Хуссар Ирыстоны суанг нæуæдзæм азты райдайæнæй 2008 азмæ нæ хæдбардзинады сæраппонд цы бирæ фыдбылызтæ æрцыд, уым сæ тугæй стыр хæс бафыстой нæ мыггаг дæр. Уыдонимæ — æнæхъæн бинонтæй дæр.

Дæ ахсджиаг амæла, знаг, кæд æнæаххос адæймагмæ та хæцæнгарз куыд райсыс. Уый куы зыдтаид Цъоны хъæуккаг Джусойты Раман, уæд йе знæгты дзыхмæ цæмæ цыд цæрынмæ Дзарцъемы хъæумæ. Уæдæ дзы бирæ азты скъолайы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, цалы барæвдыдта йæ зæрдæйы хъармæй, цал æрыгон уды сарæзта ахуыры фæндагыл. Стыр аргъ ын кодтой хъæубæстæ дæр, сæ рухстауæг æй хуыдтой. Йæ бинойнаг Тъехоны чъиритæ æмæ бæгæныйæ чи нæ саходыдта, ахæм нал баззадис.

Амондджын хуыдта йæхи Раман. Уарзон куыст, хорз бинонтæ. Йе ’ртæ сывæллоны бахъомыл сты æмæ сæ ахуыры фæндагыл сарæзта. Фæлæ сызмæст бæстæ. Раздæры адджын сыхæгтæ кæрæдзимæ хæцæнгарз райстой. Дзарцъемы хъæуы иунæг ирон дæр нал аззад. Фæлæ Раман никуыдæм алыгъд. Нæ йæ æмбæрста, цы цæуы, уый. Нæ йæ уырныдта, йæ уарзон хъæубæстæ йын исты фыдбылыз сараздзысты. Ау, кæмæн цы кодта? Йæ цæрæнбоны мæлдзыгыл дæр никуы ныллæууыд. Иуныхасæй, Раман йæ хъæубæстыл баууæндыд.

Уыцы рæстæджы Раманы кæстæр фырт Уырызмæг службæ кодта æфсады. Æрыздæхт 1990 азы декабры æмæ уæдмæ уавæр скарз. Уайтагъд Ирыстоны хъахъхъæнджыты æмрæнхъ слæууыд. Гуырдзиаг — ирон ахастдзинæдтæ карзæй — карздæр куы кодтой, уæд уал йæ хо æмæ æфсымæры ракодта. Цалдæр хатты арвыста йæ мад æмæ фыдмæ дæр, фæлæ уыдон нæ рацыдысты. Уæд мартъийы бонтæй иуы суад Дзарцъеммæ æмæ йæ ныййарджыты куыддæртæй сразы кодта рацæуыныл. Райдыдтой сæхи рæвдз кæнын, хъæугæ дзаумæттæ æмбырд кæнын, цæмæй райсом рацæуой. Тъехон-Шурæ колхозы сæйраг бухгалтерæй куыста æмæ хыгъды гæххæттытæ хæдзармæ рахаста. Йæ зæрды уыд, кæнинаг ма йын дзы цы баззад, уыдон бабæстон кæна æмæ сæм йæ зæрдæ мауал æхсайа, цалынмæ здæха, уæдмæ.

Уыцы рæстæджы Рамантæм æрбауад сæ гуырдзиаг сыхаг æмæ бинонты сæхи рæвдз кæнгæ куы федта, уæд бирæ нал афæстиат. Чысыл фæстæдæр æнæхъæн хъæубæстæ базыдтой, Раманы бинонтæ цæугæ кæй кæнынц, уый æмæ уайтагъд сæ сау фæндтæ нывæндынмæ бавнæлдтой.

Рацыдаид сахаты бæрц, афтæ Шурæмæ сæ экономист æрбарвыста, хыгъды гæххæттытæ ма рахæсс, зæгъгæ. Шурæмæ диссаг фæкаст, фыццаг хатт сæ, мыййаг, нæ рахаста хæдзармæ. Куыддæр ахызт, афтæ гуырдзиаг фыдгæнджытæ хæдзарыл æрхъула кодтой, дуæрттæ æттæрдыгæй ахгæдтой æмæ хæдзарыл арт бафтыдтой.

Раманы исдуг нæ бауырныдта, зæгъгæ, кæд хæдзар йæхи ’гъдауæй ссыгъд æмæ дуæрттæм сæхи баппæрстой, фæлæ æхгæд куы разындысты, уæд рудзгуыты ’рдæм фесты. Рудзгуытæй — иу куыддæр разындысты, афтæ-иу сæ фыдгæнджытæ æхсын райдытой. Æппынфæстаг, Раман бирæ лæггад цы хъæубæстæн фæкодта, уыдоны, стæй йæ уарзон ахуыргæнинæгты нæмгуыты æмæ зынджы фыдæхæй сæ хъарутæ фесты фыд æмæ фыртæн æмæ æрхаудтой судзгæ хæдзары. Цæмæ ма æрдардтаид уарзæгой фыд йæхи дудгæбон, кæд æмæ йе ссæдзаздзыд цардбæллон хъæбул йæ разы цæрдудæй сыгъд, уæд. Цал хатты ма схаудаид йæ утæхсæн, ды уæддæр ма амæл, хъæбул, зæгъгæ.

Уыцы рæстæджы фæстæмæ æрбаздæхт Шурæ æмæ йæ хæдзар судзгæ куы ауыдта, уæд йæхимæ фæлæбурдта, йæхи æппæрста мидæмæ, фæлæ йыл сыхæгтæ ныххæцыдысты, дæ бинонтæй уым ничи ис, амынæты сæ акодтой, хæдзар та æнæзонгæ фыдгæнджытæ ссыгътой, зæгъгæ. Тъехоны йæ уарзон сыхæгты ныхæстæ куыднæ хъуамæ бауырныдтаиккой æмæ кæд йæ зæрдæ мæстæй тъæппытæ хаудта йæ цæрæнбонты фæллойыл, уæддæр ма хуыцаумæ куывта, йæ бинонтæй судзгæ хæдзары кæй ничи баззад, ууыл.

Уыцы бон ма Шурæ бирæ фæрафæрс — бафæрс кодта сыхæгты, хъæубæсты, йæ цардæмбал æмæ йын йæ хъæбулы чердæм акодтой, уымæй, фæлæ цыма æмдзырд бакодтой, уыйау ын алчидæр дзырдта, ницы зонын, зæгъгæ. Кæдæм ма фæцыдаид æнамонд сылгоймаг. Ис хæдзар æмæ фæллойæ афтидæй аззад æмæ уал æхсæвы йæ гуырдзиаг сыхæгтæй кæмæдæр баззад. Æмбисæхсæв Шурæйы фысымтæм иу гуырдзиаг лæг йæхи æмбæхсгæ бацыд æмæ сын бамбарын кодта, сылгоймаджы марынмæ кæй хъавынц æмæ йын ам баззайæн кæй нæ ис. Уыцы афон сылгоймаджы фæсфæд рæтты æркодта горæтгæронмæ æмæ аздæхт. Йæ бинонты тыххæй зæгъын ын йæ зæрдæ нæ бакуымдта.

Уæдæй рацыд цалдæр мæйы. Шурæ йæ чызг æмæ йæ лæппуимæ цард, Цхинвалы сын цы чысыл къуым уыд, уым. Фæлæ сын сæ цард ад нæ кодта, Раман æмæ Уырызмæгæй бæрæг кæй нæ зыдтой, уый тыххæй. Амынæтæй -иу чи ссæрибар, уыдоны фарстой, махуæтты никуыцæй æруыдтат, зæгъгæ.

Уæд иу æхсæв Джусойты къæсæрыл æрбалæууыд сæ хъæуккаг гуырдзиаг лæг æмæ сæ бафæдзæхста, цæмæй йæ ма схъæр кæной, стæй сын радзырдта фыд æмæ фырты сæфты хабар. Арвы цæфау фесты бинонтæ, Шурæ йæхиуыл царм, буар нал ныууагъта.

Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы бон гуырдзиаг фыдгæнджытæ куы базыдтой, Раманы бинонтæ дæр лидзгæ кæнынц, уый, уæд сæ сау фæндтæ æххæст кæнынмæ æрæвнæлдтой, удæгасæй сæ цæмæн ауадзæм, зæгъгæ. Хабар зыдтой æнæхъæн хъæубæстæ, фæлæ сæ зæгъын ничи ницы суæндыд. Зыдта йæ колхозы экономист дæр, фæлæ æрмæстдæр батыхст хыгъды гæххæттытыл æмæ сæ уайтагъд æрбахæссын кодта. Шурæ хыгъды гæххæттытæ куы ахаста, уæд æй фыдгæнджытæ нæ базыдтой, мидæгæй йæ æнхъæлдтой æмæ хæдзарыл арт бафтыдтой. Куы йæ базыдтой, ус удæгасæй баззад, уæд сæ тас бацыд сæ сау фæндтæ куы раргом уой, уымæй. Æмæ сфæнд кодтой сæ иунæг ирон æвдисæны дæр мæрдтæм барвитын. Фæлæ уый аирвæзт. Уæд сæ фыдгæнды фæдтæ бамбæрзыны тыххæй ма фыд æмæ фыртæй цы баззад, уыдон хæцъилты стыхтой æмæ сæ сусæгæй уæлмæрды хибар ран баныгæдтой.

Иугæр хабар куы рахъæр, уæд адæм базмæлыдысты. Раманы иннæ фырт Инал Уæрæсейы æфсæддонтæй цалдæримæ ацыдысты Дзарцъеммæ æмæ сын кæйдæр æххуысæй ссардтой сæ ингæнтæ. Раластой сæ уырдыгæй æмæ сæ стыр кадимæ баныгæдтой Цхинвалы.

Раман æмæ Уырызмæджы хуызæттæ сæ тугæй балхæдтой, абон тынг кæуыл цин кæнæм, уыцы хæдбардзинад. Гуырдзиаг — ирон хæстон цауты рæстæг йæ зынг кæмæн ахуыссыд, уыдонæй алчидæр стыр бавæрæн бахаста уæлахизмæ. Фæлæ йæ, хъыгагæн, тынг бирæтæ нал федтой. Сæ ном рох никуы уыдзæн.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.