«Ирон æмæ иннæ поэзиты бæркадджын традицитæ дарддæр кæнгæйæ, Æлборы  фырт у æнæнцой фæдисон», – дзырдта Дзуццаты Хадзы-Мурат. Æмæ нæ фæрæдыд, поэты фыццаг уацмыстæн аргъ кæнгæйæ.  Йæ туджы цавд, йе ‘мбарынад, йе ‘нкъарæнты ризгæ æмæ дыздызгæнгæ тæлфыд нæ ивгъуыд, нæ абон, нæ фидæн. Хъуыды сыл кодта æппынæдзух æмæ сæ æвдыста аивадонæй, уæлдайдæр, поэтиконæй. Уый фергом, æвзонг лæппу ма куы уыдис, уæд.

Æлборты Несторы фырт Хадзы-Умар райгуырд 1939-æм азы сусæны мæйы 15-æм бон Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы, Сарабучъы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ сабибонтæ æрвыста йæ райгуырæн хъæуы. Райдиан скъола каст фæцис уым, аст къласы та – Уанаты.

Лæппу фыдæй сидзæр кæй уыдис, уый тыххæй цард мæгуыр уавæрты. Фæлæ йæ зæрдæ æппынæдзух дзырдта йæ чингуытимæ. Уымæ гæсгæ æнæххæст астæуккаг скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндоны. 1959 -1964-æм азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты æвзаг æмæ литературæйы хайады.

Фæлæ йæ дарддæры цард æмæ куысты уыцы ахуыр дæр фагыл нал банымадта. Аи-вад, ахуырад цардимæ æппынæдзух размæ цæуынц, æмæ се ‘мдзу куынæ исай дæ къах, уæд дæ фæстейæ куыд фæуадздзысты, уый дæхæдæг дæр нал фæхатдзынæ. Уый тыххæй фæстæдæр каст фæцис аспирантурæ. Чиныгкæсджытæ йæ базыдтой «дæсны критикæй дæр. Дзæвгар уацтæ ныффыста нæ дзырдаивады кусджыты сфæлдыстады тыххæй, биноныгæй бакуыста, ирон литературон критикæ ивгъуыд æнусы 30-æм азты цы уавæры уыд, уый раиртасыныл». Диссертаци бахъахъхъæдта уыцы темæйæ – «Ирон литературон критикæ 30-æм азты» æмæ йын лæвæрд æрцыд филологон зонæдты кандидаты ном.

Хадзы-Умар институты фæстæ куыста дзæвгар бæрнон бынæтты. Фыццаг бацыд Хуссар Ирыстоны «Союзпечать»-мæ. Уыд газет «Советон Ирыстон»-ы литературон кусæг. Стæй рахызт Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады литконсультанты бынатмæ. Акуыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæгæй. Уыд фысджыты аив литературон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Фидиуæджы» литературон критикæ æмæ публицистикæйы хайады гæс, стæй æвзæрст æрцыд журналы сæй-раг редакторæй æмæ дзы фæкуыста дзæвгар рæстæджы.

Уыцы иурæстæджы – Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты, фæстæдæр университеты лекцитæ каст нырыккон ирон литературæйы историйæ. Уырдыгæй та аивта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон литературон сфæлдыстады ка-федрæмæ. Акуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады сæргълæууæгæй дæр. Фæлæ, куыд акæнынц, низ йæ бон калы. Ноджы Хадзы-Умар хъысмæтыл нæ фыдбоны сыхæгтимæ не ссæдзазон туг æмæ      рондзкалæн хæст йе ‘гъатыр сау фæд æнæ ныууадзгæ нæ фæцис.

Стыр уырыссаг фыссæг Юрий Бондарев уыцы тугкалæн дуджы загъта: «…пристрастное внимание американцев к России от века не было бескорыстным. Небескорыстно, мягко выражаясь, было и есть отношение англосаксов к другим народам. Поэтому меня давно удивляла, очень серьезно озадачивала совсем непростая фраза американского президента Джефферсона: «Когда я вспоминаю, что Бог справедлив, я содрогаюсь от страха за свою родину». Неужели он думал о миллионах индейцев. Эту фразу третьего президента Америки высмеял позднее его соотечественник агрессивного склада: «Тот, кто встанет поперек нашей воле, будет раздроблен, как стекло каблуком». Что ж, слова будто приснившиеся в дурном бреду, но Россия, великая Россия, с ее мощью никак уж не оконное стекло на Кавказе и никто не способен раздробить ее даже стальным топором, а Южная Осетия часть нашего общего дома.

Наша победа – это братская наша святыня».

Стыр лæджы ныхас фарн у. Фæлæ, уæддæр æмæ уæддæр, алы æвзæр хъуыддаг дæр йæ сау фæд ныууадзы адæймаджы зæрдæйы, йæ царды, йæ хъысмæты. Нæ ахызт Хадзы-Умар иувæрсты дæр. Ирыстоны ныхмæ нæ фыдбоны сыхæгты къухæй конд æнаккагдзинæдтæй цыдæриддæр цæстæй уыдта, хъусæй хъуыста, иууылдæр сæ фæд уагътой поэты æнкъараг зæрдæйы æмæ йын бонгай цыбыр кодтой йæ нымад бонтæ: “Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ, – нæмыгæхст, арты арыд, гæмттæ, – цыма мæ зæрдæйы хъæдгæмттæ…”

Æгæрыстæмæй, парти, хæст æмæ куысты ветерантæ дæр кодтой фæдисы хъæр: чи нæ фервæзын кæндзæнис, зæгъгæ! Фæлæ халон халоны цæст нæ къахы. Уæлейæ ардыд уыдысты. Афтæ сын æнцондæр уыдис дурвидар Советон Цæдис ныппырх æмæ скуынæг кæнын. Æмæ та нæ бирæ зæрдæзæгъгæ фысджытау, Хадзы-Умарæй дæр бавдæлон стæм.

Фæлæ Хадзы-Умар кæмфæнды ма уыдаид, цыфæнды куысты сæр ма лæууыдаид, алы ран дæр сæйраджы сæйраг уыдис поэт æмæ архайдта, цæмæй йын йæ номыл – поэты стыр æмæ сыгъдæг номыл къæм абадын макуы мацæмæй бауагътаид, кæд-иу ын уый алы хатт æнцон нæ уыдис æмæ-иу æй тох кæныны сæр бахъуыд, уæддæр. Секъайы цард æмæ сфæлдыстадыл ныхас кæнгæйæ, фæндвидарæй уымæн дзырдта: «Фыссæг цас стырдæр вæййы, уыйас йæ цард æмæ йе сфæлдыстадон хъысмæт дæр вæййынц вазыгджындæр, хæдбындурдæр, зындæр».

Хадзы-Умарæн 1964-æм азы рухс федта, æвзонг поэтыл стыр ныфс чи бафтыдта, йæ цардвæндаг ын бæлвырдæй чи равдыста, йæ уыцы фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Фæдисон». Уым Æлборы фырт разынд, кæй уыдзæнис ирон æмæ дунейон литературæйы классиктæй бирæты сфæлдыстадон традицитæ дарддæргæнæг æмæ уыцы иурæстæ-джы йæхихуызон поэт. Ома, традицитæ комкоммæ, искæй уацмыстæй йæхи сфæлдыстадмæ хæссыны охыл, мыййаг, нæ иста, фæлæ уæд нæ ирон поэзийы тынг стыхджын фæлгонцон уынынад. Цæрукъаты Алык-сандр, Гафез, Джусойты Нафи, стæй – Бестауты Гиуæрги, Дзаболаты Хазби, Козаты Исидор, Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ нæ иннæ фысджытæй барджынæй рахызт ирон поэзийы «æхсайазонтæм». Уыдон састой, къорд азты нæм чи ныффидар, поэты уыцы æргъæфст фæлгонцы фæлгæттæ. Архайдтой сæхи фæтк æмæ æгъдау æвæрыныл, кæд ын афтæ зæгъæн ис, уæд. «Æмæ дзы Хадзы-Умары фæцис йæ «хай», – зæгъы Нафи. Уыцы æнæфæцудгæ зæрдæйы уаг сæм ирон литературæйы æвзæрын кодта ног фæндæг-тæ æмæ хъуыдытæ. Æмæ, æхсайæм азты кæй æрбацыд нæ литературæмæ, уый тыххæй йын йæ аивтæй æнæхайæ нæ баззад поэт Æлборты Хадзы-Умар.

Цардмæ каст йæхирдыгонау – ирон поэт æмæ ирон адæймаджы цæстæнгасæй æмæ йæ æвдыста, куыд æй ныв кодта йæ хъуыдыйы, афтæмæй. Æмæ раст, уыцы ирон уд кæм тæлфы, сæхи ад чи хæссынц, адæймаджы зæрдæ уыцы уацмыстæ тынгдæр агайынц. Уымæн æмæ уыдон сты поэтæн йæ зæрдæйы, стæй, дзырд дæр ыл нæй, йе сфæлдыстады сæйраг хуызтæ. Уымæн сын тæрсы, уымæн æй æфтауынц сагъæсы – цы уыдзæнис, куы фесафид йæ зæрдæйы хуызтæ, уæд? Æмæ йæ сагъæс хизы чиныгкæсæгмæ дæр: «Цин куынæуал æн-къарин цинæн, / маст – мастæн, / æфхæрды раз куы къул кæнин мæ сæр, / æгадыл – худинаджы гаккæн / куы нæ хæссин мæ тæрхон, / æмгары рис куы нал æндавид мæн, / ызна-джы цæст куы нал къахин мæ фатæй, / бæсты сагъæс, ныййарæджы кæуынау, / куы нал хъусин…». Æмæ стæй кæронæй йæ сæйраг фарст: «Цы уаин, / мæ зæрдæ / куы нал æв-дисид йæ хуызтæ?» («Цымæ цы уаин…»).

Уыцы хуызтæй йын иу, чи зоны, сæ ахсджиагдæр, у мадæлон æвзаджы стыр уарзт. Абайты Васо афтæ кæмæй загъта: «Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын, уæд», – уыцы æвзаджы æгæрон, абарæн кæимæ ницæмæн ис, уыцы уарзт. Нæ куырыхон лæджы зæрдæ йыл рисгæ та уымæн кодта, æмæ йæ куыд æвзæрдæрæй нæ сæрмæ кæй нал хæссæм, æцæгæлон цæстæй йæм кæй кæсæм.

Фæлæ поэтæн, æцæг поэтæн, йæ Фыдыбæстæ æмæ йæ адæмы цæрайæ чи цæры, ахæм фыссæгæн мадæлон æвзаг алы хатт дæр мады ад фæкæны. Уый æнæнхъæлæджы нæу. Абайты Васо афтæ загъта: «Ирмæ ивгъуыд заманты фыссынад нæ уыд, историон хроникæтæ нæ арæзтой. Фæлæ сын æппæт бартæ дæр ис сæхицæй афтæ зæгъынæн: не ‘взаг æмæ нæ эпос сты нæ истори». Мад та æрмæстдæр иу вæййы. Мадæлон æвзаг афтæ зынаргъ уымæн уыд Хадзы-Умарæн дæр. Кæмфæнды ма уыдаид, йæ мадæлон æвзагыл æм цыд дзурын,      хъуыддæгтæ аразын. Уымæн зæгъы («Æцæгæлон бæсты»): «Æцæгæлон бæсты, / æцæгæлон адæмы ‘хсæн / кæимæ ысдзурон / мæ мадæлон æвзагыл?/ Æваст / ныззарыдтæн иронау». Æлборы фырт æнæ йæ мадæлон æвзаг кæй нæ фæрæзта, йæ сæнтты дæр уыимæ кæй уыдис, уый ам ирдæй зыны. Æгæрыстæмæй йын зын у, нæ зарæг дæр, хъарæгау, кæй зæлы, уый: «… æрцыди фыд – зынуромæн, уæд та Ир амадта йæ хæсгæмæрдтыл зарæг, æмæ зарæг, хъарæгау, куыдта» («Ирон зарæг»).

Уыцы хъуыды ирон поэзийы фæкæны схемæйон: «Ме ‘взаг – / ирон лæджы хъарæг. / Ме ‘взаг – / ирон лæджы зарæг» (Хадзы-Мурат);  «Дæ зарæг дæр уыд хъарæгау, Ирыстон, – / цæмæн дæм афтæ феххæлыд Хуыцау?» (Камал). Стæй ахæм цæвиттонтæ бирæ ис æрхæссæн. Мæхæдæг дæр ын хуыздæр абарст не ссардтон: «Кæнынц нæ фыдæлты уæзгуытæ рохуат – Ирон зарæг дзыназы æви хъарæг?» («Дзыназы, хъарæгау, нæ зарæг»). Уый фæзмын нæу, фæлæ æвдисы царды рæстдзинад. Ис ын фидар бындур: «Зарæг æмæ хъарæг кæрæдзи ивтой. Нæ, ивгæ нæ, æнгом быдæй, дыууæ фидар къухау, иу карды фистоныл хæцыдысты, – фæлтæргай-фæлтæргай кæрæдзи ивтой, зæрдæйы мидæг иу аджы фыцæгау кодтой æмæ сæ гуырди хъайтарон зарæг. Æмæ кæд хъарæг, иронвæндаг фыццаджы-фыццаг сылгоймæгты – ныййарæг мад æмæ саударæг хоты репертуар уыд, уæд зарæг та – хъайтарон зарæг – нæлгоймæгты, тохвæллад лæгдзинады хъæлæс уыд», – зæгъы Нафи æмæ йæ дзырды рæстдзинады сæрты нæй литературæиртасæгæн ахизæн.

Ахæм зæрдæимæ адæймаг ног æмæ ногæй куыннæ хъуамæ здæха йæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл сагъæс кæнынмæ. Уымæн ын у зын, хæлофæй кæй фæфыссæм, уыдон кæй нæ фæбæззынц; «йæ ныййарæг хъæу иунæг хъарм дзырд кæй номыл нæ зоны, уый дæр» æгас комбæсты номæй былалгъæй, æнæзæрдæмæдзæугæ ныхас кæй фæкæны, дзырдты обæуттæй æнæхъуаджы бæстæ кæй йедзаг кæнынц, уыцы       хъуыддаг («Цас цыдæртæ хæлæфæй фыссæм…»). Уый, адæймаг йæхицæй дæр, йе ‘взагæй дæр куынæ æфсæрм кæна, уый нысан у. Ахæмтæй загъта Тыбылты Алыксандр: «…нæ цæсты нæ уыдис æрдуйы бæрц дæр нæ фыдæлты æвзаг, ирон æвзаг».

Æмæ Æлборы фырты дидактикон æм-дзæвгæ мадæлон æвзаджы тыххæй уымæн æмбæлы адæймаджы зæрдæйы нуæрттыл, кæд æнæуый адæймаг комкоммæ зонд-амындтытæй фæлмæцгæ фæкæны, зæрдæ сæ уайтагъд ацъæх вæййы, уæддæр. Уый дзурæг у поэты æнтыстыл («Мадæлон æвзаг»):

Дæ мады æвзагыл

кæд дзурыс, кæд зарыс –

дæ фыдгул ызнагæн

йæ сау зæрдæ марыс.

Кæд рохæй ыскуыдта

дæ мады æвзаг –

йæ къах дыл æркъуырдта

дæ фыдгул ызнаг.

Уыцы хъуыды æрмæст нæ поэзийы, стæй нывæфтыд литературæйы риссаг фарст нæу, фæлæ рæбинаг ссис не ‘взагзонады, нæ публицистикæ æмæ суанг ирон политикæйы дæр. Васо уымæн катай кодта: «Ирон интеллигенцийы иу хай былысчъилæй кæсын райдыдта йæ мадæлон æвзагмæ, æмæ бирæтæ суанг сæ бинонты ‘хсæн дæр нал дзурынц сæхи ‘взагыл. Уый адæймаджы æфтауы катайыл». Æнцой нæ лæвæрдта Хадзы-Умарæн дæр. Æмæ знаджы тыххæй кæй загъта, уый царды фидар фæтк у. Цæмæй ныл не знаг йæ къах ма ‘ркъуыра, поэты уый тыххæй бахъуыд дидактикæйы сæр. Æмæ раст бакодта. Стæй мадæлон æвзагыл зарын, ома йæ бæрзонд æвæрын уый тыххæй ссис йæ зæрдæйы хуызтæй иу. Уымæй дæр, рæбинаг, чи йæ æрттивын кæны, уыцы хуызтæй. Æмæ нæ абоны фæлдзæуæн дуджы уымæн стыр нысаниуæг ис. Гафез нæ фыдæл скифæй уымæн буц уыд: «Ды нын ныууагътай царды сæр – æвзаг, Æмæ æхсар – лæджы рæсугъддæр фидыц» («Скифмæ»). Адæймаг йæ фарнæй у. Æмæ, цымæ, æцæгдæр, цы уа-ид адæймаг, йæ зæрдæйæн куынæ уаид йæхи хуызтæ, «бæсты сагъæс, ныййарæджы кæуынау, куы нал» хъусид? 

Хадзы-Умарæн йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ йæ зæрдæйы хуызтæй иу æнæмæнгæй уыдис йæ Фыдыбæстæ, æгæрон уарзтæй кæй уарзта, йæ зæрдæ йæ цины дæр, йæ тыхсты дæр кæуыл никуы сивта, уыцы Фыдыбæстæ – нæ раттæг, нæ уромæг Ирыстон!

Аивады кусæг йæ раттæг зæххы фæндæгтæ йе ‘нкъараг, риссаг зæрдæйыл куы уадза, уæд уый хорз схонын цъус у. Ирыстоны уыцы хъæбултæй иу уыд Хадзы-Умар.

Æлборы фырт æппынæдзух уыд Ирыстоны фæдисон æмæ æппынæдзух архайдта, цæмæй йæ хъуыды стъæлфын кодтаид ирон зæрдæ, цæмæй ирон адæймаджы зонд нæ фыдæлты историйы фæрцы лæууыдаид раст фæндагыл. 

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.