марленæ райгуырд Гудзаретгомы Сырх хъæуы, бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Йæ фыд æмæ йæ мад Плиты Никъала æмæ Калайæн 12 сывæллоны уыд – дыууæ лæппу æмæ 10 чызджы, бинонты кæстæр Марленæ уыд. Уый тыххæй йæхи хуыдта 12-æм сывæллон – 10-æм чызг. Ома, чызджытæй дæсæм уыд, сывæллæттæй та – дыууадæсæм.

Хъыгагæн, Марленæ нæ бафсæст мад æмæ фыды рæвдыдæй. Афæдз æмæ йыл авд мæйы куы цыд, уæд йæ ныййарджытæ кæрæдзийы фæдыл фæзиан сты æмæ хистæр сывæллæттæ хъомыл кодтой кæстæрты, афтæмæй рæзтысты, рæзт чысыл Марленæ дæр.

Йе ‘мдзæвгæ «Сидзæр»-ы афтæ фыссы:

Сидзæры фæндаг зын цæуæн,

Фæлæ нæ хъæуы тыхсын,

Уымæн йæ хъысмæт у ахæм

æмæ  йын хъæуы быхсын.

Æнгом хъæрмуд бинонты ‘хсæн æнæ рæвдыд нæ уыд Марленæ, фæлæ ныййарæджы рæвдыд æндæр вæййы, æмæ йын уыцы хъуагдзинад йæ амæлæты бонмæ риссаг уыд.

Марленæ кæд Ирыстоны нæ райгуырд æмæ не схъомыл, уæддæр йæ ирон æвзаг афтæ тынг уарзта, æмæ Гудзареты астæуккаг скъола гуырдзиаг æвзагыл каст фæуыны фæстæ, ахуырмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институтмæ райдиан ахуырады методикæйы факультетмæ. Ахуыр  ирон æвзагыл цыд æмæ йын райдианы зын уыд, фæлæ йын мадæлон æвзаг мадау адджын кæй  уыд, уый тыххæй тынг куыста йæхиуыл, æхсæв дæр-иу сбон кодта æмæ фыццаг курс сæхгæдта фæндзтыл æмæ дарддæр дæр йæ ахуыр не ‘рныллæг кодта, институт каст фæцис хæрзтыл. Уый фæстæ Куртайы  «Сывæллæтты хæдзары» кусын райдыдта,  фæстæдæр та кусын райдыдта №4 сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнæгæй.

Марленæйæн йæ ныхасыгъæд тынг сыгъдæг уыд, иунæг уырыссаг, иунæг гуырдзиаг дзырдæй дæр нæ пайда кодта, нæ дæр дзырдтæ-паразиттæй пайда кодта. Архайдта, цæмæй йæ къорды сабитæ дæр сыгъдæг дзырдтаиккой иронау. Фæлæ уыцы хъуыддаг уæды областы къухдариуæгадæй  кæйдæрты зæрдæмæ нæ цыд. Нæ сæ фæндыд, цæмæй сывæллæттæ иронау ахуыр кодтаиккой.

Сывæллæтты рæвдауæндоны уыд гуырдзиаг къорд дæр. Ирон сывæллæттæ уыдтой гуырдзиаг къорды сабитæм гуырдзиагау кæй дзурынц, æмæ-иу   арæх афарстой Марленæйы, зæгъгæ, «кæд  гуырдзиаг сывæллæттæм гуырдзиаг æвзагыл дзурынц, уæд махмæ иронау цæмæннæ дзурынц, цæмæннæ ис махæн иронау дзурыны бар?»

Сабиты ацы ныхæстæ Марленæйы зæрдæйыл тынг бандæвтой, тынг æм бахъардтой,  æмæ 1988 азы  28 октябры газет «Советон Ирыстон»-ы ныммыхуыр кодта уац «Сабийæн мадæлон æвзаг мады æхсырау у». Уацы дзырдта, скъолайы агъоммæ кары уагдæтты ирон æвзагыл кæй нæ ахуыр кæнынц, уый тыххæй, иумиагæй сисгæйæ та – ирон æвзаджы проблемæйы тыххæй.

Марленæ йæ уацы фыста, зæгъгæ, «дунейы æппæт адæмтæн сæ тохы сæр фыццаджы фыццаг уыдис æмæ у хъæбатырдзинад æмæ сæ мадæлон æвзаг, сæ культурæ бахъахъхъæныны сæрыл. Мах та бархийæ архайæм нæ мадæлон æвзаг ферох кæныныл. Нæ сабитæн «Гино-гино, гис»-ы бæсты амонæм «Мой-додыр». Цæмæннæ ис гæнæн, æмæ сывæллæттæн амонæм Хетæгкаты Къостайы æмæ æндæр ирон поэтты æмдзæвгæтæ, цæмæннæ сын хъуамæ дзурæм нæ диссаджы Нарты кадджыты персонажты, нæ национ хъайтарты тыххæй, нæ сывæллæттæ цæмæннæ хъуамæ зоной Ирыстоны кадджын зарджытæ».

Кæд уыцы рæстæджы сывæллæтты цæхæрадæтты программæмæ гæсгæ сабиты хъомыл кæнын хъуыд интернационалон зондахастыл, уæд Плион та фыста, зæгъгæ, «интернационалон æнкъарæнтыл хъомыл  кæнын æмиу кæнын  хъæуы национ сæрыстырдзинады æнкъарæтæ фидар кæнынимæ».

«Советон Цæдисы Компарти æмæ Советон хицауад æппæт фадæттæ дæр аразынц нæ бæстæйы адæмты культурæйы рæзты æмæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын фæхуыздæр кæныны тыххæй. Уыцы рæстæджы нæ областы скъолайы агъоммæ кары сабитæн сæ мадæлон ирон æвзагыл ахуыр-хъомыладон куыст иууылдæр цæуы уырыссаг æвзагыл. Раст у, уырыссагау рæвдзæй дзурын базонын махæй алкæйы хæс дæр у, фæлæ мадæлон æвзагæн дæр рохуаты ныууадзæн нæй», – фаста Плион.

Ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй   уыцы уац уыд фæдисы хъæр, фæлæ йæ, хъыгагæн, нæ бамрæрстой уæды областы чиновниктæй чидæртæ. Æгæрыстæмæй ма йæ фæдзæхсгæ дæр бакодтой, цæмæй ферох кæна уыцы хъуыды.

Марленæ сидзæрæй кæй схъомыл, уый тыххæй йæ цард снывонд кодта сабитæн, тынг сæ уарзта, уыдон дæр æй уарзтой. Цы къорд æм уыд, уый хуыдтой «сабитæ цы къорды нæ кæуынц, уыцы къорд». Уый йæ амонд дæр сабиты цæхæрадоны кусгæйæ ссардта.

Чехойты Георги æфсадæй куы æрыздæхт, уæд ахуырмæ бацыд Цхинвалы пединститутмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, студенты стипендийæ зын у цæрын æмæ хъахъхъæнæгæй кусын райдыдта, Марленæ кæм куыста, сабиты уыцы цæхæрадоны.

Æвзонг чызг æмæ лæппу уым базонгæ сты  æмæ сæ цард баиу кодтой. Куыстуарзаг, лæггадгæнаг, уарзæгой æмкъæйттæ скодтой адджын, дзаджджын, хъæрмуд хæдзар, фæзынд сын æртæ фырты – Маир, Гамир æмæ Роберт. Марленæ æмæ Георги сæ цоты цайдагъ кодтой ахуырыл, куыстыл, Райгуырæн бæстæмæ, адæммæ уарзондзинадыл. Архайдтой, цæмæй сæ фырттæ раст фæндагыл лæуд уой,  царды сæхи ссарой. Æмæ сæ фыдæбон æнæхъуаджы нæ фæцис, сæ фырттæ æртæ дæр уæлдæр ахуырад райстой, уыдон дæр  сæхиау сты адæмуарзон, хæрзæгъдау, куыстуарзаг. Маир æмæ Робертæн ис бинонтæ, цот, фæлæ Гемирæн йе ‘нæниздзинадыл тынг бандæвтой 19 азы дæргъы нæ республикæйы æндыгъд уавæр æмæ хæстытæ æмæ йын бинонтæ нæй, йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый аххосæй…

Марленæ Чехойты хæдзармæ æрхаста адджындзинад, лæггад кодта хистæртæн, йæ цардæмбалы ныййарджытæн, хæстæджытæн, сыхæгтæн æмæ йæ уыдон дæр уарзтой. Йæ цардæмбал Георгиимæ адджынæй фæцард 52 азы.

Марленæ ирон æвзагыл фыста æмдзæвгæтæ дæр, фæлæ сæ, хъыгагæн, мыхуырмæ никуы радта. Фыста Ирыстоны нысаниуæгджын цаутыл, Ирыстоны хъæбатыр лæппутыл, йæхи хъысмæтыл, ныффыста, 1989 азы гуырдзиæгты бирæминон колоннæ Хуссар Ирыстонмæ стæры куы æрбацыд, уый тыххæй дæр, фыста хиуæттыл,  хæстæджытыл,  æгæрыстæмæй поэмæ ныффыста йæ мад æмæ йæ фыды царды тыххæй, 12 сывæллоны куыд хъомыл кодтой, уый тыххæй. Йе ‘мдзæвгæты алы ран дæр бæрæгæй зыны йæ уды хъарм,  йæ уарзон ахаст хиуæттæ æмæ хæстæджытæм, Ирыстонмæ, ирон адæммæ.

Йæ рухс ном ын мысынц æмæ йын кад кæнынц абон дæр, чи йæ зыдта, уыдон.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.