90 азы сæххæст уыдаид, ирон сылгоймаджы намыс, æгъдау æмæ фарн бæрзонд чи хаста, мадæлон æвзаг фидар тæгтæй йæ зæрдæимæ кæмæн баст уыд æмæ йæ кæстæр фæлтæрæн зæрдæбынæй чи баста, уыцы номы сылгоймаг, профессор Медойты Боболкæ Георгийы чызгыл.

«Адæймаджы ном, адæймаджы намыс хъуамæ саджы цæстау уа сыгъдæг, уалдзæгау – рæсугъд æмæ рæстдзинадау – тыхджын». Йæ рæстæджы ацы дзырдтæ – дзæнæттаг, зындгонд ирон поэт Дзугаты Георги, раст, цыма, Медойты Боболкæйы тыххæй загъта, афтæ хорз абадтысты йæ цардвæн-дагыл.

Боболкæ райгуырд æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Уелиты хъæуы. Амондджын биноты ‘хсæн хъомыл кодта Боболкæ. Йæ мад Машо æмæ йæ фыд Гогийæн Хуыцау хорз зæнæг балæвар кодта. Баисты фондз чызджы æмæ иу лæппуйы хицау. Советон хицауад куы фæуæлахиз Хуссар Ирыстоны, уæд æнгом бинонты цинæн кæрон нал уыд. Уелиты хъæуы байгом скъола. Скъола та, сæйраджыдæр, хъæубæстæ сарæзтой сæхи тыхтæй. Бирæ тых æмæ хъару бахардз кодта Гоги ацы скъола саразыныл. Уый хорз æмбæрста, ахуырдзинадæн стыр нысаниуæг ис, уый. Æмæ сæххæст Гоги æмæ Машойы бæллиц: ныр, зæгъгæ, нæ сабитæ æнæ ахуырæй нал баззайдзысты. Æмæ уыдон дæр, куыд хистæрæй, астæуккаг ахуыр ахицæн кодтой тынг хорзæй. Гоги æмæ Машо сæ хъæбулты цинæй радысты. Сæхицæй амондджындæр никæйуал æнхъæлдтой, фæлæ хатт фыдбылыз æнæнхъæлæджы къæхты бынæй сгæпп кæнын дæр зоны. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Гогийы иунæг бындары, фондз хойы иунæг æфсымæры акодтой хæстмæ æмæ ссыд йæ сау гæххæтт. Фæлæ куыд фæзæгъынц, цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Бинонтæ дарддæр сæ царды кой кодтой. Хистæр хотæ райстой уæлдæр ахуырад, алчи дæр сæ йæ амонд ссардта. Хистæр чызг Надя бирæ азты фæкуыста адæмон ахуырады хистæрæй, педтехникумы директорæй. Фæстагмæ та – Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты практикæйы хистæрæй. Еленæ бирæ азты фæкуыста областон библиотекæйы хистæр методистæй. Си-ранæ хæсты рæстæджы куыста Уелиты скъолайы директорæй æмæ Клавæ та фæкуыста 5-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Боболкæ уыд бинонты кæстæр æмæ баззад йæ ныййарджытимæ. Ахуыр кодта сæхи хъæуы скъолайы. Æвдæм къласмæ куы бахызт, уæд сын ног ахуыры аз се скъола сгуырдзиаг кодтой. Сæ ахуыргæнджыты сын фæсырдтой æмæ сæм Тбилисæй æрбакодтой гуырдзиаг ахуыргæнджыты. Ирон скъоладзаутæ гуырдзиагау нæ зыдтой, гуырдзиаг ахуыргæнджытæ – ирон, æмæ афтæмæй тухийæ мардысты. Тынг бирæ æвзыгъд фæсивæд ныууагътой сæ ахуыр уыцы дуджы. Нæ фæтарст зындзинæдтæй Боболкæ. Йæ разы хæс æрæвæрдта ахуыруарзаг æвзонг чызг æмæ хъысмæты фыддæрадæн хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Зиулеты астæуккаг скъола гуырдзиаг æвзагыл. Уыцы рæстæджы фæрынчын йæ ныййарæг мад æмæ, цыма йæ хæстæджытæ æмдзырд бакодтой, уыйау æргомæй загътой Боболкæйы фыдæн, цæмæй Боболкæйы мауал ауадзой сæ цурæй. Æнæмæнг дын, зæгъгæ, иууылдæр ахуыртæ рауайой, фæлæ фыд баузæлыд чызгыл: «Ма тæрс, мæ чызг, ныр кæстæр дæ, уый тыххæй дæ æнæ ахуырæй нæ ныууадздзынæн». Æмæ уæд æвзонг чызджы зæрдæ хуры фарсмæ абадт. Горæтмæ бæргæ æрцыд ахуырмæ тырнæг чызг, фæлæ уырыссагау кæй нæ зыдта, уымæ гæсгæ фæлварæнтæ радта физикон-математикон факультетмæ гуырдзиаг хайадмæ. Йæ хистæр хо Надя  уыцы хабар куы фехъуыста, уæд Тбилисы скъолайы директорæй куыста æмæ нал ныууагъта Боболкæйы æмæ йæ акодта Тбилисмæ. Йæхæдæг æй бацæттæ кодта уырыссаг æвзагæй æмæ йын загъта, зæгъгæ, ныр бацу уырыссаг сектормæ. Фæлæ Боболкæ фидарæй аскъуыддзаг кодта, ирон чызг дæн æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ хъуамæ бацæуон. Æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон институтмæ. Бацæ-уæн фæлварæнтæ радта ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Тынг хорз бæрæггæнæнтæ райста. Фæстаг фæлварæн уыд историйæ æмæ йыл йæ цæст æрæвæрдта уæды ректор Джиоты Захар.

1953 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Боболкæ институт. Йæ куыстуарзондзинад æмæ йын йæ зонындзинæдтæ хынцгæйæ йæ ныууагътой ирон кафедрæйы кусгæйæ. Арæх-иу æрымысыд Боболкæ, фыццаг хатт аудиторимæ куы бакъахдзæф кодта, уый. Студенттæй бирæтæ йæхи карæнтæ уыдысты. Тыхст йæхимид, афтæмæй лæууыд сæ разы. Йæ хъустыл ауад кæйдæр сусæг ныхас дæр: «Цæй, æнцад бадæм, тæригъæд у». Уæд фæныфсджын æвзонг чызг æмæ райдыдта лекци кæсын. Афтæ райдыдта йæ фæллойадон фæндаг Медойты Боболкæйæн. Уæдæй фæстæмæ уарзын кодта æмæ цæстуарзонæй амыдта Къостайы рæсугъд æмæ хъомысджын ирон æвзаг нæ фæси-вæдæн. Бирæ сты, абон Боболкæ мадæлон æвзаг кæмæн бауарзын кодта, уыдон. Кусынц Ирыстоны алы къуымты æмæ нæ рæзгæ фæлтæрæн амонынц ирон æвзаг. Уыдоны ‘хсæн сты профессортæ, доценттæ, фысджытæ.

Педагогон куыстимæ Медойты Боболкæ æвæл-лайгæ фæкодта зонадон куыст дæр. 1960 азы бацыд Дзæуджыхъæуы зонад-иртасæн институты аспирантурæмæ. 1969 азы Тбилисы паддзахадон университеты Медойты Боболкæ Георгийы чызг æнтыстджынæй бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци ахæм темæйыл – «Фæрсагми æмæ фæрсагмийы конструкцитæ ирон æвзаджы». Уыцы куыстæн стыр аргъ скодтой ССР Цæдисы зонæдты Академийы уæнг Ахвледиани, филологон зонæдты доктор, профессор Андроникашвили æмæ филологон зонæдты кандидат Тедеты Олгъæ. 1970 азы ССР Цæдисы Уæлдæр аттестацион къамис сфидар кодта Тбилисы паддзахадон университеты зонадон советы уынаффæ æмæ Медойты Боболкæйæн лæвæрд æрцыд филологон зонæдты кандидаты ном. 1973 азы та йын радтой ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доценты ном. 1978 азæй 1985 азмæ Боболкæ Георгийы чызг цæстуарзон куыст фæкодта методикæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. 1985 азæй 1989 азмæ та уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент. 1989 азæй та суанг йæ амæлæты бонмæ лæууыд уыцы кафедрæйы сæргълæууæгæй.

Медойты Боболкæйы 31 зонадон-методикон куысты стыр ахъаз сты, ирон æвзаджы æнæсгæрст къабæзтæ рафæлгъауын кæй бафæнда, уыдонæн.

Академик Ахвледианийы иумæйаг редакцигондæй Цæгат Ирыстоны рацыд зонадон тематикæ дыууæ томæй. Чиныджы автортæ уыдысты Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты кусджытæ. Æмæ уыцы чиныджы иу хай ныффыста Медойты Боболкæ. Уæзгæ хуынтæ рахаста йе студентты размæ дæр.  Стыр ахъаз сын сты йæ чингуытæ: «Ирон æвзаджы лексикæ» æмæ фразеологи», «Ирон æвзаджы фонетикæ, графикæ, орфографи æмæ орфоэпи», «Нырыккон ирон æвзаг». Уый ма рухсмæ рахаста ирон æвзаджы морфологи æмæ æндæр чингуытæ дæр æмæ уымæй бирæ фæхуыздæр студентты ахуыры хъуыддаг.

Медойты Боболкæйы цардвæндагыл дæ цæст ахæсгæйæ, æнæмæнг ахъуыды кæндзынæ – уый уыд æвæллайгæ зиууон. 60 азы фæкодта педагогон-зонадон куыст. Гъе, уый тыххæй ссис бирæ хорзæхты аккаг дæр.

Медойты Боболкæйы зонадон-педагогон куыстыл дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæй, фылдæр базонынмæ цы фæсивæд тырны, уыдонæн баххуыс кæнын йæ сæйрагдæр хæсыл кæй нымадта. Ахæм æвæллайгæ хъаруйы хицау кæй уыд, университеты разамонджытæ дæр ын аккаг аргъ уымæн кодтой. 1995 азы Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон Уæлдæр ахуырады комитет сфидар кодта Хуссар Ирыстоны университеты Советы Уынаффæ æмæ йын лæвæрд æрцыд профессоры ном.

Медойты Боболкæйы архайдæй мах не ‘ппæт дæр сæрыстыр стæм, уымæн æмæ йæ цард æгасæй дæр снывонд кодта ирон æвзагæн, ирон адæмæн. Аразæн цæмæн уыд йæ педагогон архайды, уыдонæй йын æнæарæзт ницы баззадис æмæ йын йе стыр куыстæн хицауад аккаг аргъ дæр уымæн скодта. Лæвæрд ын æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл преми.

Боболкæ Георгийы чызг кæддæриддæр дисы æппæрста йе ‘мкусджыты йæ рæсугъд адæймагон миниуджытæй. «Йемæ уыд æнцон кусæн, уый уæлдай хатт никæй кой ракодтаид, æрмæстдæр кодта йæ куыст. Уымæн университет уыдис йæ дыккаг хæдзар», – æрымысыдысты йе ‘мкусджытæ.

Райгонд уыдис Боболкæ йæ рацæргæ азтæй, уымæн æмæ йын уыдон уыдысты æрттивгæ сæууон стъалыйау, уыдис ын, йæхи цæмæй бабуц кодтаид, ахæм цардвæндаг. Уымæ ма уыд ахæм хорз миниуæг дæр: зæрдæйæ цин кодта, йæ къухтæй цы рауагъдонтæ цыдысты, уыдоныл, æмткæй ирон фæсивæды æнтыстытыл. Сæ хъыгты, сæ къуыхцыты та сын иста йæ зæрдæмæ æввахс. Йæ бон цас уыд, уыйас æххуыс кодта йе студенттæн æмæ йæ уыдон дæр хуыдтой сæ хæлар, сæ уарзон ахуыргæнæг. Амонд-джын уыдис Боболкæ йæхи сæрмагонд царды дæр. Йæ зæрдæ рухс кодта йæ цард, йæ хъæбултæй, фæлæ ирон æмбисонд куыд зæгъы: «Цард рæвдауын куыд зоны, æфхæрын дæр – афтæ». 1989 азы Хуссар Ирыстоныл туджы зæйтæ цæуын куы райдыдтой, Присы къуылдым арты æмгуылф куы кодта, уæд, уыдæттæ уынгæйæ, нал бабыхста, Ирыстоныл æрхъæцмæ чи нæ лæууыд, йе сфæлдыстадон суадон Ирыстон кæмæн уыд, уыцы æнкъараг, уарзæгой зæрдæ – Боболкæйы æмкъай Мелитонæн æмæ ахицæн ис а-дунейæ. Бавзæрста хъæбулы маст дæр. Фæлæ уыцы дуджы дæр нæ фæтасыд рыстзæрдæ сылгоймаг, ноджы арфдæр батылдта йæ дыстæ æмæ аныгъуылд куысты.

Абон кæд не ‘хсæн нал ис ацы номы сылгоймаг, уæддæр æй сæ зæрдыл дарынц, æмæ йын йæ рухс ном никуы ферох кæндзысты, чи йæ зыдта æмæ цы мингай студентты хъомыл кодта, уыдон.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.