Фæдзурынц, зæгъгæ, сыхагæй дæр дæ амонд хъуамæ уа. Раст у, хорз сыхагæй хуыздæр цы ис, фæлæ ирон адæмы амонд нæ фæци хорз сыхæгтæй куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр. Ирон адæмы цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ гуырдзы æмæ мæхъæлæн куыддæр фадат фæцис, афтæ та се ‘цæг цæсгом равдыстой Советон Цæдис куы ныппырх æмæ сын сæ рохтыл куы ничиуал хæцыд, уæд. Æмæ балбирæгътау лæбурын райдыдтой ирон адæммæ дыууæ ‘рдыгæй, фæлæ фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæй, сæ цъаммар митæн  кæрон æрцыд æмæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ сæрибар паддзахад. Ныр аст азы нæ сывæллæтты нал рамбæхс-бамбæхс кæнæм знаджы нæмгуытæй ныккæндты алы къуымты стыр Уæрæсейы æмæ нæ сагсур лæппуты ‘руаджы.

Ирон адæмæй 20-æм азтæ куыд никуы ферох уыдзысты, афтæ сæ никуы ферох уыдзысты 1989-2008 азты удхайраджы бонтæ æмæ æхсæвтæ дæр. Ахæм тæссаг бонтæ сын фервитын кодта фашистон Гуырдзыстон. 1989 азы 23-æм ноябры райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд, кæцы ахæссыд 20 азы бæрц. Уыцы бон Гуырдзыстоны ‘рдыгæй сæдæгай автобустыл Хуссар Ирыстоны ‘рдæм рацыдысты мингай гуырдзиаджы Цхинвалы «сабырадон» митинг ауадзынмæ, фæлæ сын сæ сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон цæхæрцæст лæппутæ.

Абоны онг дæр хъуыды кæнын, нæ гуырдзиаг коллегæтæ фырцинæй куыд ратæх-батæх кодтой дыууæрдæм. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны мыхуыр цыд гуырдзиаг газет «Сабчъота Осети». Ирон газеты кусджытæ уæд дæр æмæ абон дæр сты 3-аг уæладзыджы æмæ гуырдзиаг газеты кусджытæ та уыдысты 2-аг уæладзыджы. Гуырдзиаг журналисттæн сæ фæнд уыд, Тамарашенæй уыцы бон митингмæ цы гуырдзиæгтæ хъуамæ рацыдаиккой, уыдонимæ баиу уæвын æмæ уый фæстæ та Гуырдзыстоны ‘рдыгæй чи æрбацыд, уыдоныл сæмбæлын. Уый размæ азты хæларæй кæимæ цардыстæм, нæ уыцы коллегæтæн арт æмæ фæнык нал уыд, афтæ æдзæсгомæй сæхи равдыстой. Уыдонæй кæцыдæртæ, æгæрыстæмæй, сæ ныфс бахастой редакцийы бæстыхайы æртыккаг уæладзыджы рудзынгыл Жорданийы тырыса бакæнын дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах æй куыддæр ауыдтам, афтæ йæ раппæрстам æмæ йæ бырондоны ныппæрстам. Ахæм ныв уыд нæ фарсмæ, типоргафы бæстыхайы дæр. Уым дæр æртыккаг уæладзыгæй радардтой ахæм тырыса, куыстуаты гуырдзиаг  кусджытæ сæ риутыл бакодтой уыцы тырысаимæ риуылдарæн нысæнттæ – «значоктæ», сæ кусæн хатæнты сæ рæзты æрæвæрдтой ахæм чысыл тырысатæ æмæ сæ сæртыл бæрзонд схæцыдысты, афтæмæй кæрæдзиимæ ныхас кодтой. Уыцы тырыса куыддæр типорафы кусæг сылгоймæгтæй сæ иу ауыдта, афтæ йæ раппæрста, ныскъуыдтæ йæ кодта æмæ йæ къахæвæрæны бырондоны ныппæрста, сæ рæзтæй сын аппæрста сæ чысыл тырысатæ дæр. Фæлæ уыдон уæддæр кæм састысты, æцæг фæстæмæ тырысатæ сæвæрын нал бауæндыдысты. Уыцы рæстæджы типографы куыста украинаг сылгоймаг. Бандерайы фæдонæн уыд йæхи хуызæн фашист гуырдзиаг æмкъай, дыууæ дæр уыдысты маргæй йемыдзаг. Ирон æмæ гуырдзиаг кусджытæ кæрæдзийы мидæг куы систы, уæд сæм гуырдзиæгтæ бартхъирæн кодтой, зæгъгæ, фæлæуут, дыууæ къуырийы фæстæ фендзыстут. Фашист Бандерайы фæдон сылгоймаг та рахъæр кодта: «Æз ныридæгæн мæхицæн равзæрстон ирæтты хæдзæрттæй, фидæны кæм цæрдзынæн, уый!»

Мах, редакцийы кусджытæ раздæр хæларæй кæимæ цардыстæм, уыцы коллегæтæ нæм райдыдтой марг цæстæй кæсын. Цалдæримæ дзы мæхæдæг дæр фæбыцæу дæн æмæ мæм дзы иу сылгоймаг 3-аг уæладзыгмæ лæбургæ дæр скодта, фæлæ мæ цуры фæци мæ раздæры æмкусæг Уырыгаты Эльзæ æмæ йæ расырдтам. Гуырдзиаг редакцийæ иу æвзонг сылгоймагимæ уæлдай хæлардæр уыдтæн, йæ мад ирон уыд æмæ-иу мæ йæ хæдзармæ дæр ахуыдта. Фæстæдæр баци Тедеты чындз, æцæг йе ‘фсин гуырдзиаг уыд. Фæлæ куыдфæстагмæ уыимæ дæр систæм знæгты хуызæн, уымæн æмæ мæм царды адæймаджы миниуджытæй иууыл æвзæрдæр кæсы  гадзрахатдзинад. Æмæ дыл гадзрахатæй, æнхъæл кæмæй нæ уай, уыдон куы рацæуой, уæд зæрдæйæн уæлдай зындæр вæййы æмæ адæймагæй цæрæнбонтæм дæр нал ферох вæййы. Афтæ уыд мæ хæлар гуырдзиаг сылгоймагимæ нæ хъуыддаг дæр. Куыдфæстагмæ кæрæдзийæн салам дæр нал лæвæрдтам æмæ афтæмæй баззадыстæм цæрæнбонтæм. Абон кæм цæры, уымæн зонгæ дæр ницыуал кæнын æмæ мæ нæдæр фæнды йæ базонын.

Никуы мæ ферох уыдзæн иу хабар. Цæвиттон, 1989 азы сæрды автобусыл цыдтæн Дзæуджыхъæуй Цхинвалмæ. Автобус йемыдзаг уыд адæмæй. Фæндагыл цæугæйæ базыдтон бæлццæтты ‘хсæн кæй ис дыууæ гуырдзиаг æвзонг лæппуйы. Уыдон афтæ хъæрæй ныхас кодтой æмæ-иу сæм иууылдæр бакастысты. Куыддæр тъунелæй Хуссар Ирыстонмæ рахызтыстæм, афтæ сæ иу фæцырд æмæ хъæрæй афтæ бакодта, зæгъгæ, «Сакартвелос территория даицхъар», ома, дам, Гуырдзыстоны территори райдыдта. Уæд  мæхи нал баурæдтон æмæ йын бауайдзæф кодтон, зæгъын, ацы территори æз Хуссар Ирыстоны территорийæ зонын æмæ Гуырдзыстоны кæцæй у. Зæгъын, уартæ Ергнетæй куы ахизай, уæд-иу зæгъ Гуырдзыстоны территори кæй райдыдта, уый тыххæй. Уый мæм æнæуынон цæстæй æрбакаст, фæлæ мæ ныхмæ зæгъын ницы бауæндыд. Уыцы рæстæджы нырма ныхмæлæудтытæ нæ уыд гуырдзигæтæ æмæ ирæтты ‘хсæн, фæлæ уыдонæн сæ фæнд рагæй уыд ирæтты сæ зæххæй фæсурын æмæ сын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ дзы хъуамæ спайда кодтаиккой. Æнæуый Тбилисæй хъуыстысты алыгъуызон сидтытæ ирæтты ныхмæ, куыд зæгъæм, 1988 азы «Литъератъурули Сакартвело»-йы Т.Кванчилашвили йæ уацы фыста, зæгъгæ, æнæгуырдзиаг адæмтæн бирæ сывæл-лæттæ уа, уый бар сын нæй. Сæ иннæ газет «Къомунистъи»-йы та фæзынд профессор З.Чкановы уац «Фæндаг ссардæуыд», зæгъ-гæ, цыран уый фæндон бахаста, цæмæй республикæйæ æрвыст цæуой, æндæр нацийы минæвæрттæй  дыууæ сывæллонæй фылдæр кæмæн уа, уыдон æмæ афтæ дарддæр. Фæстæдæр Гуырдзыстоны лозунг сси «Гуырдзыстон  æрмæстдæр гуырдзиæгтæн».

Чизоны йæ чидæртæ нал хъуыды кæнынц, фæлæ  Советон Цæдисы рæстæджы нæ горæты уыд дыууæ гуырдзиаг скъолайы, сæ иу дзы уыд 2-æм астæуккаг скъолайы ныхмæ æмæ иннæ та – 6-æм астæуккаг скъолайы ныхмæ. Гуырдзиаг æмæ ирон скъолаты лæппутæ арæх хыл кодтой национ бындурыл. Алыхатт дæр-иу хыл фыццаг ракъахтой гуырдзиаг ахуыргæнинæгтæ. Зæгъæн ис афтæ æмæ гуырдзиæгтæ сæ мады гуыбынæй рахæссынц ирæттæм æнæуынон-дзинад. 1989 азы та иу ахæмы фæхыл сты гуырдзиаг скъолайы æмæ 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Уæд гуырдзиæгтæй кæцыдæр йæ дзыппæй систа фашист Гамсахурдияйы ныв æмæ йæ равдыста ирон лæппутæн, зæгъгæ, фæлæуут, тагъд рæстæджы, дам, уын фенын кæндзæн цы дам  уын хъæуы, уый. Уый фæстæ дæр-иу гуырдзиаг ахуырдзаутæй кæцыдæртæ бацыдысты 6-æм скъоламæ æмæ-иу рудзынгæй уынын кодтой Гамсахурдияйы ныв, къухæй-иу амыдтой, зæгъгæ, дам, тагъд рæстæджы фендзыстут. Ацы ми та нысан кæны афтæ æмæ-иу гуырдзиаг скъоладзаутæ сæ хæдзæртты хистæртæй кæй хъуыстой ирæтты ахасты сæм цы фæнд  уыд, уый.

1989 азы 23-ям ноябрь… Номхуындæй, уыцы бон райдыдта Хуссар Ирыстоны ногдæр истори. Номхуындæй, уыцы бонæй райдыдта Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæст. Уыцы бон гуырдзиæгтæ дыууæрдæм куы ратæх-батæх кодтой, уæд мах дæр иуран кæцæй бадтаиккам æмæ араст стæм нырма Театралон фæзуатмæ æмæ уый фæстæ та – ТЭК-мæ, цæмæй æнæхонгæ уазджытыл уым сæмбæлдаиккам. Тамарашенæй Театралон фæзуатмæ митинг уадзынмæ чи цыд, уыдоны уырдæм нæ бауагътой уæрæсейаг æфсæддонтæ, кæцытæ дыууæ рæнхъæй слæууыдысты фæзуаты. Уæд уыдон сæ фæндаг акодтой ТЭК-ы ‘рдæм æмæ уым баиу сты сæ тбилисаг митингаразджытимæ. Уыцы бон Цхинвалмæ æрбахизæны, хотыхджын агрессоры ныхмæ слæууыдысты  ирон лæппутæ, адæм се ‘ппæт дæр. Афтæ, нæ хæдбардзинады сæрыл тохы истори райдыдта хъæбатырдзинадæй.

1989 азы гуырдзиæгтæ Цхинвалмæ куы æрбацыдаиккой, уæд абон Хуссар Ирыстоны нал уыдаид ирæттæ. Сæ сау фæнд сæххæст кæнын сæ къухты кæй нæ бафтыд, уый уыд нæ хъæбатыр лæппуты ‘руаджы æмæ махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдонæн  хъуыды кæнæм сæ нæмттæ, абон уыдонæй нæ фарсмæ чи ис, уыдонæн та хъæуы кад кæнын. Хъуамæ рæзгæ фæлтæр зоной ахæм нысаниуæгджын бонты æмæ сын абоны сæрибардзинад чи æрхаста, уыцы лæппуты хъайтардзинæдты тыххæй. Уадз, рæзгæ фæлтæр зоной ирон адæмæн зæрдæйы фæндиаг сыхæгтæ кæй нæй, уый. Ирон адæм хъуамæ æппæт дæр саразой, цæмæй дыууæ Ирыстоны баиу уой, уымæн æмæ нацийы тых иудзинады ис.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.