Ацы аз Бекъойты Димитрыл сæххæст уыдаид 100 азы

Зынгæ ирон ахуыргонд, мадæлон æвзагыл стыр æнувыд, йæ радтæг адæмæн нæ ирон фæсивæды ахуыр-хъомылады фарсты егъау куыст чи бакодта, ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæ чи парахат  кодта, уыдонæй сæ зынгæдæртæй иу уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Бекъойты Димитр Гаврилы фырт.

Йæ радтæг адæмæн егъау лæггад чи бакæны йæ уæлион царды, ахæм гоймаджы  йе ‘нусон бæстæм фæндараст кæнгæйæ, йæ ингæны уæлхъус фæстаг хатт фæзæгъынц, зæгъгæ, дæ кад, дæ намыс уæлæуыл баззайæнт. Ахæм арфæтæ загъд æрцыд, Бекъойты Димитр Гаврилы фырты ингæны уæлхъус дæр. Иутæ сæ уæлион цардæй куы ахицæн вæййынц, уæд куыд сæ уд, афтæ сæ номыл дæр сау ингæн йæ дуæрттæ бахгæны æмæ ма йæ кæд искуы йæ хæрз хиуæттæ æрымысынц, уый йедтæмæ рохгонд вæййы адæмæй. Фæлæ Димитры хуызæттæн рохгæнæн нæй. Уымæн æмæ уый æппæт йæ тыхтæ, йæ зонд не’ вгъау кодта, ирон адæмы тыххæй, ирон рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны сæраппонд.

Димитр зынгæ фæд ныууагъта ирон æвзаджы рæзт æмæ литературæ амонджытæн не скъолаты, нæ фæсивæдæн, кæцытæ иустæмтæй фæстæмæ уыдысты Бекъойы фырты студенттæ.

Димитр бирæ нæ фæцард, æдæппæт – 68 азы, фæлæ йын æнтысгæ бирæ бакодта ирон æвзагзонынады.

Уый райгуырдис Джеры хъæуы, мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Чысыл ма уыд, афтæмæй амард йæ фыд. Цыппар æнæхъом сывæллоны баззадысты сæ мады æвджид. Сæ хъæуы райдиан скъолайы ахуыргæнгæйæ, бауарзта ахуыргæнæджы куыст, уымæ гæсгæ бацыдис Цхинвалы ахуыргæнджыты курсытæм. Иу аз бакуыста ахуыргæнæгæй Уанаты райдиан скъолайы. Ахуыргæнæгæй кусгæйæ, бауарзта йæ мадæлон æвзаг, бацыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон институтмæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 1937 азы. Институты базонгæ  ис  зынгæ ахуыргæндтæ: А.Шегрен, В.Миллер, Пфафф, Клапрот æмæ  æндæрты куыстытимæ. Фæстæдæр та зынгæ иранисттæ  Абайты Васо æмæ Г. Ахвледианийы  фундаменталон куыстытимæ. Институты йын ирон æвзаг ноджы тынгдæр бауарзын кодтой йæ ахуыргæнджытæ, ирон интеллигенцийы  минæвæртты хуыздæртæ Тыбылты Алыксандр æмæ Хъоцыты Бидзина. Уыдон фæхатыдысты, Димитр зонадон-иртасæн куыстытæм æвзыгъд кæй у, уый æмæ сæ рекомендацимæ гæсгæ урæд æрцыдис пединституты ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уый æмрæстæджы – хистæр зонадон кусæгæй. Ам тынгдæр разынд Димитры арæхстдзинад зонад-иртасæн куыстмæ. Йæхи цæттæ кодта аспирантурæмæ бацæуынмæ, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ацы тугкалæн хæсты Димитр хайад иста йæ райдианæй йæ фæудмæ. Хæсты фæстæ 1946-1948 азты ахуыр кодта аспирантурæйы. Уый æмрæстæджы лекцитæ каст Хуссар Ирыстоны пединституты ирон  æвзагæй. 1950 азы  æнтысгæйæ бахъахъхъæдта  филологон зонæдты кандидатон  диссертаци ахæм темæйыл: «Хуссар Ирыстоны ныхасыздæхтыты фонетикон хиæдтæ».

1953 азы Димитры инициативæйæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты конд æрцыд ирон  æвзаг æмæ литературæйы  кафедрæ, йæ  сæргълæууæгæй нысан  æрцыдис  йæхæдæг.

Фæндзайæм азты Хуссар Ирыстонæн уæззау азтæ уыдысты. Уыд Хуссар Ирыстоны геноциды дыккаг период. Уыцы рæстæджы ирон скъолатæй рацарæзтой гуырдзиаг скъолатæ. Ацы æбуалгъ хъуыддаджы ныхмæ  чидæриддæр йæ хъуыды  загъта, уыдоны кодтой ахæстонмæ, куыд националисттæ, афтæ. Уый уыд æнæтугкалд геноцид. Бирæ нал бахъуыд Бекъойы  фырты уыцы дуджы азарæй басудзынмæ.

Иу-ахæмы уый студенттæн лекци каст ирон æвзагæй ахæм темæйыл: «Æмхъæлæсон мырты æмхуызон кæнынад ирон æвзаджы». Уым цæвиттонæн  загъта, ассимиляцигонд  кæй æрцæуынц адæмы хаттытæ дæр, ирон  адæмæй бирæтæ куыд сгуырдзиаг сты, уымæй. Уыцы  рæстæджы «уæлейæ  бадджытæн»  алы  ран дæр урæд уыд æвзагхæсджытæ æмæ Димитры  ныхæстæ уайтагъд бахæццæ сты Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ. Цалдæр боны фæстæ йын йæ лекцимæ хъусынмæ бацыдысты обкомы секретарь, институты парткомы секретарь æмæ ПÆК-ы минæвар. Димитры лекцийы темæ уыдис морфологийæ. Æрæджийау æм обкомы секретарь бадзырдта: «Ты, лучше объясни, что такое ассимиляция». Димитр ассимиляци æвзаджы æрмæджытæм гæсгæ æмбарын кодта. Уæд та йæм дыккаг хатт æрбахъæр кодта: «Ты лучше объясни вопрос на примере осетинского-грузинского народов!» Бамбæрста Димитр, хъуыддаг цæй мидæг ис, фæлæ уæддæр нæ фæтыхст æмæ дзуры: «Дыууæ адæмыхатты бирæ рæстæджы дæргъы фæрсæй-фæрстæм хæларæй куы фæцæрынц, уæд се ‘взæгты æндæвдад фæзыны кæрæдзийыл, зæгъæм, гуырдзиаг æвзагæй ирон æвзаг æрбайста бирæ дзырдтæ, афтæ гуырдзиаг æвзаг дæр айста ирон æвзагæй дзæвгар дзырдтæ».

Ныхас дардыл у, фæлæ иу-цалдæр боны фæстæ ирон адæмы цыфыддæр знаг Берия ахст æрцыд, æмæ уый адыл Димитр фервæзт репрессийæ. Фервæзтысты йе ‘мкусджытæ: Хъуылымбегты Георги, Хетæгкаты Васили, Джиоты Иларион æмæ æндæртæ дæр, кæцытæ нымад цыдысты националисттыл.

Димитры рæстæджы фæстаг азты горæты цæрджытæй бирæтæ сæ сывæллæтты æр-выстой скъолаты гуырдзиаг къордтæм, уый тыххæй тынг хъыг кодта. Ахæм ныййарджытыл æвæрдта худинаджы гакк, нымадта сæ дымыстæртыл æмæ уæйгæнджытыл.

Ирыстоны скъолатæн бæрзонд квалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы Димитрæн ис егъау хайбавæрд. Нæ ныууагъта Бекъойы фырт ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы дæр кадртæ цухæй. Йæ раздæры студенттæй ма кафедрæйы кусы ныртæккæ фондз зонадон кандидаты: Битарты  Зоя, Хуыгаты Илья, Плиты  Гацыр, Дзабиты  Зарбег  æмæ Дзиццойты Юри.

Димитры педагогон архайдимæ æнгом баст у зонад-иртасæн институты куыст дæр. Хуссар Ирыстоны скъолаты ирон æвзаджы программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ бындуронæй баст уыдысты Бекъойы фырты номимæ. Ирон æвзаджы фарстыты тыххæй ныммыхуыр кодта 70 зонадон куыстæй фылдæр. Йæ лингвистикон раиртæстытæн ис егъау нысаниуæг ирон æвзагзонынады. Цалдæр куысты йын мыхуыр æрцыдис ирон æвзаджы нормæтæ æрбæстон кæныны тыххæй.

Ирон æвзагзонынады Димитры сæйраг хъусдард уыд ирон æвзаджы диалектикæйы раиртæстытæм. Ирон диалект æмæ йæ ныхасыздæхтыл бирæ  азты  дæргъы  фембырд  кодта æрмæг. Уыцы раиртæстытæ систы йæ докторон  диссертаци «Иронский  диалект осетинского языка». Докторон диссертаци бæргæ ныффыста. Мæскуыйы йын йæ бахъахъхъæныны рæстæг дæр сбæрæг кодтой, фæлæ уыцы бонмæ нæ бахæццæ ис, æгъатыр низ æй не ‘хсæнæй атыдта. Диссертаци хицæн чиныгæй мыхуыргонд æрцыд, йæ редактор та уыдис профессор Гæбæраты Никъала. Куыд редактор, афтæ Никъала стыр æмæ цæстуарзон куыст бакодта чиныг мыхуырмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы.

Бирæ сты Димитр Гаврилы фырты лæггæдтæ ирон адæмы раз. Уымæ гæсгæ рохгонд нæу – цы кафедрæйы фæкуыста, уый абон хæссы йæ ном.

Уый тыххæй мæ фæнды стыр бузныг зæгъын Бекъойты Димитры хорз хъуыддæгтæ чи дарддæр кæны, уыцы, ахуыргонд профессор Дзиццойты Юри  Альберты фыртæн.

ХУЫГАТЫ Илья,

 профессор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.